Сыгъдӕг ӕрдз: ХИПУ бафснайдта тулдзы къох

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бархи зиууæттæ хъæдæн йæ хуыз скалдтой

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фӕсивӕд ректор Тедеты Вадим, декантæ æмæ ахуыргæнджытимæ бафснайдтой тулдзы къох.

Рахастой алыгъуызон кусæнгæрзтæ æмæ иумæйаг тыхтимæ, хъæлдзæг ныхæстæ æмæ зæрдæйыуагимæ хъæдæн йæ хуыз скалдтой.

Фынӕй ӕрдз райхъал ис. Бӕстӕ дидинӕг фестадис. Æрдз йӕ цъӕх дарӕс скодта.

Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

Куыд æй зонæм, афтæмæй Ирыстон у рæсугъд йæ æрдзы руаджы. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уазал цæстæй кæсынц æрдзмæ, чъизи кæнынц нæ алфæмблай, хъæдтæ æмæ суадæттæ…

Куыд æрвыл уалдзæг дæр, афтæ ацы аз дæр нæ горæты цæрджытæ, скъоладзаутæ, куыстуаттæ æмæ студенттæ рахызтысты сыгъдæггæнæн зиумæ, горæт æмæ йæ алфæмблай æфснайынмæ.

Махæй алчидæр зоны, æрдз нын кæй дæтты цард… Уый дæр зоны улæфын, ис ын йæхи "взаг. Æрдз у нæ ныййарæг æмæ нæ дарæг. Мах та йæ нæхи къухтæй сафæм, æндзарæм ыл арт æмæм йæ "хурх" кæнæм.

Республикæйы фылдæр кæны æнæзакъон бырондæтты нымæц.

Хъыг та уый у æмæ бырон кæныныл ахуыр чи у - уыдон кæй нæ сæттынц. Уæвгæ сæ алкæй дæр фæнды сæ алыварс сыгъдæг уа, уый. Стæй иннæты куыстыл фаутæ æвæрынмæ дæр рæвдз сты. Фæлæ дæхæдæг рацу æмæ дæ алыварс бафснай æмæ йæ мауал чъизи кæн, дæ брон кæдæм æмбæлы, уырдæм аппар. Сыгъдæгдзинадыл чи нæ ауæрды, уыдонæн бамбарын кæнын хъæуы, нæ горæт, нæ республикæ нæ иумæйаг хæдзар кæй у æмæ йæ чъизи кæнын не`мбæлы. Дæ алыварс чъизи - худинаг кæй у.

Хуссар Иры расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу

Фæлæ цæрджытæй бирæтæ, хъыгагæн, не 'мбарынц адæймаджы ном чи хæссы, уый хъуамæ брон уынджы ма аппара. Броны контейнертæ цæмæн сæвæрынц? Уырдæм бацæуын исчи йæ сæрмæ нæ хæссы, æви сын зын у, нæ йæ 'мбарын… Мæнмæ гæсгæ, уый зын нæу. Уæдæ цæмæ хъуамæ уа нæ республикæйы ахæм нысæнттæ "Бросая мусор на, не забудьте хрюкнуть". Уый махæн худинаг у. Кæмæйдæрты фехъусæн дæр ис, ома сæм машинæтæ ис æмæ сæ æмæ брæттæ аласынц. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй, машинæты хицæуттæ дæр сæ брон машинæйы рудзынгæй раппарынц.

Афтӕмӕй ӕрдзы рӕсугъддзинад дӕр нӕ бамбардзыстæм. Цыбырдзыдæй, нæ хъæуы æрдзы зæрдæхудты цæуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0