Октябры уынджы цæрджытæ рацыдысты гималайаг кедртæ ракалыны ныхмæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваОктябры уынг
Октябры уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Октябры уынджы фидыцтæ - сæдæйæ фылдæр гималайаг кедртæн сæ уидæгтæ, бирæты хъуыдымæ гæсгæ, сты хъыгдард æмæ сын тас у рафæлдæхынæй, фæлæ цæрджытæ ацы хъуыдыимæ разы не ʻсты

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Октябры уынджы цæрджыты иу хай растад сæ уынгыл гималайаг кедрты ракалыны ныхмæ. Уынгыл æрæджы рацыдысты мэрияйы службæты кусджытæ æмæ сыл сæвæрдтой цавæрдæр нысæнттæ, цæрджыты та тас бацыд, æнæфæрсгæйæ сын сæ куы ракалой.

Дерево упало на машину - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл

Октябры уынг нымад цæуы Цхинвалы рæсугъддæр уынгтæй иуыл. 1,7 километры дӕргъӕн уынгӕн йæ астӕу арæзт ӕрцыд парчы зонӕ. Дæргъæй-дæргъмæ йыл зайы сæдæйæ фылдæр гималайаг кедры, сусхъæдтæ æмæ тæгæр бæлæстæ.

Уынджы фидыцтæн — гималайаг кедртæн сæрды æнтæфы æмæ рог къæвдайы сæ аууонмæ æрбамбырд вæййынц адæм, изæрыгон та цхинвайлæгтæн ацы уынг у тезгъойы сæйраг бынат.

Ацы кедрты ракалыныл æхсæнады дзырд цæуы ныр цалдæр азы. Иуты хъуыдымæ гæсгæ, дæлзæххон коммуникацитæ ивыны рæстæджы, бæлæстæн хъыгдард æрцыдысты сæ уидæгтæ æмæ иу цалдæр азмæ бар-æнæбары бахус уыдзысты. Октябры уынджы иу къорд цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ та сæ кедртæй калинаг никæцы ис.

"Ам коммуникацитæ куы ивтой, уæд сæм нæ хъус дардтам, канализацийы люктæ дæр сын ахæм бынæттæм рахæссын кодтам, цæмæй бæлæсты уидæгтæ ма бахъыгдард уой. Номыртæ цы 17 бæласыл сæвæрдтой, уыдонæй калинаг ничи у", — дзуры уынджы цæрæг Хаситы Роман.

Уынгыл бæлæстæ цы рæтты нал ис, уым Роман йæхæдæг ныссагъта гималайаг кедры талатæ æмæ сæм æппынæдзух зилы. Уый фидарæй дзуры, ацы бæлæстæй рахауыны тас кæй никæцыйæн у, уыдон æрмæстдæр хъæуы фæцыбыр кæнын.

"Кæд афтæ тынг тæрсынц сæ рафæлдæхынæй, уæд сын сæ цъуппытæ хъæуы балыг кæнын æмæ сæ быны ныссадзын ногтæ. Цалынмæ тала рæза, уæдмæ зæронд бæлас аууон дардзæн æмæ уæлдæф сыгъдæг кæндзæн. Уæртæ æрæджы Абхазы тыхдымгæйы фæстиуæгæн рафæлдæхтысты бæлæстæ, уыдон дæр низджын уыдысты? Кæддæр цыдæр вæййы, уый тыххæй сæ ныр ралыг кæнæм иууылдæр?", — бахахх кодта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваОктябры уынг
Улица Октябрьская - Sputnik Хуссар Ирыстон
Октябры уынг

Хаститы Романы хъуыдыйыл разы у йæ сыхаг Хуыбылты Инал дæр, уый коммуникацитæ ивыны рæстæджы бæлæсты донхæр кодта, цæмæй сæ арæзтадон куыстыты æппæрццаг æндæвдадæй бахиза.

"Иу быныл 500-700 литры бахъæуы кæнын æмæ-иу сæм раздæр къухæй фæхастон дон. Еныр та балхæдтон шланг æмæ сæм бауадзын дон. Ам калинаг бæлас нæй. Уæлæ дидин калынц. Кæд сæ специалисттæ банымайой тæссагыл, уæд сæ фæцыбыр кæнæт, фæлæ сæ бынтон ракалын нæ бауадздзыстæм", — дзуры Инал.

Сыхæгты ныхæстæм гæсгæ, æрæджы уынджы цæрджытæй иуы куырдиатмæ гæсгæ ракалдтой иу бæлас, фæлæ йæ бындзæфхадæй куыд бæрæг у, афтæмæй бынтондæр низджын нæ уыд æмæ йын рафæлдæхынæй дæр тас нæ уыд.

Горæты администрацийы хæрзарæзтады управленийы декоратор Къæбысты Зауыр дæр у бæлæстæ ракалыны хъуыдыйы ныхмæ.

"Калинаг кæй сты, ууыл рагæй дзурынц, фæлæ ма сæм бакæсут — сыфтæр кæнынц. Уыдон арæзтадон куыстыты фæстæ сæндидзыдтой фæстæмæ, сфидар сты сæ уидæгтæ. Чи хус кæны, удонæн та сæ сæртæ хъæуы балыг кæнын æмæ ма иу 10 азы дæр сæ хуызæй цæст райдзæн", — загъта уый.

Цхинвалы зæлдфæлындæн управленийы Sputnik ныфс радтой, Октябры уынджы гималайаг кедрты хъысмæт скъуыддзаг кæй цæудзæн ацы къуырийы кæрон сæрмагонд къамисы рабадты æмæ бацархайдзысты бæлæсты бавæрыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0