Джиоты Мурӕт: Хуссар Иры арӕзты 1992 азы 29 майы ӕрцыд ӕвӕрд юридикон ӕмӕ барадон стъӕлф

Рафыссын
Хуссар Иры фыццаг ӕрсидты депутат, президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл Джиоты Мурӕт радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, 1992 азы цы уавӕрты ӕрцыд фыст хӕдбардзинады акт

Хуссар Ирыстон сабаты, 29 майы нысан кӕны Хӕдбардзинад расидыны акт райсыны бон. Хӕдбардзинад расидджытӕй иу, президенты ӕххӕстбарджын минӕвар, историк Джиоты Мурӕт йӕ интервьюйы Sputnik лӕмбынӕг ӕрӕмысыд уыцы бон.

"Нӕ цӕст куы ахӕссӕм, нӕ республикӕ куыд арӕзт цыд, цы уӕззау фӕндагыл рацыд, уӕд дзы 1992 азы 29 май ахсы стыр ахсджиаг бынат" - загъта Джиоты Мурӕт.

Ӕххӕстбарджын минӕвар куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дыууӕ азӕй фылдӕр цы паддзахад арӕзт цыд, уымӕн ӕрцыд арӕзт стыр барадон хатдзӕг уыцы бон.

Джиоты Мурӕт ма ӕрымысыд, уыцы рӕстӕджы Советон Цӕдисы автономон областы статус кӕмӕн уыд, уыдон сӕ бартыл уӕлдӕр кӕй схӕцыдысты, Хуссар Ирыстонӕн та Гуырдзыстоны къухдариуӕгад йӕ бартыл дӕлӕмӕ ӕрхӕцыд регионы онг.

Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0