ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Иры бамбал сты ног бӕрӕгбон - бинонты ӕмӕ уарзондзинады бонмӕ. Рӕстдинонтӕ кувынц бинонты амондӕн, аргъуанты ӕмкъайады дӕнцӕг Петр ӕмӕ Февронияйы номыл уадзын скуывдтӕ, фехъусын кодта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг Фыд Иаков.
"Ныридӕгӕн епархийы сӕйраг аргъуаны цӕуы Хуыцаумӕ скуывд Пётр ӕмӕ Февронияйы номыл. Динамонджытӕ кувынц бинонты уарзондзинад ӕмӕ хъӕрмуд царды тыххӕй", - загъта динамонӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бӕрӕгбон алы хатт дӕр ӕрхауы сӕрдыгон комдарӕнмӕ, уымӕ гӕсгӕ ацы рӕстӕджы ӕмкъайадыл нӕ аргъауынц.
"Петр ӕмӕ Феврония, кӕцытӕ иумӕ адджынӕй фӕцардысты, ссисты уарзӕгой бинонты дӕнцӕг ӕмӕ сӕ бардуӕгтӕ. Абон адӕм уӕлдай тынгдӕр фӕдзӕхсынц сӕ бинонты ӕмӕ ӕввахс адӕмы", - бафтыдта фыд Иаков.
Уарзт, бинонты ӕмӕ иузӕрдыгдзинады бон — нысан цӕуы горӕт Муромы цӕрджыты хъӕппӕрисӕй, цыран Петр ӕмӕ Феврония ссардтой се 'нусон бынат.
Петр ӕмӕ Феврония цардысты Муромы, уарзтой кӕрӕдзи сыгъдӕг уарзтӕй. Сӕ уарзондзинад адарддӕр суанг сӕ амӕлӕты онг, ӕмӕ сӕ цардӕй куы ахицӕн сты, уӕддӕр сӕ удтӕ баиу сты фӕстӕмӕ. Рӕстдинон дзуар сын кад кӕны, куыд сӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта, ахӕм сыгъдӕг удтӕн.
ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джиоты мыггаджы фонд сӕндидзын кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы кувӕндон. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта фонды разамонӕг Джиоты Дауыт.
"Xl ӕнусы кувӕндон Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы пырх кӕны. Ацы хъӕуы цардысты Джиоты мыггаг ӕмӕ банымадтам нӕ хӕсыл кувӕндон сӕндидзын кӕнын", - загъта уый.© Sputnik / Из архива Любы Джиоевой
Джиоты мыггаджы фонд, кӕцы арӕзт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны, ацы бонты ауагъта ӕмбырд Хуссар Ирыстоны дӕр. Фембӕлды нысан уыд Цхинвалы бакӕнын мыггаджы совет ӕмӕ фонды филиал.
"Ӕмбырды рӕстӕджы фидар ӕрцыд инициативон къорд, кӕцы ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документаци мыггаджы фонд срегистраци кӕнынӕн Хуссар Ирыстоны. Дзырд ма цыд иумӕйаг проекттӕ ӕмӕ акцитӕ ауадзыныл", - бафтыдта уый.
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны расткадонтӕ дыццӕджы нысан кӕнынц Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон (Доныскъӕфӕнтӕ). Бӕрӕгбонон Хуыцаумӕскуывдтӕ ацыдысты республикӕйы алкӕцы аргъуаны дӕр.
Алайнаг епархийы сӕйраг аргъуаны литургийы фӕстӕ расткадонтӕ сарӕзтой дзуарцыд Леуахийы былгӕронмӕ, цы ран донаргъуыд райстой 25 адӕймаджы. Сӕ иууыл чысылыл цыд ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕйы.
Хъӕцмӕзты Зӕринӕйӕн абон донаргъуыд райста йӕ дыууӕаздзыд фырт. Мады ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ацы райдзаст бӕрӕгбонмӕ.
"Абон стыр бон у - Хуыцау раргом кодта йӕхи. Мах ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм ацыбӕрӕгбонмӕ, цӕмӕй нӕ чысыл лӕппу райса дзуарӕфтыд ӕмӕ ныр нӕ бӕлицц сӕххӕст", - загъта Зӕринӕ.
Цӕугӕдоны был айтыгътой хъармгӕнӕн пункттӕ, ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ. Сыгъдӕг доны найджыты ӕдасдзинад та хъахъхъӕдтой УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ.
Цӕрджытӕ ма систй цӕугӕдонӕй сыгъдӕг дон дӕр, кӕцыйӕ пайда кӕндзысты ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы - иннӕ Доныскъӕфӕнтӕм.
Дысон изӕр та донаргъуыд ацыд Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы цӕугӕдоны.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕввахс рӕстӕджы ногӕй райдыдтой зӕронд коммуникацион хӕтӕлтӕ раивыны фӕдыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Республикӕйы ӕрвылаз Инвестпрограммӕйы хаххыл ивынц доны, канализацион ӕмӕ газы зӕронд хӕтӕлтӕ.
"Цхинвалы ацы аз нывӕндынц авд уынджы капиталон цалцӕг: Плехановы, Санахъоты Гришикы, Сабырады, Едысы ӕмӕ Саулохты Мухтары уынгтӕ. Афтӕ ма, сцалцӕг кӕндзысты Нарты уынджы алвӕндаг Плиты Ароны уынджы онг. Нырма раивдзысты зӕххы бын коммуникацитӕ, уый фӕстӕ та дзы сӕвӕрдзысты асфальт", - радзырдта Къацты Сослан.
Генералон нардуатон организацитӕ уыдзысты паддзахадон унитарон куыстуӕттӕ "Водоканал" ӕмӕ "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон".
Амӕйразмӕ "Водоканал"-ы хъусын кодтой, республикӕйы столицӕйы ныридӕгӕн кӕй раивтой зӕххы бын коммуникациты 70 проценты.