Гуырӕн хӕдзар, Плиты Мэлс ӕмӕ ногдзинӕдтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянМэлс Плиев
Мэлс Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Гуырæн хæдзар арæзт æрцыд 1955 азы. Уæдæй нырмæ ивы рæстæг, домæнтæ медицинæйы къабазы, ӕрмӕст Хуссар Ирмæ ногдзинæдтæ цæуынц цадæггай

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Гуырæн хæдзары иууыл зындгонддæр дохтыр Плиты Мэлс йæ куысты уæлхъус ис ныр 45 азы дæргъы. Уæззау, фæлæ æнтыстджын операциты нымæцæн кæрон нал ис, бузныг пациенттæ сæ фембæлды фæстæ фæмысынц дохтыры фæлмæн æмæ æнувыд ахаст, йæхæдæг та æнæрхъæцæй ӕнхъӕлмӕ кæсы медицинӕйы къабазы ногдзинæдтæм.

Хуыцауæй лæваргонд дохтыр

Плиты Мэлс ныридæгæн æххæст кæны Гуырӕн хӕдзары сæйраг дохтыры хæстӕ, фӕлӕ йæ адӕм зонынц куыд иттӕг хорз гинеколог. Рынчынты ӕввахс адӕм ӕй фӕагурынц куыд сыгъзӕрин къухты хицауы, коллегæтӕ хъусынц йӕ уынӕффӕтӕм, йӕхӕдӕг та тырны царды райдайæны хæдзары æппæт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавæртæ фенынмӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Мэлс
Мэлс Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Мэлс

Йе 'мкусӕг, дохтыр-гинеколог Чилæхсаты Эдуардимæ уыдон зонгæ сты суанг ахуыры рæстæгӕй. Дыууæ медик дæр ахуыр кодтой иу медиционон ахуыргæнæндоны, стæй сæ хъысмæт фæдих кодта — сӕ иу афтыд Ульяновскмæ, аннæ та Пензамæ. Фæлæ та фӕстӕдӕр ногæй фембæлдысты сæ райгуырæн бæстæйы. Эдуард йе ʻмгары нымайы Гуырæн хæдзары сӕйраг цæджындзыл.

"Мэлс у хорз адæймаг æмæ Хуыцауæй лæваргонд специалист. Нæй йын зонадон куыстытæ, фæлæ йæ хъуыддаджы профессоры хуызæн архайы. Кæцыфæнды операци дæр аразы рог æмæ æнцонæй. Йæ бон куыд у, афтæ лæггад кæны йæ адæмæн", — дзуры йӕ коллегӕ.

Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, номдзыд дохтыр кæд йæ ахадындзинад æмбары, уæддæр йæхицæй никуы сбуц вæййы.

© Sputnik / Наталья АйриянГуырæн хæдзар
Мэлс Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырæн хæдзар

"Нæ куыст ахæм у, æмæ дзы стыр нысаниуæг ис рæстæгæн – мах дыууæ удимæ архайæм, сылгоймаг æмæ йæ сывæллонимӕ. Рæстæгыл йæ цуры куынæ уай, уæд уый гæнæн ис ӕмӕ æркæна бæллæх фæстиуджытæм. Мэлс никуы фӕзивӕг кӕны, æрызгъоры æхсæвы дӕр, стӕй æнафоны фæстæмæ дӕр къахæй ацæуы, никæй батыхсын кæны. Мэлс у нæ хуыздæр специалист – уый тыххæй дæснымæ цæуын нæ хъæуы", — банысан кодта Чилæхсаты Эдуард.

© Sputnik / Наталья АйриянЧилæхсаты Эдуард
Эдуард Келехсаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чилæхсаты Эдуард
Плиты Мэлсы ном Цхинвалы рагæй айхъуыст, уæззау уавæры Гуырæн хæдзармæ чи бахауы, уыдон ныфсытæ сæйраджыдӕр баст вæййынц ацы дохтыримӕ.

Гуырæн хæдзары фыццаг æнтыстытæ

Цхинвалы гуырæн хæдзар арæзт æрцыд 1955 азы. Уæдæй нырмæ ивы рæстæг, домæнтæ медицинæйы къабазы, ӕрмӕст Хуссар Ирмæ ногдзинæдтæ цæуынц цадæггай. Фӕлӕ дохтыртӕ, семӕ Плиты Мэлс дӕр, нӕ сафынц сӕ ныфс, тагъд ӕппӕт зындзинӕдтӕ дӕр фӕстейӕ кӕй аззайдзысты ӕмӕ уавæр кӕй фæивдзæн хуыздæрырдæм.

