Минас: Цхинвалы фæзынд "ирон" салфеткæты рауагъдад

© Sputnik / Наталья АйриянСалфеткæтæ "Минас"
Салфеткæтæ Минас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чысыл рæстæгмæ салфеткæ "Минас"-æн йæ ном айхъуыст горæты æмæ урс тыхтонтæ хъæлдзæг лæджы хуызистимæ фæлгæсынц дуканиты тæрхджытæй, цæттæ хæлцады къæбицтæй, фæзындысты хæрæндæтты дæр

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны базармæ рахызт республикæйы фыццаг салфеткæуадзæн фирмæ "Дима и Дина"-йы продукци "Минас". Бынæттон кондады салфеткæтæ балхæнæн ис столицæйы фондз дуканийы. Гъæдджын æмæ аслам къухсæрфæнтæ цыбыр рæстæгмæ ссардтой фæндаг ирон фынгтæм.

Чысыл амалиуæгадæн нырма йæ хæрдзтæ лæууынц фылдæр, фæлæ йæ хицау Босыкты Мæдинæйы ныфс ис, салфеткæ "Минас"-æн йæ ном куы айхъуыса, уæд кæй фæфылдæр уыдзæн йе ʻлхæнджыты нымæц æмæ фирмæ йæ къахыл слæудзæн.

"Нæ фатер цъындыйы ныууагътам æмæ банчы райстам кредит. Нæ кондад нырма пайда уый бæрц ницы хæссы, фылдæр дзы фидæм нæ хæс, фæлæ продукци куы аппарахат уаид, уæд ма мæм æндæр фæндтæ дæр ис. Стæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг хъуамæ исты змæла, архайа", — дзуры Мæдинæ.

Мæдинæ æмæ йе 'мкъаймæ ацы рауагъдад срæвдз кæныны фæнд фæзынд ивгъуыд азы кæрон. Кредитон фæрæзтæ — 700 мин сомы — ацыдысты адаргæ ифтонгад балхæныныл æмæ сæ хæлæртты гараж руагъдадон цехмæ рацаразыныл.

© Sputnik / Наталья АйриянСалфеткæтæ "Минас"
Салфетки Минас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Салфеткæтæ "Минас"

"Нæхицæн дæр ис гараж, фæлæ тарстыстæм, йæ хъæлæбайæ сыхæгтæ куы тыхсой. Нæ хæлæртты гараж та у хибардæр ран æмæ уым æрбакодтам куыстуат. Фæлæ уадиссаг нæ уынæр кæны. Кусгæ дæр дзы нæхæдæг кæнæм нырма. Хомæг æрластам Уæрæсейæ, йæ тухæнтæ та йын заказ кæнæм Дзæуджыхъæуы. Куыд нæ фæндыд, ахæм æддаг хуыз ын нæ рауад, фæлæ уал æй афтæ уадзæм", — дзуры амалиуæггæнæг.

Салфеткæуадзæн фирмæ "Дима и Дина"-йы продукци "Минасы" фыццаг парти базары фæзынд ацы аз февралы. Ныридæгæн цæстæн æхсызгон ирон фыстытимæ къухсæрфæнты тыхтонтæ ис хæрæндон "Подмосковье"-йы, цæттæ къæибцты æмæ дуканиты.

"Фыццаг ирон фыстимæ салфеткæтыл мæ цæст куы схæцыд, уæд загътон, зæгъын æвæццæгæн Дзæуджыхъæуæй хаст сты. Стæй йæм лæмбынæг æркастæн æмæ Цхинвалы уагъд разынд. Уымæй зæрдæ бынтон барухс æмæ кæд салфеткæ 'лхæнынмæ нæ бацыдтæн, уæддæр дзы цалдæр райстон. Уадз æмæ нæм рауагъдадтæ рæвдз кæной", — загъта горæты цæрæг Цхуырбаты Зæринæ.

Ирон фыстыты æмрæнхъ ма салфеткæйы къоппыл ис уырыссаг фыстытæ дæр, уыдон цæст акъахынц, æмæ, æвæццæгæн, хуыздæр уаид, "ирон" салфеткæтыл сыгъдæг ирон фыстытæ куы уаид, уæд.

© Sputnik / Босыкты Мадинайы архивæй къамБынæттон салфеткæтæ "Минас"
Бынæттон салфеткæтæ Минас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бынæттон салфеткæтæ "Минас"

Салфеткæйы иу тыхтон уæй цæуы 18 сомæй, кæд гъæдæй æрласгæтæй хуыздæр сты, уæддæр нырма фылдæр дуканиты хицæуттæ се 'ввонггæнджыты фæивынмæ фæзивæг кæнынц.

"Хорз гъæд сын ис, къухтыл нæ хæцынц, фæлæ сæ уæддæр æппæт дукантæм нæ исынц. Фылдæр æлхæнынц æвзæргъæд салфеткæ, кæцыйы аргъ у 15 сом", — бафтыдта кондады хицау.

Мæдинæйы уæддæр ныфс ис, цадæггай йæ бизнес йæ къахыл кæй слæудзæн æмæ бафтыдта, зæгъгæ, продукцийæн фылдæр æлхæнджытæ куы фæзына, уæд иу бон сæ тыхы ис 40 стыр тыхтон уадзын. Иу стыр тыхтоны мидæг та вæййы 20 чысыл тыхтон.

Ног хабӕртты лентӕ
0