Цъунары цад - Тедеты Тамазы æрымысгæ дзæнæт

© Sputnik / Фатима ПлиеваУлæфæн зонæ "Шад"
Улæфæн зонæ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тедеты Тамаз йæ ʻввахс адæмимæ фæнд кæны Цъунары цадæй Хуссар Ирыстоны улæфæн индустрийы центр скæнын. Ам уал æвæрд æрцыдысты сæрдыгон мæнгагъуысттæ, цæуы ресторан æмæ уырыссаг абанайы арæзтад. Тамаз бæллы ацы бынатæй саразын дзæнæт

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы — Знауыр æмæ Цхинвалы районты астæу Цъунары цады цур Тедеты бинонтæ бындур æрæвæрдтой сæ улæфæн комплекс "Шад"-æн.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУлæфæн зонæ "Шад"
Крестьянско-фермерское хозяйство Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улæфæн зонæ "Шад"

Сæрдыгон ацы бынат у дзæнæттаг, цады доны уазал суры æнтæф, кæсагахсджытæ æрхъула кæнынц хуыдымыл. Уалдзӕг ӕмӕ фӕззӕджы ам æрбынат кæнынц алыгъуызон мæргътæ,. Цады был æнæуый дæр уыд цæрджыты уарзондæр бынæттæй иу. Ныр ма дзы алы уавæртæ арæзт куы æрцæуа, уæд дзы улæфджыты нымæц кæндзæн фылдæрæй фылдæр, нымайы комплекс "Шад"-ы хистæр Тедеты Тамаз.

"Ӕз схъомыл дæн Аунеуы хъæуы æмæ иу советон дуджы ардæм æркодтой цалдæргай автобустыл туристты. Бæлццæтты-иу дисы æфтыдта ацы бынаты рæсугъддзинад. Ӕз та йæ хъавын ноджы рæсугъддæр скæнын", — ныфс дæтты Тедеты Тамаз.

Улæфæн зонæ у нырма æрдæгарæзт, фæлæ куыст ис йæ цырыны. Ӕртæ мæнгагъуысты уал ис донбылгæрæтты, Куысджытæ йæм нæй, фæллой кæнынц æрмæст бинонтæй — Тамазæн æххуыс кæнынц йæ фыд æмæ йе 'фсымæртæ.

"Хъуыддаг цадæггай рæзы. Адæм ныридæгæн дæр цымыдис кæнынц нæ улæфæндонмæ — ивгъуыд къуыри нæм уыд чындзæхсæв", — дзуры Тамаз.

© Sputnik / Фатима ПлиеваКрестьянско-фермерское хозяйство "Шад"-ы хицау Тедеты Тамаз
Крестьянско-фермерское хозяйство Шад-ы хицау Тедеты Тамаз - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Крестьянско-фермерское хозяйство "Шад"-ы хицау Тедеты Тамаз
© Sputnik / Фатима ПлиеваУлæфæн зонæ "Шад"
Улæфæн зонæ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Улæфæн зонæ "Шад"
© Sputnik / Фатима ПлиеваУлæфæн зонæ "Шад"
Улæфæн зонæ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Улæфæн зонæ "Шад"
© Sputnik / Плиты ФатимаУлæфæн зонæ "Шад"
Улæфæн зонæ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Улæфæн зонæ "Шад"
1/4
Крестьянско-фермерское хозяйство "Шад"-ы хицау Тедеты Тамаз
2/4
Улæфæн зонæ "Шад"
3/4
Улæфæн зонæ "Шад"
4/4
Улæфæн зонæ "Шад"

Йæ фæндмæ гæсгæ, цады 1,400 метры дæргъæн былгæрæттæ хъуамæ иууылдæр арцахсой алыгъуызон арæзтæдтæ. Ныр дæр дзы ис сабиты фæзуат, фæстæдæр ма йæ баххæст кæндзысты спортивон фæзуатæй. Арæзт цæуынц сæрдыгон къæбиц æмæ чысыл рæсторан дæр. Бардарджытæ фæнд кæнынц ам тобæ сæвæрын карзт нозтыл.

"Ам уыдзæн ирон къæбицы равзаргæ хæринæгтæ. Нозтæй нæм иууыл карздæр ис бæгæны. Адæмы хъæуы ахуыр кæнын хорз рæстæг æрвитын æрвонгæй, æрдзы хъæбысы æнæмæнг нæу фыднозт кæнын. Нæ бауадздзæн мæ уагдоны бырон кæнын дæр æмæ фыднозт дæр", — дзуры Тамаз.

Цъунары цады былыл улæфæн зонæ кæд бакодтой ацы аз æмæ дзы аразинæгтæ нырма бирæ ис, уæддæр Тедеты Тамаз йемыдзаг у оптимизмæй. "Шад", йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ суа æрвылсезонон улæфæн бынат.

"Афæдзы алы афоны дæр ам уыдзæн улæфынæн хорз фадæттæ. Фæззæг æмæ уалдзæджы ам вæййы диссаджы рæсугъд маргъ. Фæнды мæ æмбæлон структурæты æххуысæй тобæ сæвæрын сæ марыныл. Хърихъуппытæ, пеликантæ æмæ æндæр рæсугъд мæргъты фæцæгъдынц, аннæтæ та цуанонты тасæй сæ сæр фесафынц. Маргъы хъæуы æрцахуыр кæнын æмæ сæм зилын", — зæгъы Тамаз.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУлæфæн зонæ "Шад"
Крестьянско-фермерское хозяйство Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улæфæн зонæ "Шад"
Цад горæтмæ бынтон хæстæг кæу у, уымæ гæсгæ у уæлдай популярон. Ардæм Цхинвалæй велосипедтыл дæр суайынц. Мæнгагъуыст райсыны аргъ дæр "Шад"-ы лæууы къаддæр. Зымæджы та фысымты фæнды бакæнын уырыссаг абана.

"Абанайы арæзтадæн дæр æрæвæрдтам бындур, ам уыдзæн уырыссаг сау абана, стæй ма бассейн дæр", — дзуры йæ плæнттыл нæлгоймаг.

Æмрæстæджы цæуы рестораны арæзтад дæр. Бæстыхай амайынц бынæттон дур æмæ хъæдырмæгæй, хицæуттæн алцыдæр цæуы сæхи къухæй — æртæкъахыг ирон фынг, бандæттæ, рухсгæнæнтæ æмæ æндæр æрмæджытæ уал баххæст кодтой сæ къæбицы мигæнæн.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУлæфæн зонæ "Шад"
Крестьянско-фермерское хозяйство Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улæфæн зонæ "Шад"

"Япойнаг технологимæ гæсгæ хъæдырмæг басудзын æмæ уымæй аразын систæ, уый лакæй цæуы уындджындæр. Дур дæр у бынæттон. Ныр ма нын йæ астъæрд у аразинаг, фæлæ хъуамæ уый дæр рацæуа рæсугъд", — ныфс æвæры амалиуæггæнæг.

Цады дон быронæй ссыгъдæг кодтой, ауагътой дзы кæсаг. Ӕрвгъуыз хуыдымы тезгъо кæнынц катамарантæ.

Арендатор ацы бынат райста 2030 азмæ æмæ дзы хъавы дзæнæттаг бынат саразын.

Ног хабӕртты лентӕ
0