Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

© Sputnik / Алексей Ковалев15-аздзыд шахматист Валерий Халин
15-аздзыд шахматист Валерий Халин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕугӕйӕ, ӕвзонг шахматистӕн уайтагъддӕр йӕ зӕрдӕ балхӕдтой рӕсугъд ӕрдз, хӕларзӕрдӕ ӕмгӕрттӕ ӕмӕ уӕздан чызджытӕ. Кӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ фӕиппӕрд, уӕддӕр йӕхи Хуссар Иры ӕцӕгӕлоныл нӕ нымайы.

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр курдиаты хицау 15-аздзыд лӕппу, ӕппӕтреспубликон шахматты турниры дыккаг призер Валерий Халин Хуссар Ирмӕ йӕ ныййарджытимӕ ӕрцыд дыууӕ азы размӕ Новороссийскӕй. Фыд ӕмӕ мад сты ӕфсӕддонтӕ, службӕ кӕнынц Уӕрӕсейаг цыппӕрӕм базӕйы Цхинвалы, лӕппу та ахуырмӕ бацыд скъола "Альбион"-мӕ. Скъолӕйон предметтӕй дарддӕр ма ӕвзонг лӕппу хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвдисы шахматтӕй хъазыны дӕр.

Ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны цы чемпионат ацыд шахматтӕй, уырдӕм организатортӕ ӕрбамбырд кодтой республикӕйы дӕс тыхджындӕр хъазӕджы, се ‘хсӕн уыд Валерий Халин дӕр. Уый фӕлтӕрд шахматисттӕ, спорты мастертӕ, фыццаг ӕмӕ дыккаг къӕпхӕны хъазджыты цур бацахста турниры дыккаг бынат.

"Иууылдӕр уыдысты фидар хъазджытӕ. Ӕз ӕрмӕстдӕр иу хатт фӕхӕрд дӕн, ӕмдыхӕй ахъазыдтӕн турниры уӕлахиздау Саулохты Георгий ӕмӕ ӕртыккаг бынаты хицау Гӕбӕраты Ацӕмӕзимӕ. Иннӕ хъазджыты иууылдӕр рамбылдтон. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕнцон ӕмбулӕн уыдысты — иууылдӕр уыдысты фидар шахматисттӕ", — дзуры уый.

© Къам: София ИсаакянВалерий Халин – шахматтӕй Хуссар Ирыстоны фидӕны чемпион
Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Ирыстоны фидӕны чемпион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Ирыстоны фидӕны чемпион

Ӕрыгон лӕппу фидӕны фӕнд кӕны дохтыр, науӕд та ӕфсӕддон суӕвын, шахматтӕ та хоны йӕ хобби ӕмӕ спорты ацы хуызы сӕйрагыл нымайы хъуыды кӕнын ӕмӕ ныхмӕлӕууӕджы къахдзӕфтӕ рафӕлгъауын.

"Уӕрӕсейы куы цардтӕн, уӕддӕр цыдтӕн шахматтӕм, стӕй ам дӕр бацыдтӕн скъолайы шахматты кружокмӕ. Ныр иу азы дӕргъы та мӕхицӕн ныхмӕлӕуджытӕ ссарын интернеты ӕмӕ уым исын фӕлтӕрддзинад", — зӕгъы шахматист.

Валерийы курдиат у бирӕварсон, ахӕм сывӕллӕттӕй фӕзӕгъынц — гений. Уый хъӕуы ӕрмӕстдӕр иу уысм бакӕсын 20—гай цифрӕтӕм, цӕмӕй сӕ ӕнӕрӕдыдӕй сфӕлхатт кӕна сӕ равӕрдмӕ гӕсгӕ. Ахуыргӕнджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Валера канд дӕсны шахматист нӕу, фӕлӕ ма ахуыр дӕр кӕны иттӕг хорз нысӕнттыл.

"Алы предметӕй дӕр ын ис фӕндзтӕ. Архайы олимпиадӕты уырыссаг ӕвзагӕй, математикӕйӕ, фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕй ӕмӕ дзы алыран дӕр у ӕнтыстджын", — радзырдта Sputnik скъолайы ахуыры хайады гӕс Плиты Дзерассӕ.

Валерий йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй йын, Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕугӕйӕ, йӕ зӕрдӕ уайтагъддӕр балхӕдтой рӕсугъд ӕрдз, хӕларзӕрдӕ ӕмгӕрттӕ ӕмӕ уӕздан чызджытӕ. Кӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ фӕиппӕрд, уӕддӕр йӕхи Хуссар Иры ӕцӕгӕлоныл нӕ нымайы. Ӕгӕрыстӕмӕй ма ирон ӕвзаг сахуыр кӕныныл дӕр архайы, ӕмӕ йыл кӕд нырма йӕ хъуыдытӕ радӕттын йӕ бон нӕу, уӕддӕр ӕй ӕмбаргӕ кӕны.

"Фыццаг базыдтон, фембӕлды рӕстӕджы кӕй хъӕуы зӕгъын "салам", ӕрыхснырсӕгӕн — "цӕргӕ", хорздзинад саразӕгӕн та — "бузныг". Ныр та фылдӕр бӕрцӕй бамбарын, мӕ ныхасӕмбӕлттӕ цы фӕдзурынц, уый, фӕлӕ мӕхицӕн иронау дзурын зын у нырма", — банысан кодта Халин.

© Sputnik / Михаил ХасиевВалерайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны уыны йӕхи ӕфсӕддонӕй, науӕд та дохтырӕй, шахматтӕ та кӕдфӕндыдӕр уыдзысты йӕ хобби
шахматист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Валерайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны уыны йӕхи ӕфсӕддонӕй, науӕд та дохтырӕй, шахматтӕ та кӕдфӕндыдӕр уыдзысты йӕ хобби

Лӕппуйӕ ма стыр райгонд у ӕмӕ дзы стыр ныфс ӕвӕры йӕ тренер шахматтӕй Тыбылты Ирбег дӕр. Ӕнӕгуырысхо у, ацы хъуыддаджы йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.

"Валерайы цӕттӕ кӕнын 2014 азы ноябрӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ ныл ныридӕгӕн Пушкин ӕмӕ Жуковскийы ӕмбисонд ӕркодта — ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы басаста. Турниры рӕстӕджы мын мӕхи дӕр рамбылдта. Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ радон турниры кӕй суыдзӕн республикӕйы чемпион", — дзуры тренер.

Ӕрыгон шахматист йӕхӕдӕг афтӕ ныфсхаст нӕу. Йӕ фидӕны професси дӕр нырма ӕвзӕрст нӕу. Ӕрмӕст фидарӕй зоны, йе ‘мгӕрттау ӕй юрист, науӕд та стоматолог суӕвын кӕй нӕ фӕнды. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны уыны йӕхи ӕфсӕддонӕй, науӕд та дохтырӕй, шахматтӕ та кӕдфӕндыдӕр уыдзысты йӕ хобби.

Ног хабӕртты лентӕ
0