Уæрæсейы тобæгонд цы снюс у, уый цхинвайлаг сабитӕ ӕлхӕнынц сæрибарæй

Рафыссын
Цхинвалы базарадон пунктты сывæллæттæн сæ бон у сæрибарæй æууилгæ тамако балхæнын, кæцыйы сконды ис канцерогентæ æмæ асайы никотинон ахæстмæ.

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссарирыстойнаг фæсивæд, уый нымæцы скъоладзаутæ, активонæй пайда кæнынц æууилгæ тамакойæ, афтæ хуыйнæг снюсæй. Sputnik уацхæссæг сбæлвырд кодта, уый сæрибарæй кæй уæй кæнынц цхинвайлаг фæлхасгæнæн дуканиты.

Тæрхæгыл æй фæлхасгæнæг нæ фендзæн. Снюс чи агуры, уыдонæн æй уæйæнджытæ дарынц тæрхæджы бын. Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ, уымæ пайда кæнын нырма тобæгонд нæу. Уыимæ иумæ, сывæллæттæн снюсæй пайдакæнынад æвзæрын кæны æнæбындур циндзинад кæнæ та дзы фæсындæг вæййынц архæйдтытæ, февзæрдæр дзы вæййы æнæниздзинады уавæр æмæ æвзæрын кæны уый ногæй балхæнын монц.

Цы у снюс?

Снюс у слыстæггонд схуылыдзгонд тамако, кæцы бавæрынц уæллаг был æмæ мылыйы æхсæн 30- 60 минуты бæрц. Уыцы рæстæджы тамакойы никотин фæхæццæ вæййы организммæ. Тамакоимæ абаргæйæ, снюсы никотин фылдæр ис. Уымæй пайдакæнынад асайы ахæм низтæ, куыд сæр, бæрзæй æмæ комы фыдхъæд низтæ. Рак зынын кæнынц канцерогентæ. Снюсы та уыдонæй ис 28 хуызы бæрц, уыдон нымæцы никель, полониум-210 (радиоактивон элемент) ӕмӕ нитрозаминтæ.

Сывæллæтты уагахаст снюсæй спайда кæныны фæстæ нæ респондентты ныхæстæй

"Хистæр къласты ахуыргæнинæгтæ рагæй пайда кæнынц снюсæй, иу боны мидæг сæ бон у фондз порцийæ спайда кæнын. Арæхдæр сæм дзы фæцæуы худын уроктыл, сæхи дарынц чысыл æнæадекватонæй", — дзуры цхинвайлаг скъолатæй иуы хистæр классы ахуыргæнинаг.

Ноджы ма иу скъоладзау радзырдта йæхи тæлмæнтæ снюсæй.

"Боны дæргъы дзы æхсæз тыхтоны куы баууилай, уæд райдайы зæрдæ хæццæ кæнын, сæт мизын", — дзуры 9-æм къласы ахуыргæнинаг.

Снюсæй пайдакæнынад æнæ хъусдардæй нæ баззайы.

"Фиппайын райдыдтон, мæ хæрæфыртæн цæхгæр куыд фæивы йæ зæрдæйы уаг. Циндзинад раивы æнкъардæй. Бирæ рæстæг æрвиты къахӕвӕрӕны, цыранæй хъуысын байдайы омыны уынæр. Арæх мæ фæкуры 100 сомы. Райдыдтон æй фæлгъауын æмæ басаст, æууилгæ тамакойы тыхтонтӕй дарддæр "æвзæрæй" кæй ницы æлхæны", — дзуры Цхинвалы цæрæг Маринæ.

Sputnik ауагъта эксперимент

Цхинвалы снюс сæрибарæй балхæнæн кæй ис, уый бафидар кæныны тыххæй нæ редакци æххуысы фæдыл бахатыд 9-æм классы ахуыргæнинагмæ æмæ араст ис дуканитыл зилынмæ снюс агурынмæ. Скъоладзауимæ æдæппæт уыдыстæм æртæ дуканийы. Фыццаджыдӕр, уæйгæнæг нæ хъайтарæн нæ рауæй кодта снюс, зæгъгæ ацы прдукт 18 азы кæуыл нæма сæххæст, уыдонæн нæй уæй кæныны бар.

"Дуканийы ис цæстдарӕн камерæтæ, уымæ гæсгæ мæ бон нæу йæ ауæй кæнын", — загъта уæйгæнæг.

Фæлæ афтид къухæй нæ рахызтыстæм — уæйгæнæг уæддæр рауæй кодта дыууæ снюсы порцион тыхтоны.

Дыккаг дуканийы нæ хъуыддаг ацыд рæвдздæр. Уæйгæнæг, закъонтæм æнæкæсгæйæ, систа тæрхæджы бынæй снюсы къопп æмæ дзы радта дыууæ тыхтоны лæппумæ.

Æртыккаг дуканийы нæ эксперименты хъайтар сæрибарæй снюс куы балхæдта, уæд йæ хæдфæстæ дуканимæ бахызт 12-аздзыд сывæллон. Уæйгæнæг ын сабырæй рауæй кодта препарат. Сæ фæстæ та 25-аздзыд лæппу сæрибарæй балхæдта адджын дон æмæ снюс. Дыууæ минуты дæргъы дуканимæ æртæ адæймаг кæй бацыд снюс æлхæнынмæ, уый дзурæг у ууыл. æмæ амалиуæггæнджытæн ацы бизнес у пайдаджын, кæд æмæ тынг зынаргъ нæу (иу тыхтон 20 сомы), уæддæр.

Хуссар Ирыстоны парламент фæнд кæны рахæссын уынаффæ, цæмæй республикӕйы территорийыл ма уа бар снюс уæй кæныны бар

Афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент ӕрӕхгӕдта Хуссар Ирыстоны "Лирика" уӕй кӕныны бар

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты парламентон комитеты сæргълæууæг Козонты Алан разы у, парламент куы сфидар кæнид снюс ма уæй кæныны тыххæй закъон.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, снюс у зианхæссæг препарат. Йæ уæй кæныныл ӕрмæст тобæ бакæнын фаг нæу, хъæудзæн хъус дарын, куыд æххæст цæудзæн ацы тобæ. Закъон æххæст кæнынц æндæр органтæ. Зæгъæм, парламент ацы сæрд райста препарат "лирикæ" ма уæй кæныны фæдыл закъон, фæлæ бафыст æрцыд нырма æрæджы", — загъта Къозонты Алан.

Снюсæй пайда кæныны фæстиуджытæ

Снюс пырх кæны дæндæгтæ, зынын кæны кариес, мылыты атрофи æмæ а. д. Уымæй дарддæр ма дзы дæргъвæтин рæстæг пайдакæнынад зынын кæны мылыты, хъæлæсы, хъæлхъæлæджы æмæ ласæггаджы рак. Снюсæй пайда кæныны фæстиуджытæ сты деградаци, гоймаджы раивд, психикæимӕ проблемæтæ. Уый æмрæстæджы, снюс рекламæ кæнынц, куыд тамакойы æдас хуыз, афтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0