Фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ: Хаситы бинонтӕ - ирон сценӕйӕн Хуыцауы лӕвар

© FacebookРХИ Адæмон артист Хаситы Вильгельм
РХИ Адæмон артист Хаситы Вильгельм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вильгельмæн йæ ном Ирыстоны айхъуыст куыд ӕрмӕст курдиатджын актер нæ, фæлæ ма поэтикон уацмысты автор дӕр. Сӕ фыды сфæлдыстадон фæндагыл ныллӕууыдысты Вильгельмӕн йæ цот дæр. Театралон традицитӕ бинонты хсӕн дарддӕр кӕнынц йæ фырт Сослан æмæ чызг Эмма.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны аивадӕн Хаситы бинонты Хуыцау цыма лӕвар бакодта — республикӕйы стӕм адӕймаг разындзӕн, кӕцы нӕ табу кӕны фыд ӕмӕ йӕ дыууӕ хъӕбулы сфӕлдыстадӕн.

Бинонты хистӕр, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Хаситы Вильгельм йе ‘сфæлдыстадон фæндаг сценæйыл райдыдта æрдæг æнусы размæ, уæдæй нырмæ йын Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны театрты сценæтыл бантыст сæххæст кæнын 50 ирд фæлгонцы.

© Sputnik / Плиты ФатимаКомеди "Рæстæгмæ ус"
Комеди Рæстæгмæ  ус  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Комеди "Рæстæгмæ ус"
Вильгельм театр хоны йæ дыккаг хæдзар, кӕд разы нӕу, фӕстаг рӕстӕджыты уым цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдонæй, уӕддӕр.

"Театр — æвзаг æмæ аивады кувæндон у, аргъуан у. Ныр фæцудыдтой йæ бындуртæ, хъыгагæн, абон нӕ театрæн йæ тæф дæр уый нал у. Фӕлӕ 50 аз сценæйыл, райсом дæсæй изæры дæсмæ театры куы цæрай, спектакль дæттыны рæстæджы та æхсæв 3 сахатмæ дæр — уæд уый артистæн свæййы йӕ дыккаг хæдзар", — банысан кодта Вильгельм.

Афишӕтыл адæмон артист Хаситы Вильгельмы номы фæзынд у спектаклы æнтысты стырдæр хай. Артисты номимӕ ӕнгом баст сты сценӕмӕкӕсджыты уарзондӕр спектакльтӕ — "Расыггӕнджытӕ", "Робинзонтӕ", "Шахматтӕ", "Дыууӕ усгуры", "Дӕ мады лымӕн" ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

"Ӕндæр актертау иу кæнæ аннæ фæлгонцтæм нæ бæллын, æз тырнын, режиссер мыл цы æууæнды, уыцы роль иттӕг хорз сæххæст кæнынмæ", — дзуры уый.

© FacebookХаситы Вильгельм
Хаситы Вильгельм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаситы Вильгельм

Кæстæртæ йын ахуыр кæнынц йæ фæлтæрддзинадыл, кæсджытæ та æнхъæлмæ кæсынц ног фæлгæнцтæм. Цалынмæ йæ фыццаг репликæтæ зæгъы, уæдмæ йыл æмбæлынц тыхджын къухæмдзæгъдæй æмæ æнхъæлмæ кæсынц ног хъазæнныхӕстæм.

Вильгельмæн йæ ном Ирыстоны айхъуыст куыд ӕрмӕст курдиатджын актер нæ, фæлæ ма поэтикон уацмысты автор дӕр. Йе ‘мдзæвгæтæй йын скодтой зарджытæ — "Хъæды сыфтæр", "Ирæттæ", театры сценæйыл сæвæрдтой йæ дыууæ пьесæ "Расыггæнджытæ" ӕмӕ "Дæ мады лымæн". Фæлвæрдта йæхи киноактерæй дæр.

"Рагæй мын ис стыр бæллиц — Хуссар Ирыстоны киностуди саразын, фæлæ нырма уый дæр нæ уайы…" — катай кӕны адӕмон артист.

Сӕ фыды сфæлдыстадон фæндагыл ныллӕууыдысты Вильгельмӕн йæ цот дæр. Театралон традицитӕ бинонты хсӕн дарддӕр кӕнынц йæ фырт Сослан æмæ чызг Эмма.

