Гасситы Анна: радио "Ир-FM"-ы ӕнӕмӕнг хъуыд ирон ӕвзагыл эфир

© Sputnik / Natalia Airiyan Гасситы Анна
Гасситы Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2021
Рафыссын
Паддзахадон радиостанц "Ир-FM" амонӕг Гасситы Анна радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон ӕ взагыл йӕ алӕвӕрды тыххӕй
Гасситы Анна: ирон ӕвзагыл эфир ӕнӕмӕнг хъуыд радио Ир-ФМыл

Паддзахадон радиостанц "Ир-FM"-ы ацы сезон фӕзынд ног хиирхӕфсӕн алӕвӕрд "Аннӕрдыгӕй бакаст". Амонджытӕй сӕ иу Гасситы Анна куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ирон ӕвзагыл алӕвӕрд ӕнӕмӕнг хъуыд радиостанцы.

"Не ‘мкусӕг мӕм ныффыста, иронау дӕ эфир уадзын нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Ахӕм эфир нӕ рагӕй кӕй хъуыд, уый канд ӕз не ‘мбӕрстон, фӕлӕ ӕнӕхъӕн коллектив дӕр", - радзырдта Анна.

Гассион ма куы банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ уайтагъд не ‘сразы ацы ӕнхъарӕныл, фӕлӕ ахӕм хъуыды кӕй фӕзынд, ууыл фӕцин кодта.

"Разынд дзы, цы мӕ сразӕнгард кӕна, ахӕм уавӕр дӕр ӕмӕ сразы дӕн. Цас хӕстӕгдӕр кодта уыцы рӕстӕг, афтӕ мӕ ӕцӕгӕй дӕр ӕрфӕндыд, кӕд ӕмӕ тыхстӕн, дызӕрдыг кодтон, уӕддӕр уыцы денджызы бацыдтӕн", - бафиппайдта амонӕг.

Бӕстондӕрӕй - нӕ аудиоӕрмӕ джы.

Ног хабӕртты лентӕ
0