Цхинвайлаг Нелли Блай - Гӕбӕраты

© Гӕбӕраты Неллийы архивон къамГӕбӕраты Нелли
Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæбæраты Нелли нывисæджы дæсниадæй сарæзта хобби æмæ йӕхицӕн сӕвӕрдта нысан - Ирыстоны рӕсугъдӕй цы ис, уый ӕвдиса адӕмӕн.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Адӕмон къамисӕг — ахӕм ном радтой Цхинвалы цӕрджытӕ Гӕбӕраты Неллийӕн. Ныр ӕстӕм аз уый исы, Хуссар Ирыстоны йӕ цӕст цӕуыл схӕцы, уыдонӕн се ‘ппӕты къамтӕ дӕр.

Йӕ чысыл нывисӕнимӕ Неллийы фенӕн ис горӕты куыд сӕумӕрайсом, афтӕ талынгты дӕр. Цхинвайлаг нывисӕджы цӕстӕнгасӕй сӕ райгуырӕн зӕххыл цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдон уынынц Хуссар Иры бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ардыгӕй ацӕугӕ адӕм дӕр.

© Гӕбӕраты Неллийы архивон къамВ архиве Нелли Габараевой более 40 тысяч фотографий
В архиве Нелли Габараевой более 40 тысяч фотографий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
В архиве Нелли Габараевой более 40 тысяч фотографий

Зындгонд гоймаг Нелли Блай бацыд дунейы журналистикæйы историмæ, куыд фыццаг сылгоймаг-уацхæссæг, Гæбæраты Нелли та куыд фыццаг гоймаг, кӕцыйы объективы нӕ бахауд Цхинвалы цӕрджытӕй стӕмтӕ. Уый нывисæджы дæсниадæй сарæзта хобби æмæ йӕхицӕн сӕвӕрдта нысан — Ирыстоны рӕсугъдӕй цы ис, уый ӕвдиса адӕмӕн.

"Къамтӕ исынмӕ мӕ сразӕнгард кодта Америкæ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбæстаг Джо Местасы нывты равдыст. Йӕ куыстыты ирдӕй зындысты хæсты уæззау фæстиуджытæ: пырх хæдзæрттæ, æдзæллаг уавæртæ æмæ тарст, хæствæллад адæм. Уӕд ӕз та сфӕнд кодтон Хуссар Ирыстоны æвæрццаг цæстæнгасæй равдисын — зæрдæхæлар адæм, рæсугъд фæсивæд æмæ алæмæттаг æрдз. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтон, цы уыдтон, уыдон къамтӕ исын", — радзырдта Sputnik адӕмон нывисӕг.

Нелли кусы Цхинвалы аивӕдты лицейы ахуыргæнæгæй, ис ын бинонтӕ, хъӕбулы хъӕбултӕ, фӕлӕ йӕ уарзон хъуыддагӕн дӕр ссары рӕстӕг. Ацы хобби йӕ царды куы ӕрфысым ис, уӕдӕй рацыд авд азӕй фылдӕр. Уӕдӕй абоны онг систа мингай нывтӕ, сӕ иууыл аккагдӕртӕ ӕвӕрд цӕуыц интернеты фӕрстыл, социалон хызӕгты.

© Гӕбӕраты Неллийы архивон къамФотография Нелли Габараевой
Фотография Нелли Габараевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фотография Нелли Габараевой

Неллийы куыстыты фенӕн ис куыд республикон нысаниуӕгджын цаутӕ ӕмӕ паддзахадон бӕрӕгбӕттӕ, афтӕ чындзӕхсӕвтӕ, æрвылбонон цард, цæрджыты цӕсгӕмттӕ ӕмӕ ӕрдзы нывтӕ.