Цхинвалы гуырæн хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы азы райдайæнæй райгуырд 26 сабийы

"Арæзт уал æрцыд сывæллæтты рынчындон, æрхуыдтой йæм уæрæсейаг специалистты æмæ ис ныридæгæн йæ къахыл слæууыны стадийыл, цæттæ кæнынц бынæттон кадрты. Дунейы æдæрсгæйæ цы амæлттæй пайда кæнынц, уыдонæй цыдæртæ фæзындис Цхинвалы гуырæн хæдзары дæр. Арæзт нæм нæ цыд регионалон анестези. Уæрæсейаг специалистты æххуысæй йӕ нæ кусджытæ райдыдтой аразын. Иу ныхасæй, сылгоймаг йæ æмбарынад нæ фесафы, фæлæ йын йæ рыст сисынц. Судзин арæзт цæуы астæумагъзы, афтӕмæй сывæллон нæ исы медикаментозон депресси", — дзуры сæ фыццаг æнтыстыл дохтыр.

Медикы ныфсытæ здæхт сты Æнæниздзинады хъахъхъæнынады министрады ног разамынад ӕмӕ йæ уынаффæгæнджытæм, кӕцытӕ архайынц медицинæйы иумæйаг кластер скæныныл.

© Sputnik / Наталья АйриянГуырæн хæдзар
Роддом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырæн хæдзар

"Проблемӕтæ скуыддзаг цӕудзысты, Ног гуырæн хæдзар куы скуса, уæдæй. Уыдзæн дзы æдзухон анестезиологон-реанимацион службæ", — дзуры дохтыр.

Тугуадзæн станц

Гуырæн хæдзар цы ногдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсы, уыдонæй иу та у тугуадзæн хайад бакӕнын. Ныридæгæн рынчынтӕй искӕцы тугыл куы фæтыхсы, уæд хæстæджытæ уайтагъд амбырд кæнынц се ʻввахс адæмы хъæугæ туджы къордтимæ, хаттæй-хатт бахатынц хицæн уагдæттæм æмæ тыхон струкурӕтæм дæр. Афтæмæй иуæй фæстиат кæнынц, аннæмæй та æрмæг бæстон сахуыр кæнынæн рæстæг нал вæййы.

"Гематологон службæ нæм нæй республикæйы. Гуырæн хæдзарæн та кусæн нæй æнæ туджы компоненттæй. Статистикæмæ гæсгæ, ныййарджытæ арӕхдӕр амæлынц, туг кæй фесафынц, уый аххосæй. Мах уайтагъд сисæм туг донорæй æмæ уый дæттæм сылгоймагæн. Уый дæр раст нæу. Хъæуы архайын салд плазмæйæ, цæмæй статистикӕ рацух кæнæм æнамонд цаутæй", — дзуры йæ хъуыдытæ Мэлс.

Ног медицинон кластеры фæзындимæ ма æвæрццаг ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц æдзухон анестезиологон службӕ æмæ централизацигонд кислороды балæвæрды фарст аскъуыддзаг кæнынмæ дӕр.

© Sputnik / Наталья АйриянГуырæн хæдзар
Роддом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырæн хæдзар

"Кæцыдæр иртæстытæ саразын нæу нæ бон, стæй ма нæ лаборатори æмæ, æгæрыстæмæй, Республикон рынчындоны дæр нæу сæ бон аразын кæцыдæр иртæстытæ, цæмæй развæлгъау бæрæг кæнæм Дауны синдром цы сывæллæттæн ис (биохимикон скрининг), уыдон. Нæй нӕм дохтыр – генетик. Тыхсæм анестезиолог æмæ неонатологты цухдзинадæй дӕр", — ранымадта сӕйраг дохтыры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Фæлæ дохтырты зындзинæдтæ нæ тæрсын кæнынц, уыдон рацыдысты бирæ гакъон-макъон фæндæгтыл, уæлдайдæр та сын ног гуырæн хæдзары арæзтад хаст æрцыд ацы азы Инвестпрограммæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0