Къуылыхты Анна: алӕвӕрд "Аннӕрдыгӕй бакаст"-ы уазджытӕ фыццаг дӕр цымыдис кӕнынц нӕхи

© Sputnik / Наталья АйриянКъуылыхты Анна
Къуылыхты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Рафыссын
Алӕвӕрд «Аннӕрдыгӕй баксаты» Къуылыхты Анна радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта куыд куысты тыххӕй
Къуылыхты Анна: нӕ алӕвӕрды уазджытӕ фыццаг дӕр цымыдис кӕнынц нӕхи

Хуссар Иры паддзахадон радиостанц Ир-FM амонӕг Къуылыхты Анна куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ сӕ алӕвӕрд "Аннæрдыгæй бакаст"-мæ цы уазджытӕ ӕрбацӕуынц, уыдон фыццаджыдӕр фæцымыдис кӕнынц сӕхи куыд гоймӕгтӕ, афтӕ. Алӕвӕрды фӕлгӕтты фӕхонынц студимӕ уазджыты ӕмӕ семӕ фæныхас кӕнынц комкоммӕ эфиры.

"Ирон ӕвзагыл эфир уадзыны хъуыды мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ не ‘мбӕрстон, куыд уыдзӕн, уый. Нӕ уазджытӕ фыццаг дӕр цымыдис кӕнынц нӕхи ӕмӕ алыхатт дӕр нӕ ныхас рауайы тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ", - радзырдта Анна.

Амонæг радзырдта, зæгъгæ, тынг цымыдисон уыд, алӕвӕрдӕн ном куы ӕвзӕрстой, уыцы хабар. Уый бафиппайдта, студийы уазджытӕм развӕлгъау фарстытӕ кӕй нӕ арвитынц, кӕд ӕмӕ хаттӕй-хатт уыдон фæдомынц уый, уӕддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0