"Иу альбом мын ис æрмæстдæр цӕдты къамтӕ. Хæсты фæстæ горæт ӕнӕхъӕнӕй уыд къахт æмæ цъыфы цæдтæй уынгты ахизæн дӕр нæ уыд. Фæлæ ӕз бацархайдтон канд цъыфы ныв сисыныл нæ, фæлæ цады агуырдтон хуры, мæйы, бæласы ӕндӕрг. Стӕй ма уӕлдай тынгдӕр та уарзтон нӕ сылгоймӕгты къамтӕ исын — кӕд горӕты азмӕлӕн нӕ уыд цъыфӕй, уӕддӕр уыдон, уӕззау уӕвӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, цыдысты хӕрзкондӕй ӕмӕ бӕрзонд цӕфхӕдты", — дзуры Нелли.

© Гӕбӕраты Неллийы архивон къамГӕбӕраты Неллийы ист къам
Гӕбӕраты Неллийы ист къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕбӕраты Неллийы ист къам

Нелли йæхæдæг куыд зæгъы, афтӕмæй систа 45 мин къамы, цыран республикӕ æвдыст цæуы алыварсонæй — адӕм, цард, ӕвӕрццаг ивындзинæдтæ.

"Ирыстонмæ ныр 20 азы дæргъы чи нал ӕрӕфтыд, уыдон æнæнхъæлæджы мӕ куыстыты ӕхсӕн ссарынц сæ хæдзӕртты къамтæ, зонгæ адæмы цӕсгӕмттӕ. Сӕ цины ӕнкъарӕнтӕ мын дæттынц ног тыхтæ ӕмӕ та ацуан кæнын горӕты къуымты, ног эмоцитæ æмæ рæсугъдзинад нывисӕны руаджы парахат кæнынмӕ", — банысан кодта Нелли.

"Лови момент" — йӕ царды девиз ӕмӕ йӕ Нелли ӕххӕст кӕны ӕвӕллайгӕйӕ, уарзы æнæнхъæлæджы ист къамтæ.

"Уарзын хуыцаубоны стыр базармæ ныццæуын. Бирӕ мын ис уым ист нывтӕ дӕр. Ирон къæбицы хæринæгтæ ам сты æвидийгæ. Тынг мæ зӕрдæ барухс вæййы, дзыллон информацийы фæрæзты разæй куы фӕвӕййын ӕмӕ интернеты фыццаг куы ныммыхуыр кæнын мæ куыст", — худы йӕ мидбылты нывисӕг.

© Гӕбӕраты Неллийы архивон къамВоскресное утро на рынке
Воскресное утро на рынке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Воскресное утро на рынке

Кæд фыццаг рӕстӕджы Гӕбӕраты Неллийы архайд мидбылхудт æмæ дисӕй дарддӕр ницы ӕвзӕрын кодта, уæд ныр та хуынд цæуы уыйбæрц мадзæлттæм, æмæ сыл æххæсгæ дæр нал кæны. Йӕ къамтӕ та республикон конкурсты бацахсынц фыццаг бынæттæ.

"Иу рӕстӕджы афтыдтӕн Цхинвалы районы хъӕутӕм. Фембӕлдтӕн иу сылгоймагыл уӕззау хъысмӕтимӕ — Гуырдзыстонимӕ хӕсты рӕстӕджы фӕмард сты йӕ дыууӕ фырты. Уый бадтис йӕ кӕрты, сугты лыггӕгты раз. Ацы сылгоймаджы къам "Срубленная жизнь" республикон фотоконкурсы бацахста фыццаг бынат", — мысы йе ‘нтыстытӕ нывисӕг.

© Нелли Габараева Гӕбӕраты Неллийы къам "Срубленная жизнь"
Срубленная жизнь, автор Нелли Габараева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕбӕраты Неллийы къам "Срубленная жизнь"

Цыфæнды хъуыддагмӕ дæр зæрдиагæй куы бавналай, уæд ын вæййы бæллиццаг фæстиуджытæ. Афтæ рауад Неллийы цард дæр. Нывисыны хъуыддаг йӕ уды иунӕг цырын нӕу. Бӕллы ӕввахс фидӕны арф сахуыр кӕнын мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ саразын Равдыстыты зал.

Ног хабӕртты лентӕ
0