1 сентябрь: кӕмӕн бӕрӕгбон кӕмӕн та сӕрниз

© Sputnik / Наталья АйриянСемья Биченовых
Семья Биченовых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонындзинæдты бонмæ сабитæн дарæс, чингуытæ ахуыргæнæн æрмæг балхæныны уаргъ быныстъæрд сæвæры бинонты бюджетыл. Йæ хæрдзтыл чи не "ххæсы, уыдоныл та ацы проблемӕ ӕндавы уӕззау уаргъау. Sputnik бафæлвæрдта базонын, куыд скъуыддзаг кæнынц ацы проблемӕ бирæсывæллонджын бинонтæ

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕвзонг бинонтӕ Быценты Олег ӕмӕ Мӕргъиты Инна хъомыл кæнынц фондз сывӕллоны – цыппар фырты ӕмӕ иу чызджы. Лӕппутӕ цыппар дӕр сты скъолайы кары, 1 сентябрьмӕ сӕ хъӕуы сцӕттӕ кӕнын ӕмӕ ныййарджыты уӕхсджытыл ацы хӕрдзтӕ ӕнцайынц уӕззау уаргъау.

Ног ахуыры азы къæсæрыл ныййарджытæ ӕзфӕраздӕронӕй ныннæмынц дарæсы дуканиты къæсæртæ. Сабиты зонындзинæдты боныл аккагæй сымбæлын кæнын фӕнды алы ныййарӕджы дӕр, уымӕй пайда кӕнынц дуканиты хицӕуттӕ дӕр – фыццӕгӕм сентябрьмӕ ӕргътӕ зынгӕбӕрцӕй фӕфылдӕр вӕййынц. Астæуккаг нымадӕй иу сывæллоны 1 сентябрьмæ скæнын æмæ бацæттæ кæнын лæууы 20 минæй фылдæр. Ӕмӕ ма иу кӕнӕ дыууӕ сывӕллон кӕд ӕнцондӕр бацӕттӕ кӕнӕн у, уӕд Иннайӕн та цыппар сывӕллоны скъоламӕ, иу та сабидонмӕ срӕвдз кӕнын у ӕцӕг проблемӕ.

"Сæ фыд Олег æхсæвæй-бонæй кæны кусгæ, ӕз дӕр кусын, фæлæ уæддæр æнæ ӕххуысæй фондз сывæллон хъомыл кæнын зын у. Хӕс райстон ӕмӕ ацыдтӕн Горячеводскы базармӕ, зӕгъын, чизоны уым ӕргътӕ асламдӕр уой. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ сывӕллӕттӕ баззадысты ӕрдӕг кондӕй. Костюмтӕ дзы балхӕдтон ӕрмӕстдӕр дыууӕйӕн. Ме 'хца иууылдӕр ацыд лыстӕг дзаумӕттыл", — катай кӕны Инна.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБыценты бинонты кæстæр сывæллæттæ
Семья Биченовых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Быценты бинонты кæстæр сывæллæттæ

Бинонтæ сæ фондз сывæллонимæ — Игорь, Юра, Даниель, Андрей æмæ чысыл Анна цæрынц Цхинвалы Мæскуыйы уынгыл. Дыууæ хистæр лæппуйы сæхи фæлварынц дзюдойы, иу дзы цымыдис кæны музыкӕмæ, ныййарджытæ та гæнæн уæвгæйæ архайынц уавæртæ скæнын сæ зæнæгæн.

"Тынг хорз бинонтӕ сты, сывӕллӕттӕм афтӕ хорз æркаст ис – бирӕ ныййарджытӕн бафӕзминаг. Иу саби кæм ис, уыдон дӕр афтæ хæрзконд нæ вæййынц. Фӕлӕ уӕддӕр лӕппутӕ сты, кӕм галиу митӕ акӕнынц, аскъуынынц сӕ дзаумӕттӕ дӕр, уымæ гæсгæ сын алы аз хъæуы ногтæ æлхæнын. Фæлæ æххуыс бынтон никуыцæй исынц. Нӕдӕр хицауадӕй, нӕдӕр искӕцы профилон комитетӕй. Афтæ бирæ нæм нæй фондзсывæллонджын бинонтæ æмæ сæм гыццыл истæмæй фæкæсы диссаг уаит", — радзырдта бинонты сыхаг чызг Дина.

Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй ахӕм бинонтӕн аз иу хатты вæййы æххуыс, Иннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фæстаг æртæ азы уыцы æххуыс уый дæр райсы. Фæлæ ма уымæй дарддæр кæддæрты (исты бæрæгбæттæм) аххуыс кæнынц бирæсывæллонджын кæнæ æххуысхъуаг бинонтæн, æрмæст та уырдыгӕй дæр Иннамæ ницы ӕрхаудта.

"Фыццаг номхыгъдты уыдыстæм, фæлæ стæй хыгъдон номхыгъдæй фæтары стæм. Стæй худинаг кæнын исты æххуыс домын хицауадæй, мæ сывæллæттæ сты мæ сæ дарын дæр нæхи бæрны хъуамæ уа", — дзуры ӕвзонг мад.

Быценты сабитæ
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Быценты сабитæ

Хуссар Ирыстоны стæм сты хæрзаудæн организацитæ, чи дзы ис, уыдонæн дæр сæ фадæттæ сты къуындæг. Æхсæнадон организаци "Бирæсывæллонджын бинонты цæдис"-ы сæрдар Тедеты Нонна хорз зонгæ у ацы бинонты уавæримæ æмæ ныфс дæтты ног ахуыры азмæ сæ æнæхъусдард кæй нæ ныууадзæн.

"Ног ахуыры азмæ цалдæр бинонтæн баххуыс кæндзыстæм, нæ фæрæзтæ куыд аххæссой, афтæ. Фæлæ ацы номхыгъды æнæмæнг бахаудзысты Быценты–Мæргъиты бинонтæ. Уыдон номхыгъды сты фыццæгтæ", — загъта Sputnik Тедеты Нонна.

Бирæсывæллонджын бинонтæн æрвылазон æххуысӕй ныфс дæттынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады дӕр.

"Ахуыры азмæ алы бирæсывæллонджын бинонтæн баххуысы фадæттæ министрадæн нæй, фæлæ сæм æрвылазон æххуыс æмбæлы. 2017 азы æрвылазон æххуыс райстой 277 бинонтæ. Ацы бинонтæ дæр та рохуаты нæ баззайдзысты", — загъта уагдоны пресс-секретарь Битеты Ирина.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБыценты бинонтæ
Семья Биченовых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Быценты бинонтæ

Ныфс ӕвӕрын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз у, фӕлӕ ног ахуыры азмӕ дыууӕ бонӕй фылдӕр нал ис. Ӕмӕ та ныфсытӕ ныфсытӕй куыннӕ баззаиккой…

Ног хабӕртты лентӕ
0