Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза

© Sputnik / Natalia AiriyanДжыгкайты Бэлла
Джыгкайты Бэлла - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2021
Рафыссын
Аргъæуттæ фыссæг Джыгкайты Бэлла радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ сфæлдыстады тыххæй
Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза
Адæймаджы сабибонтæ райдайынц аргъæуттæй. Джыгкайты Бэлла куыд радзырдта уымæ гæсгæ, цæмæй аргъау ныффысса адæймаг, уый тыххæй хъуамæ уарза сывæллæтты.
"Сабитæн фыссын зындæр у, аргъæуттæ фыссæг у куыд ахуыргæнæг афтæ. Сабиты куыннæ уарзай, уæд цыфæнды профессионалæн дæр фæзын уыдзæн фыссын", - загъта Бэлла.
Джыгкайты Бэлла ма куыд загъта уымæ гæсгæ, уый фыссын райдыдта нæма скъолайы куы ахуыр кодта уæд.
"Фыстон æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аргъæуттæ дæр мын уыд, фæлæ фылдæр фыстон нывафыстытæ уарзондзинадыл", - бафиппайдта аргъæуттæ фыссæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзонгæй сфæнд кодта Мæскуйы Горькийы номыл литературон институтмæ ацæуын ахуырмæ, фæлæ йæ хæдзары бинонтæ афтæ дард нæ ауагътой.
"Уæд бацыдтæн нæхи институтмæ химико-биологон факультетмæ. Куы ахъуыды кæнын, уæд мæ ныры зонд куы уыдаит, уæд æнæмæнг ацыдаин Мæскуымæ ахуыркæнынмæ, фæлæ ацы царды хуымæтæджы ницы вæййы. Мæ аргъæуттæ фылдæр сты сырдты тыххæй, æмæ сын куыннæ зыдтаин сæ миддуне, уæд сæ нæ ныффыстаин, уымæн та мын фæахъаз биологон факультеты кæй ахуыр кодтон, уый", - банысан кодта фыссæг.
Бэлла ма бафтыдта, кæд æмæ хаттæй-хатт ныффыссы æмдзæвгæтæ дæр, уæддæр аргъæуттæ фыссын уарзы тынгдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0