Цхинвалы рацыд рæстдинон къæлиндар уникалон уазнывимæ

© Православная Церковь АланииЦхинвалы рацыд рæстдинон къæлиндар
Цхинвалы рацыд рæстдинон къæлиндар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къæлиндары центры ис Аланийы дзуарæфтыд райсыны уазныв, радон рауагъды та фæнд кæнынц сфæлындын Къостайы нывтæ æмæ йе 'мдзæвгæтæй

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Алайнаг епархийы рауагъадон советы хъæппæрисæй Хуссар Иры мыхуыры рацыд ног 2020 азы къæлиндар Аланийы дзуарæфтыд райсыны уазнывимæ, фехъусын кодтой Sputnik епархийы пресс-службæйы.

Рауагъд æрвыст æрцæудзæн æппæт дунейы уæвæг ирон диаспорæтæм.

"Къæлиндары рауагъдæй мах бамбал стæм Аланийы дзуарæфтыд райсыны бæрæгбон нысан кæнынмæ. Уымæй цыт кæнæм нæ фыдæлтæн, кæцытæ равзæрстой чырыстон дин. Къæлиндары централон бынат ахсы Аланийы дзуарæфтыд райсыны уазныв", - хъусын кæны пресс-службæ динамонæг фыд Иаковы ныхæстæ.

Уым ма радзырдтой, ног азы дæр кæй фæнд кæнынц рауæрæх кæнын къæлиндарты тематикæ.

"Радон къæлиндары уыдзæн Хетæгкаты Къостайы рæстдинон æмдзæвгæтæ æмæ йæ нывтæ, кæцытæ æвдисæн сты чырыстон динмæ йæ ахастыл. Стæй ма дзы бæрæгбæтты нæмттæ уыдзысты фыст ирон æвзагыл, сæ раивыныл кусы фыд Бæззаты Сауæрмæг", - бафтыдта фыд Иаков.

Къæлиндары фыст æрцыдысты бæрæгбæттæ æмæ комдарæнты æмгъуыдтæ. Йæ рауагъдæн баххуыс кодтой Икъаты Олег, Цоциты Ирина æмæ Цъæхилты Лаура, афтæ ма епархи бузныг зæгъы Хаситы Михаил æмæ Наталья Айриянæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0