Налбандов Лев: таксистæн хъуамæ уа æнувыд ахаст бӕлццӕттӕм

© Sputnik / Наталья АйриянТаксистты лæууæндон Цхинвалы
Таксистты лæууæндон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрвылаздæр 22 марты дунейы нысан кæнынц таксисты бон. Ацы бон 100 азы размæ Английы уынгтыл фæзынд фыццаг такси.

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Æппæт дунейы таксисттæ дыццæджы нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Ацы бон 100 азы размæ Английы уынгтыл фæзынд фыццаг такси. Уæдæй фæстæмæ ацы лæггады хуыз апарахат æппæт дунейыл.

Цхинвалы ис бирæ таксисттæ. Sputnik уацхæссæг фембæлд сæ иуимæ ӕмæ йæ æрфарста йæ историйæ.

Налбандов Лев йæ царды алыхатт дæр таксийы шофыры куыст нæ кодта. Уый райгуырд æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны. Каст фæцис нывгæнæн ахуыргæнæндон, уый фæстæ бацыд ХИПУ-мæ. Райдыдта скъолайы кусын. Советон цæдисы ныппырхимæ æмæ гуырдзиаг агрессийы райдайæнимæ фæзын ис бинонтæ дарын, уый фæстиуæгæн райдыдта таксийы шофырæй кусын.

"Фæнды мæ ныв кæнын, портреттæ фыссын. Ахуыргæнджыты мызд бирæ нæу, æмæ цæмæй бинонты дарай, уый тыххæй дын хъуамæ уа æндæр æфтиаг дæр. Уæд аскъуыддзаг кодтон таксийы шофырæй кусын", — дзуры Лев Иваны фырт.

Таксистæй кусы 15 азмæ æввахс. Уыцы рæстæджы уый фембæлд алыгъуызон адæмыл, афтæ ма бахауд цымыдисон уавæрты дæр.

"Иухатт мæм æрбацыд иу лæппу æмæ мæм бахатыд, цæмæй йæ фæхæццæ кæнон хæдзармæ, æргомæй басаст, æхца йӕм кӕй нӕй ӕмӕ мын кӕй нæ бафиддзæн. Цæй афтæ дæр вæййы — бацыдтæн лæппуйы уавæры æмæ йæ фæхæццæ кодтон йæ хæдзармæ", — мысы Налбандов.

Хорз никуы сӕфы, зӕгъы уый. Налбандовы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзонг лӕппу йын фӕстӕдӕр дӕсывӕрӕй бафыста йӕ лӕггад.

"Иннæ хатт та иу къæвда боны фæцæйластон дыууæ сылгоймаджы Цхинвалмæ æввахс хъæумæ. Бынатмæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ машинæйӕн аскъуыд йæ цалх. Сылгоймæгтæй иу бадзырдта хæдзармæ. Рахызт йæ лæппу æмæ загъта, кæй мæ зоны. Лæппу мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, кæддæр ын æххуысмæ кæй æрцыдтæн æмæ дзы æхца кӕй нæ айстон. Бафыста мын æй дæс хатт фылдæрæй — йæхæдæг раивта цалх. Кæрæдзийæн бузныг загътам æмæ дарддæр акодтон мæ фæндаг", — радзырдта таксист.

Таксистты профессионалон бæрæгбон Налбандов нæ нысан кæндзæн. Æввахс бонты уый фæнд кæны, цы машинæйыл кусы, уый сцалцæг кæнын.

"Машинæ хъуамæ уа иттæг хорз уавæры, уымæн æмæ мах хæссæм бæрндзинад ӕрмӕст нæхи æмæ пассажирты тыххæй нӕ, фæлæ ма фистæгæй цæуджыты тыххæй дæр", — банысан кодта уый.

Йæ профессийы сæйраг зындзинæдтæй Лев Иваны фырт сæйрагыл дæр нымайы иудадзыг фынæйæ цух кæй æййафы, афтæмæй та, фæндагыл цæугæйæ, шофыр хъуамæ уа къæрцхъус. Таксисты сæйраг миниуджытыл та нымайы клиенттӕм æнувыддзинад æмæ æргомзæрдæ ахаст.

Ног хабӕртты лентӕ
0