Эмма куы сфæнд кодта актеры дæсныйад сахуыр кӕнын Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты, уæд бинонтæм рацыд стыр загъд. Фыд йæ уарзон профессийы зындзинæдтæ хынцгæйæ йæ цотæн ахæм хъысмæт нӕ хӕлар кодта. Фӕлӕ чызг йӕхи фӕнд акодта, абон ис хуссарирыстойнаг театры труппӕйы сконды ӕмӕ, фыды ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ сæйраг фæлгонцтæ нырма сты разæй.

© FacebookХаситы Эмма (рахисырдыгæй)
Хаситы Эмма (рахисырдыгæй) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаситы Эмма (рахисырдыгæй)

Сослан та аивадмӕ йӕ фӕндаг райдыдта зарӕггӕнӕгӕй. Уый ныр 20 азы дæргъы зары ирон эстрадæйыл æмæ йæ популярондзинадæй аййæфта йæ фыды.

"Мӕн дӕр чысылӕй фӕстӕмӕ фӕндыд актер суӕвын, фӕлӕ мæ фыд афтæ цæхгæр куы рацыд Эммайы фæнды ныхмæ, уæдæй фæстæмæ ской кæнын дæр нал уæндыдтæн. Фæлæ ӕдзухдӕр цардтæн сфæлдыстадон дунейы. Мӕ фыццаг сценæ та уыд Цъунары быдыр", — мысы Сослан.

Сæрды улæфтытæ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппу æрвыста Къостайы хъæуы йæ нана Дунямæ.

"Хъӕуы уынгты-иу мæргъты цъыбар-цъыбурмæ мæхæдæг дæр ныззарыдтæн. Иухатт мæ хъæуы клубы хицау фехъуыста æмæ уый хыгъд фыццаг сценӕмӕ рахызтæн уыцы клубы. Стӕй-иу нӕм горӕты дӕр арæх уыдысты уазӕгуаты адæмон артист Ӕлборты Инал æмæ æндæр номдзыд зарæггæнджытæ. Æмæ-иу уыдон æндæвдадæй хаттæй-хатт урокыл дæр ныццæлхъ кодтон", — радзырдта Сослан.

Сослан у бирæнымæц бынæттон æмæ æхсæнадæмон фестивальты уæлахиздзау. Йæ зарджытæ "Хонгæ", "Мæ фыд", "Зæронд лæг" ссисты хиттæ. Уыд "Симд"-ы хоры, уый фæстæ та эстрадон къорд "Звездный Юг"-ы сконды.

Ӕдыппӕт ын ис 15 зарæджы бæрц, фӕлӕ фæстаг рæстæджы фылдæр йæ рæстæгæн æрхицау административон куыст — Сослан разамынад дæтты Цхинвалы культурæ, спорт æмæ фæсивæдон политикæйы хайадæн.

Фӕстаг рӕстӕджы Сосланӕн бантыст йӕ сабион бӕллиц сӕххӕст кӕнын дӕр — уый йæ фыдимæ иу сценæйыл ахъазыд дыууæ спектаклы ӕмӕ ацы фадыджы дӕр ссардта йӕхи табугӕнджыты.

© FacebookХаситы Сослан
Хаситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хаситы Сослан
© FacebookХаситы Сослан
Хаситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Хаситы Сослан
© Sputnik / Михаил ХасиевХаситы Сослан
Хаситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Хаситы Сослан
1/3
Хаситы Сослан
2/3
Хаситы Сослан
3/3
Хаситы Сослан

Зарæггæгæнæг æмæ сгуыхт артист Хаситы Сослан ма цӕсгомджынӕй сӕххӕст кодта йе ‘мбӕстагон хӕс дӕр ӕмӕ 2008 азы хæсты фæстæ хорзæхджын æрцыд "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы" майданæй.

"Танктæ нæ пырх кодтон, хæст дæр æз не ʻрурæдтон. Мæ тыхы цы уыд, уый архайдтон. Фæлæ мæхицæй бузныг дæн, Ирыстонæй тыхст рæстæджы мæхи кæй нæ бааууон кодтон, ныхкъуырд нæ хатын мӕ адæмы раз мæхи. Ӕвдисæн уыдтæн ирон лæппуты хъæбатырдзинæдтæн, кæцытæ 8-10 августы удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Бинонты традици нӕ адарддӕр кодта ӕрмӕстдӕр Вильгельмӕн йӕ аннӕ чызг Дзерассӕ, уый худгӕйӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, иу бинонтӕн ӕртӕ артисты фаг у, иу та сӕ "хъуамӕ серьезон уа".

Ног хабӕртты лентӕ
0