"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

© Из личного архиваБестауты Аланӕ
Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрыгон поэт бæллы фидæны журналист суæвынмæ, æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсы йæ фыццаг чиныджы рацыдмæ æмæ Хуссар Иры æмбæстагад райсынмæ.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Литературон преми "Булæмæргъ"-ы æртыккаг къæпхæны лауреат, Бестауты Аланӕ кæд нырма ахуыр кæны фарастæм къласы, уæддæр у цалдæр престижон премийы хицау. Бынтон ӕвзонг чызг ныридӕгӕн дӕр фидарӕй зоны йæ царды нысан, Ирыстоны та кæны фысджыты фæндиаг.

Уæздан æрыгон чызг æмдзæвгæтæ фыссын райдыта фæндзæм къласы — фыццаг ныффыста æмдзæвгæ "Фæдзæхст". Йæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг рахатыд Аланӕйы курдиат æмæ йæ сразæнгард кодта фыссынмæ. Чызджы тырнынад дисы бафтыдта йæ ныййарджыты дæр — Бестауты бинонты хсæн фыссæг ничи уыд.

"Нæ бинонты хсæн фыссæг дæр æмæ сфæлдыстадон кусæг дæр нæй. Зæгъæн нæй, ӕмæ йæ мах сразæнгард кодтам ацы хъуыддагмæ. Бынтон чысылæй фæстæмæ тынг уарзы йæ мадæлон æвзаг, цымыдис кæны ирон æгъдæуттæм, царды уаг, дарæсмæ. Йæ фарстытæй-иу нæ дисы бафтауы. Хатгай телевизормæ кæсгæйæ дæр уайтагъд фæгæпп кæны æмæ фæтары вæййы йæ хатæны.Уæд æй зонæм — цыдæр та фыссы", — радзырдта Sputnik ӕрыгон поэтессӕйы фыд Вигентий.

© Sputnik / Фатима ПлитыБестауты Аланӕ
Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Аланӕ

Бестауты Аланӕ, йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй тынг уарзы Хаджеты Таймураз æмæ Хъазиты Мелитоны сфæлдыстад, бæллы журналист суæвынмæ, Ирыстонæн та йæ зæрдæ зæгъы йе ʻвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын.

"Ирон поэттæй рахицӕн кæндзæн Хаджеты Таймураз æмæ Хъазиты Мелитоны сфæлдыстад, Сергей Есенин æмæ Владимир Высоцкийы та уырыссæгтæй. Мелитон мын ме ‘сфæлдыстадон куысты у тынг æххуыс, мах арæх фембæлæм. Тынг ма уарзын ирон кинонывтæ — "Чермен", "Хохаг", — ранымадта чызг.

Аланӕ æмдзæвгæтæ фыссы мадæлон æвзагыл, фӕлӕ уырыссаг æвзагыл дæр йæ зæрдæ нæ ивы. Йӕ уацмыстӕ мыхуыр цæуынц журналтæ "Фидиуæг", "Мах дуг", "Ногдзау " æмæ æндæрты. Æввахс рæстæджы та æнхъæлмæ кæсы йæ фыццаг æмбырдгонды рацыдмæ.

"Ме ‘мдзæвгӕты æмбырдгонд рауадзынæн мын ныфс радтой ам, Цхинвалы. Уырдæм бахæсдзæн 50 æмдзæвгæйæ онг. Цæмæн хъуамæ æфсæрмы кæнон ирон æвзагыл дзурын, кæд ӕмӕ уый нæ хæзна у", — банысан кодта уый.

© Sputnik / Фатима ПлитыБестауты Аланӕйы ӕмдзӕвгӕ
Бестауты Аланӕйы ӕмдзӕвгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Аланӕйы ӕмдзӕвгӕ

Йæ кармæ æнæкӕсгæйæ, Аланӕ ныридӕгӕн у цалдæр престижон премийы хицау — "Мадæлон æвзаг — мадау адджын"-ы фыццаг лауреат, конкурс "Цыкурайы фæрдыгы" приз "Сатанайы фæдоны" хицау. Ныр ма йæ хорзæхтæм æрбафтыд ноджы иу — Цхинвалы цытджын уавæры уымæн лæвæрд æрцыд литературон преми "Булæмæргъ".

"Премийы тыххæй куы фехъуыстон, уæд фыццаг чысыл фæкъуыхцы дæн — иуæй мæ ныфс нæ хастон номдзыд фысджыты æмрæнхъ хайад исынмæ, аннæмæй та нырма Хуссар Иры æмбæстаг нæ дæн, уый та уыд конкурсы домӕнтæй иу. Фæлæ стæй куырдиат ныффыстон æмбæстагад райсынмæ, конкурсмæ дæр бавдыстон мæ куыстытæ æмæ æнæнхъæлæджы лауреатты нымæцмæ бахаудтæн", — радзырдта Аланӕ.

Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс Булæмæргъ-ы лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ

Преми дæттыны цытджын церемонийы рæстæджы Аланӕ бакаст йе ‘мдзæвгæтæй иу. ПККЗ "Чермен"-ы æрæмбырдуæвæг адæм тыхджын къухæмдзæгъдæй равдыстой сӕ ахаст æрыгон чызджы сфæлдыстадмæ.

Бестауты Аланӕйы сфæлдыстады сæйрагдæр темæ у райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Сфæлыстадон фæндагыл куыннæ слæууыдаит, уæд та, фидарæй дзуры чызг, равзӕрстаит дохтыры дæсниад.

Кæд ныр дæр Ирыстоны цæгат хайы цæры, уæддæр, гæнæн уæвгæйæ, йæ фыдæлты уæзæг нæ рох кæны — йӕ бинонтимæ арæх æрцæуы хуссармæ æмæ бабæрæг кæны сæ райгуырæн хъæу Накалак. Уым ма нысан дарынц сæ хæдзары пырхæнтæ. Ацы хъæу сæдзæрæг ис, йæ адæм та хуыздæр æмæ сабырдæр цардагур фæцыдысты. Ныр Аланӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хуссарирыстойнаг ӕмбӕстагад райсынмӕ, ӕмӕ йӕ чизоны бафӕнда фидӕны йӕ райгуырӕн хъӕумӕ ӕрӕздӕхын…

Ног хабӕртты лентӕ
0