Бамбæхсут! Чызджытæ-боксертæ

© Sputnik / Наталья АйриянЧызджыты бокс
Чызджыты бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт чызджыты бокс фæзынд 2016 азы æмæ нырма кæны фыццаг къахдзæфтæ. Кæд сылгоймæгтæн хицæн секци нæй, уæддæр авд чызджы лæппуты æмрæнхъ нæдæр ныхмæлæууæджы уæззау цæфæй тæрсынц, нæдæр цæсты бын цъæхтæй

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры иууыл æрыгондæр спорт у чызджыты бокс. Ӕгас республикæйы нырма сты авдæй, уыдоны хсæн иу афæдз цæттæйы фæстæ разынд фыццаг стъалытæ. Тренерты уырны, Джиголаты Инна, Уалыты Алана æмæ Гаглойты Аланайы кады ном Ирыстонмæ кæй æрыхъуысдзæн дунейон турниртæй

Фыццæгтæ Хуссар Иры

Æрвылизæр æхсæз сахатыл спорты галуан "Олимп"-ы райдайынц æрыгон боксертæн тренировкæтæ. 30 лæппуйы ʻхсæн змæлынц, фæстæ ницæмæй лæугæйæ, чызджытæ дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксертæ сæ тренертимæ
Женский бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксертæ сæ тренертимæ

 

Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт чызджыты бокс фæзынд 2016 азы æмæ нырма кæны фыццаг къахдзæфтæ. Кæд сылгоймæгтæн хицæн секци нæй, уæддæр лæппуты ʻхсæн ацы спорты фæзындысты фыццаг авд чызджы. Уыдоныл æнцой кæны Хуссар Иры чызджыты бокс. Чызджыты лæппутимæ иумæ цæттæ кæнынц тренертæ Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ Цоциты Эдгар.

Къæсхуыр, æфсæрмгæнаг, даргъдзыккуджын рæсугъд чызджытæм фыццаг бакастæй зынрахатæн у, цы сæ ныххæцын кодта ацы тызмæг спортыл.

"Ивгъуыд азы спорты галуаны къæсæрæй боксы фæдыл бахызтысты фыццаг чызджытæ. Мах дæр бирæ уынаффæты фæстæ нæхимæ райстам чызджыты цæттæ кæныны бæрн æмæ фæлварæн разынд æнтыстджын. Цалдæр мæймæ къордæй рахицæн сты фыццаг стъалытæ", — загъта сæ тренертæй иу Гæбæраты Гамлет.

Ирыстоны сын нырма сӕ ном фехъусдзысты

Тренертæ æвæрынц стыр ныфсытæ сæ чызг-хъомылгæнинæгтæй. Фидарæй сæ уырны, Джиголаты Инна, Уалыты Аланæ æмæ Гаглойты Аланæйæ нæмттæ нырма кæй райхъуысдзысты Ирыстоны.

"Гаглойты Аланæ не ʻстыр ныфс у. Уникалон чызг у, уым æмиуад кæнынц курдиат æмæ куыстуарзт. Ацы дыууæ миниуæджы дзы æнæмæнг сараздзысты уæлахиздзау. 6 мæйы фæстæ йæ акодтам турнирмæ æмæ дзы йæхицæй бирæ уæззаудæр æмæ фидардæр чызджы ныддæрæн кодта. Нæхæдæг дæр ыл фæдис стæм. Цас йæ ныхмæлæууæг фидардæр вæййы, уый бæрц тынгдæр фæтырны уæлахизмæ. Уырны мӕ, Ирыстоны йын ныма йӕ ном фӕхъусдзысты", — дзуры чызджы тренер Хаситы Владислав.

© Sputnik / Наталья АйриянЧызджыты бокс
Женский бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чызджыты бокс

 

15–аздзыд чызг фидарæй сбаста боксимæ йæ фидæн. 10-æм къласы ахуыргæнгæйæ йе 'мгæрттау фидæны професси не ʻвзары, нæй йын кумиртæ боксы дæр. Фæнды йæ фæзминаг суæвын иннæ æвзонг чызджытæн.

"Мæхи æнкъарын амондджын, мæ бæллиц кæй сæххæст æмæ боксы секцимæ кæй æрбафтыдтæн. Ныр аннæ аразинӕгтӕ дæр мæхи куыст æмæ тренеры æххуысы фæрцы кæд мæ къухы бафтиккой. Уæрæсейы æмбæстагад райсдзынæн æмæ æрбалæугæ азæй райдайдзæн тох кæнын уæрæсейаг турнирты", — дзуры йæ фидæны плæнттыл чызг.

Аланæ йæ бæллицмæ фæндагыл фӕллад нӕ зоны — алы бон дæр дыууæ сахаты дæргъы тренировкæ фагыл нæ нымайы æмæ ма сæумæрайсом ацæуы лидзынмæ дæр.

"Ноджы нæм ис хорз чызджытæ, уыдоны дæр хицæн кæны куыстуарзондзинад. Чидæртæ сæ нырма кæронмæ нæ райхæлдысты, фæлæ семæ кусæм æмæ йæ рæстæг равдисдзæн, суыдзысты аккаг боксертæ æви нæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм тренер Хаситы Владислав.

© Sputnik / Наталья АйриянЧызджыты бокс
Чызджыты бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Чызджыты бокс
© Sputnik / Наталья АйриянЖенский бокс
Женский бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Женский бокс
© Sputnik / Наталья АйриянЖенский бокс
Женский бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Женский бокс
© Sputnik / Наталья АйриянЧызджыты бокс
Чызджыты бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Чызджыты бокс
1/4
Чызджыты бокс
2/4
Женский бокс
3/4
Женский бокс
4/4
Чызджыты бокс

Ныр дæр та тренировкæты 30 фæлтæрд лæппуйы ʻхсæн чызджытæ хатынц сæхи сæрибарæй æмæ уыдон æмрæнхъ нæдæр ныхмæлæууæджы уæззау цæфæй тæрсынц, нæдæр цæсты бын цъæхтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0