Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн

© Sputnik / Наталья АйриянЗардиаты хъæуы цæрæг Тристан
Зардиаты хъæуы цæрæг Тристан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зардиаты хъæуы аиртæст зонæйы бахаудтой фондз бинонтæ, ныр авд азы дæргъы уыдон цæрынц сæрмагонд режимы

ЦХИНВАЛ, 1 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Зардиаты хъæуы фондз бинонтæ авд азы размæ бахаудысты дыууæ хæрам бæстæйы хсӕн паддзахадон арæны ахæсты. Цард аиртæсты зонæйы цæуы сæрмагонд режимы – дыргъдонмæ хъуызгæйæ, Ирыстонмæ бæрæг сахатты, сæ хиуæттимæ фембæлд арæны ӕмбонды сæртыл.

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон арæн
Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон арæн

Столицæйæ 15 километры дæрддзæф Цхинвалы районы фæз зæххыты æрбынат кодтой Хелцуа æмæ Зардиаты хъæутӕ. Хъæуы бацæуæнмæ кæны сосæ фæндаг, цæрæн пункты æввахсæй-æввахсмæ лæууынц стыр хæдзæрттæ, сӕ цæхæрадæттæ æмæ дыргъдæттæ фæззæджы хуынтæй йедзаг, уынгты тезгъокæнæг куыйтæ æнæввæрсон каст кæнынц уазæгмæ.

Адрес – буферон зонӕ

Хелцуамæ тæккæ хæстæг лæууы Зардиаты хъæу. 2012 азы зæхуарджыты зыгъуыммæ барстыты руаджы хъæуы фондз хæдзары Ирыстоны цæрæг нал сты - сæ адрес ныр у буферон зонӕ. Бестауты Тристан дыууæ арæны ахæсты бады, нуазыны доны кран баззад Ирыстоны, йæ цæхæрадон Гуырдзыстоны, йæхæдæг дыууæ хæрам бæстæйы ʻхсæн хуыздæр æнхъæл цæры. Йæ зæнæг дӕр æм сты стæм уазæг – сæрмагонд зонæмæ уазæгуаты ничи баивæрздзæн.

© Sputnik / Наталья АйриянЗардиаты хъæу
Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зардиаты хъæу

"Мæ чызг Дменисы цæры, уый дæр арæх нæ уынын, куы ӕрбацæуы, уæддæр ӕмбонды сæрты фенæм кæрæдзи. Ӕрмæст номхыгъды чи ис, уыдон уадзынц мидæмæ, уыцы номхыгъдмæ та йын бахæссын не ʻнтысы. Мæ лæппу та Дзæуджыхъæуы цæры", - зӕгъы  Тристан.

Рудзынг Ирыстонмæ

Тристан ӕрбацæуӕггæгтæн сæ къухтæ исы ӕмбонды сæрмагонд хуынкъӕй. Хъæуы цæрджытæ арæны сындзджын телы бынты батыдтой сæхицæн "рудзынг Ирыстонмæ".

"Мæнæ æмбонды сарæзтам хуынкъ æрбацæуӕгæн йæ къух райсыны тыххæй - мидæмæ æрбахонæн æй нæй. Ахизæн нын ис æрмæстдæр райсом 8-10 сахатмæ æмæ фæссихорты та 2-6 сахатмæ. Арæн фæфæстиæттæ нæ бары", - дзуры лæг.

Тристан æмæ йæ сыхæгтæ баззадысты дыууæ арæнгæрон службæйы ахæсты. Йæ цæхæрадон аззад Гуырдзыйы посты фале. Ныр тыллæг йæ къухты бафтыны фарст дæр ис гуырдзиаг æфсæддонты зæрдæйы уаджы бæрны. Ацы аз сын, æниу, тыллæгджын нæ фæцис, хъæуы цалдæр хатт ныццагъта их.

© Sputnik / Наталья АйриянЗардиаты хъæуы цæрæг Тристан
Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зардиаты хъæуы цæрæг Тристан

"Фæззыгон тыллæгæй дæр мæ зæрдæ нал райы. Мæ цæхæрадон баззад гуырдзиаг посты дæлейæ. Раздæр нæ æнцонæй уагътой, фæлæ Гуырдзыстоны митингтæ куы сарæх сты, уæд ам дæр сæхи фæкарздæр кодтой. Мæ хæлсар мын фæбуза кæнынц, стæй сæ нал дæр рауадзынц. Дæрддыл фæзилын пыхсыты, стæй иу хъуыддаг та у ацы арæнты сæрты бахизын æмæ мæ тыллæг базармæ аласын", - дзуры йæ проблемæтæ Тристан.

