Хъӕцмӕзты Арсен – "град"-ы бын гуырд

© Sputnik / Руслан ТадтаевХъӕцмӕзты Арсен
Хъӕцмӕзты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лӕппу райгуырд Цхинвалы 2008 азы 8 августы, Хуссар Ирыстоны адӕмы ныхмӕ агрессийы тӕмӕны.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. 2008 азы ӕстӕм августы, Цхинвалы срӕмыгъдтӕ иу уысм дӕр куыннӕ нымӕг кодтой, гуырӕн хӕдзары ныккӕнды адунемӕ фӕзынд ног цард. Арсен райгуырд растдӕр ӕмбисбон 08.08.08, Цхинвалы чи баззад, уыцы адӕм куы ӕнхъӕлдтой, зӕгъгӕ арв ныртӕккӕ ӕрхаудзӕн, уӕд. Сармадзанты срӕмыгъдтӕй та зӕхх афтӕ змӕлыд, ӕмӕ адӕм ӕнхъӕл дӕр нал уыдысты аирвӕзынӕй.

Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиаг асиныл ссыгътой цырӕгътӕ хӕсты амӕттӕгты номарынӕн

Ацы аз Арсен нысан кӕны йӕ ӕстӕм райгуырӕн бон. Sputnik фӕуазӕг Хъӕцмӕзты бинонтӕм ӕмӕ базыдта, цы лӕвармӕ бӕллы лӕппу.

Лӕппуйы мад Шоренӕ рынчындонмӕ бахауд 7 августы. Нӕ йын бантыст ӕхстыты размӕ республикӕйӕ ацӕуын. Уый мысы, сывӕллоны райгуырды размӕ бонты йӕхи афтӕ ӕвзӕр хатыд ӕмӕ гуырӕн хӕдзары бӕсты рынчындонмӕ. Фӕстӕдӕр ӕй дохтыртӕ бакодтой гуырӕн хӕдзармӕ.

"Ныккӕндмӕ иууылдӕр куы ныххызтыстӕм, уӕд цалдӕр минуты фӕстӕ цы палатӕйы хуыссыдтӕн, ууыл сӕмбӕлд "Град"-ы сармадзан. Райсомӕй мӕ бафӕлвӕрдтой Дзӕуджыхъӕумӕ "Газелыл" арвитын, фӕлӕ дзы уыд цӕфтӕ дӕр ӕмӕ мын нӕ бантыст ацӕуын. Уыимӕ иумӕ ма дохтыртӕ дзырдтой, ома гӕнӕн ис ӕмӕ сывӕллон райдайа гуырын фӕндагыл", — мысы Шоренӕ.

Сылгоймаг рынчындонмӕ куы бахауд, уӕд ма дзы баййӕфта цалдӕр ӕвгъӕддоны, фӕлӕ сӕ тыхджын ӕхстыты хӕдразмӕ бантыст арвитын. Шоренӕйы бинонтӕ цардысты Цхинвалӕй дӕрддзӕф хъӕуы ӕмӕ сын нӕ бантыст йӕ акӕнын.

© Sputnik / Руслан Тадтаев Хъӕцмӕзты Арсен
Арсен Качмазов  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕцмӕзты Арсен

Уӕды бонты хабӕрттӕй бирӕ цыдӕртӕ "схафтысты" сылгоймаджы сӕрӕй. Фӕлӕ хъуыды кӕны, гуырӕн хӕдзары ныккӕнды кӕй нӕ уыд дон ӕмӕ хӕлцы фӕстауӕрцтӕ, йемӕ ӕмӕ дохтыртимӕ ма ныккӕндмӕ кӕй балыгъдысты цалдӕр тарст гӕдытӕ ӕмӕ куыйтӕ, кӕцытӕн адӕм фӕтӕригъӕд кодтой асурын. Хорз хъуыды кӕны, дохтырты аудгӕ ахаст мад ӕмӕ сабимӕ, куыд сӕ хъахъхъӕдтой, уыдӕттӕ.

"Дыууӕ къуыри уыдтӕн рынчындоны ӕмӕ бузныг дӕн, уыцы бонты мӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыцы адӕмӕй алкӕмӕн дӕр. Алчи дӕр мӕм хорз каст, уый нымӕцы гуырӕн хӕдзары сӕйраг дохтыр Тедеты Вадим", — дзуры Шоренӕ.

Цалдӕр боны фӕстӕ Шоренӕйы бабӕрӕг кодта йе ′фсымӕр. Уый уыд фыццаг, чысыл Арсены йӕ хиуӕттӕй чи федта.

Августы хӕсты райдайӕны бон кӕй райгуырд, уый тыххӕй йын радзырдта йӕ нана. Арсен иу ӕмӕ дыууӕ хат не ′ссис уӕрӕсейаг телеканалты хъайтар.

Хуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ 2008 азы фӕмардуӕвджыты цыртытӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ 2008 азы фӕмардуӕвджыты цыртытӕм

"Цӕугӕдоны надтон мӕхи, мӕ мад мӕм куы фӕсидт. Ахъуыды кодтон, уырыссаг журналисттӕ та кӕй ӕрбацыдысты, сымах та ирӕттӕ стут", — худы сывӕллон.

Ацы аз Арсен бацӕудзӕн ӕртыккаг къласмӕ, ахуыр кӕны Терегуаны хъӕуы скъолайы, фӕлӕ йӕ сентябры ӕвӕццӕгӕн, ратдзысты Цхинвалы скъола-интернатмӕ. Мады ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕй — кусгӕ никуы кӕны, дыууӕ сывӕллон дарын та тынг зын у. Бинонтӕ цӕрынц нанайы пенсийыл. Лӕппуйы фыд трагикъон ӕгъдауӕй фӕмард ӕртӕ азы размӕ.

Арсен нӕ сусӕг кӕны, хорз кӕй нӕ ахуыр кӕны, уарзы йӕ рӕстӕг йе ′мгӕрттимӕ ӕрвитын. Уыимӕ иумӕ уарзы математикӕ, кафтытӕ. Раздӕр уый цыд дзюдойы секцимӕ, фӕлӕ сыхаг хъӕумӕ цӕуын дард уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныууагъта. Ныр та йӕ фӕнды боксмӕ цӕуын.

"Куы байрӕзон, уӕд мӕ фӕнды ОМОН-ы кусын. Кӕд мӕ нӕ айсой — уӕд та бацӕудзӕн "Спецназ"-мӕ", — дзуры уый.

Йӕ гуырӕнбонмӕ йӕ фӕнды райсын iPhone, кӕнӕ "исты планшет".

Ног хабӕртты лентӕ
0