Хъазиты Мелитон: Камал Ирыстоны историйы баззайдзæн куыд поэт, патриот æмæ лæгау лæг

© Sputnik / Фатима ПлиеваФысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон
Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Рафыссын
Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Ходы Камалы тыххæй
Хъазиты Мелитон: Ирыстоны историйы баззайдзæн куыд поэт, патриот æмæ лæгау лæг

Цæгат Ирыстоны 23 июны йæ цардæй ахицæн Ирыстоны Адæмон поэт, публицист, критик, тæлмацгæнæг Ходы Камал. Йæ коллегæ Хъазиты Мелитон куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ирон адæмы 'хсæн сызгъæрин дамгъæтæй чи ныффыста йæ ном, уыдон 'хсæн фыццæгтæй уыдис Ходы Камал.

"Ходы Камалы æз базыдтон 1970 азы, студент ма куы уыдтæн, уæд, йæхæдæг дæр нæма уыд студент, ахуыр кодта Мæскуыйы, æмæ йыл уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæ никуы бахудт", - загъта Мелитон.

Хъазиты Мелитоны ныхæстæм гæсгæ, Камал никуы хицæн кодта ирон адæмы æмæ йæ царды бæллиц уыд Ирыстоны иудзинад.

"Фысджыты цæдис дæр Камалимæ иумæ баиу кодтам, æмæ йын чи дæр загъта, зæгъгæ, иууылдæр сæ куы баиу кæнæм, уæд куыд хъуамæ уа? Уæд йын Камал дзуапп радта, уый дæр уыцы иудзинадмæ кæй бæллы", - банысан кодта Мелитон.

Фысджыты æмсæрдар бафиппайдта, Ходы Камал кæй уыд стыр лæг, æмæ Ирыстоны историйы баззайдзæн куыд поэт, патриот æмæ лæгау лæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0