Картофы магнаттӕ: дыууӕ ӕвзонг чысангоймаг лӕппуйы ӕнтысты истори

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæКартофы тыллæг
Картофы тыллæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртæккæ базары цы бынæттон дыргътæ æмæ халсæрттæ уæй цæуынц, уыдонæн сæ зынгæ хай ӕркӕнынц Цхинвалы районы Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы хъæуты цæрджытæ

ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны хæстыты фæстиуæгæн  раууатмæ æрцыд хъæууонхæдзарад æмæ йын бирæ ӕзты дæргъы æндидзын нал æмæ нал æнтыст. Фæлæ фæстаг азты уæддæр хабар цадæггай ивы хуыздæрæрдæм. Республикæйы бирæ афтид зæххытæ ис, уымæ гæсгæ фадат ис хъæууонхæдзарадон продуктты бирæ хуызтæй хъæздыг тыллæг æркæнынæн. Афтæ уыдис, цалынмæ дуг нæ фæивта, уæдмæ. Бынæттон халсæрттæ æмæ дыргътæй канд республикӕйы цӕрджытӕ нӕ уыдысты ифтонг, фæлæ ма сын сæ зынгæ хай уæй дæр кодтой ӕддӕмӕ.

Картоф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы скъолатæ æмæ сабидæттæн уарынц сæхи районы æрзайгæ картоф

Ныр дӕр та Хуссар Ирыстоны районты хицæн æмæ хицæн рæтты фæзындысты ахæм арендатортæ, кæцытæ се ‘ркæнгæ продуктты 'рласынц базармæ.

Зӕгъӕм, ныртæккæ базары цы бынæттон дыргътæ æмæ халсæрттæ уæй цæуынц, уыдонæн сæ зынгæ хай ӕркӕнынц Цхинвалы районы Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы хъæуты цæрджытæ.

Ацы комы цæрджытæй дыууæ лæппуйы - Уалыты Таймураз ӕмӕ Мамытаты Зелим - ацы аз сæ тыхтæ бафæлвæрдтой картофкуысткæнынады. Уыдон Рехийы хъæды бын цы сæрибар зæхх уыд, уым байтыдтой картоф. Ацы зæххы фадыджы-иу кæддæр колхоз байтыдта картоф æмæ-иу сын тугыл аскъуыд. Ныр дыууын азæй фылдæр уым ницыуал тыд цыд.

"Быдыр тракторæй бахуым кодтам, тракторист дис кодта, зæхх куыд æнцонгуысткæнинаг у, ууыл. Чысылæй фæстæмæ уарзын зæххы куыст. Мæхи цæхæрадоны æркæнын алцыдæр. Дæхи тыхæй, дæхи къухтæй кæй æркæнай, уый уæлдай хæрзаддæр у", - зæгъы лæппутæй сæ иу Уалыты Таймураз.

Лæппу кæд кусаг у, уæддæр иунæгæй 3 гектар картоф байтыдтаид, уымæ йæ ныфс нæ хаста. Æмæ иу бон йæ хъуыды фергом кодта йæ хорз æмгар Зелимæн.

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæКартофы тыллæг
Картофы магнаттӕ: дыууӕ ӕвзонг чысангоймаг лӕппуйы ӕнтысты истори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Картофы тыллæг

"Техникæ нæ къухы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Зелим чысыл базивæг кодта. Фæлæ аныхас кодтам, загътон ын, зæгъгæ, абон бирæтæ катай кæнынц куыст сын кæй нæй, фæлæ дæ кусын куы фæнда, уæд дын æнæмæнг разындзæнис куыст. Мах дæр бафæлварæм. Цæмæй цæрын фæразай, уый тыххæй дæ цардæн хъуамæ аразай дæхæдæг фадæттæ. Æмæ уыцы фадæттæй та æххæстæй куы пайда цæуа, уæд алцыдæр вæййы фаг. Экологион   сыгъдæг продукт та алкæйы дæр хъæуы", - дзуры Таймураз.

Лæппутæ кæрæдзийы ныфсæй уалдзæджы бавнæлдтой куыстмæ. Бирæ рæстæг æвзæр боныгъæдтæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ картоф садзынæй цъус фæфæстиат сты. Боныгъæд кургæйæ нæу, маст кодтой, фæлæ куыддæр фæбонтæ ис, афтæ бавнæлдтой сæ куыстмæ. Хæххон, бæрзонд рæтты уазалдæр кæй у, уымæ гæсгæ-иу картоф фæстæдæр скъахтой. Ныр раздæрау уазæлттæ нал кæны æмæ картоф дæр ныртæккæ у йæ къахыныл. Йе ‘мбис сын фесты къахт. Ныр алы сабат-хуыцаубон уыдон раласынц сæ товар базармæ æмæ сæ уæй кæнынц цæрджытæн.

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæКартофы тыллæг
Картофы магнаттӕ: дыууӕ ӕвзонг чысангоймаг лӕппуйы ӕнтысты истори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Картофы тыллæг

Картоф кæд нырма кæронмæ къахт нæу, уæддæр дыууæ куыстуарзаг лæппуйæн ныридæгæн сæ зæрдæ рухс кæны сæ куыстæй. Фыццаг аз бакодтой ацы куыст, фæлæ райстой хъæздыг тыллæг. Сæ зæрды ис фидæнмæ дæр байтауын картоф, уырны сæ, азæй-азмæ куыст хуыздæр кæй цæудзæнис.

Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харбыз æмæ неси: Знауыры цæрæг æркодта 30 тонн тыллæг

"Хъæутæн ныууадзæн нæй. Уым цард куы æндидза, куы уа фос дарæн, хъæууонхæдзарадон культурæтæ бакусыны фадат, уæд пайда у хъæууон  зæхкусæгæн æмæ горæты цæрджытæн дæр. Нæ хъæутæ кæй æдзæрæг кæнынц, уый мын тынг зын у. Диссаг мæм уый кæсы æмæ хъæутæй æнцон цæрæн кæм у, уырдыгæй дæр сæхи кæй æппарынц горæтмæ. Цы ис горæты дæр æгуыстæй? Науæд хъæутæ куы раафтид уой, уæд уый сæфты хъуыддаг у. Хæлц, бæркад хъæутæй цæуы æмæ æнцонтæй уадзæн нæй фыдæлты уæзгуытæн. Адæймаг фердæхынæн куы уа, уæд йæхи æркæнгæ хойраг æмæ халсæрттæй дæр фæцæрдзæнис. Ирыстоны алы хъæуы дæр ис ахæм фадæттӕ", - банысан кодта Уалыты Таймураз.

Æцæгæйдæр, Цхинвалы цæрджытæй, æвæццæгæн, стæм разындзæнис хъæуы фыдыуæзæг кæмæн нæй æмæ сæ бынтон рохуаты кӕй ныууагътой, уый раст нæу. Кæд уæйы фаг нæ, уæддæр улæфтбонты куыст дӕр зымæгваг халсар ӕркӕндзӕн, цæмæй ма æлхæнай алыгъуызон химикаттæй хъомылгонд халсæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0