Хъæуы цæрджыты фыдæбæттæ райдыдтой 2012 азы, уæд гуырдзиæгтæ сæ пост Меретæй схастой хъæугæронмæ, уый фæстæ бынæттонтæ дæр хæстæг сæвæртой пост.

"Уый размæ-иу ам уыд уырыссаг бæрзонд æфсæддон цин æмæ уый арæн хуыдта хъæуы æддейæ, картæ дæр иу хаста йемæ, фæлæ уый нал разынд, ног арæнтæ та нæ пайдайæн нæ разындысты", - бафтыдта уый.

Фæстаг фæдзæхст - бавæрут мæ фæсарæнты

Хъæуы стыр проблемæ свæййы зиан бавæрыны фарст дæр. Æрæджы загътой фæстаг хæрзбон Зардиаты хъæуы Гобозты карджын лæгæн.

Цънелисаг Этери - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цънелисаг Этери: цæмæй тæрсы гуырдзиаг сылгоймаг Ирыстоны

Хъæуы уæлмæрдтæй иу баззад Ирыстоны, уым йе ʻнусон бынат цалдæр азы размæ ссардта лæджы ʻмкъай. Зæнæг сæ фыдæлы фæстаг фæндон æххæстгæнгæйæ развæлгъау зиан рахастой хæдзарæй арæны сæрты, цæмæй ма бафæстиат кæной уадзæн рæстæгмæ (8-10 сахатыл). Зианы фынгтæ дæр сæвæрдтой арæны дыууæ фарс. Гобозты зианы фæндараст кодтой Ирыстоны æмæ буферон зонæйы.

"Зиан райсомæй рахастой нæхи фарсмæ, дыууæ фынг сæвæрдтой – иу ам, аннæ та мидæгæй", - мысы лæг.

Тристан æмæ Людмила

Проблемæтæм æнæкæсгæйæ, нæлгоймаг йæ цардуарзондзинад нæ сафы, ахуыр у уазджытыл дæр. Сæ алыварс арæх рауай-бауай кæнынц Евроцæдисы минæвæрттæ, лæг сæ хоны цъæхдарæсджынтæ.

"Ам æдзух рауай-бауай кæнынц. Сæрæй дæр ам цатыр сæвæрдтой æмæ цыдæр бадзырдтæ арæзтой, нæ хъысмæт нын уым скъуыддзаг кодтой, фæлæ дзы хорзæй ницы федтам, сæхи-иу кофе æмæ адджинæгтæй федтой æмæ-иу ацыдысты", - мысы Тристан.

Тристан ам цæры йе ʻмкъай Людмилаимæ. Сæрыстыр у йæ фæсарæйнаг номæй, сæтты, кæй хъавыд æрхæссын усæн Изольдайы, цæмæй литературон сюжетмæ æнгæс къай скодтаид.

© Sputnik / Наталья АйриянЗардиаты хъæу
Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зардиаты хъæу

"Изольда мæ къухы нæ бафтыд, нæ мын сразы, æмæ уæд Дменисæй Людмилайы ракодтон", - худы уый.

Нæлгоймаг æнæстабилондзинадыл ахуыр у, ивгъуыд æнусы 90-æм æзты уый иу хатт бахъуыд йæ фыдæлты уæзæг дæр ныууадзын.

"90-æм æзты хæсты рæстæджы ацы быдыртæ гуырдзиаг неформалтæй байдзаг сты, адæмæн сæ муртæ фæхастой, ам æввахс хъæутыл бафтыдтой арт. Мах нæ зæххытæ ныууагътам, фæлыгъдыстæм, авд азы дæргъы фæцардтæн Цхинвалы, стæй мæ уырдыгæй дæр рарвыстой - кæй хæдзары цардтæн, уый кæддæр уыд гуырдзиаджы хæдзар æмæ мын æй фæстæмæ уымæн раттын кодтой. Гуырдзиагæн уæд дæр фылдæр бартæ разынд мæнæй", - бафтыдта уый.

2012 азы Гуырдзыстон фыццаг сæ пост куы сæвæрдтой, уæд хъæуы цæрджытæ фæдисы ныццыдысты Цхинвалмæ. Гуырдзиаг æфсæддонты сыхагдзинад сæ æфтыдта тасы. Уæды хицауад ныфс æвæрдта бинонтæн хъæуы мидæгдæр ног хæдзæрттæ самайын, науæд та Цхинвалы Мæскуыйаг микрорайоны раттын цæрæнуæттæ. Фæлæ уавæр абоны онг дæр нæ фæивта.

"Салæмттæ æрвитæм президент Бибылты Анатолий æмæ арæны фæдыл æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæтæн, кæд нæ æрхъуыды кæниккой, кæд нын нæ проблемæ дæр нæ рох кæниккой", - балхынцъ кодта Тристан.

Ног хабӕртты лентӕ
0