Къостайы цард хъæуы: хуссарирыстойнаг политик æмæ журналисты бархи "ахæст"

© Sputnik / Наталья АйриянКъоста Коштэ
Къоста Коштэ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коштэ Къоста радзырдта Sputnik хъæуы хибар цард, хъæууон цардуаджы цухдзинæдтæ æмæ æвæрццаг фæзындтыл, афтæ ма сыгъзæринæй æлхæд зæххытыл

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны политикон партийы экс-лидер, критикон телеалæвæрдты амонæг Коштэ Коста йæхи аиувас кодта активон цардæй æмæ æрбынат кодта йæ райгуырæн хъæу Донбыны (раздæры Дампалеты). Куырыхон лæг радзырдта Sputnik хъæуы хибар цард, хъæууон цардуаджы цухдзинæдтæ æмæ æвæрццаг фæзындтыл, афтæ ма сыгъзæринæй æлхæд зæххытыл.

© Sputnik / Наталья АйриянКъоста Коштэ
Къостайы цард хъæуы: хуссарирыстойнаг политик æмæ журналисты бархи ахæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къоста Коштэ

Коштэ Къоста фæцис каст театралон факультет Мæскуыйы, ацард стыр столицæйы, стæй æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Ам куыста дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнæджы бынæтты. Йæ ном хъуыстгонд уыд куыд критикон алæвæрдты автор. Уыд парти "Рæстаг Ир"-ы разамонæг. Абон уый йæхи дард айста политикон цардæй æмæ æрцард Донбыны хъæуы.

"Мæ фыдæлтæ цардысты Чеселтгомы, ацы зæххытæ сыгъзæринæй балхæдтой æмæ сæ дзæгъæл куыд ныууадзон", - радзырдта Къоста.

"Джабеличы лæг"

Къоста ныууагъта йæ политикон архайд æмæ балхынцъ кодта рæстæгмæ журналистон архайд. Парти "Рæстаг Ир" сæхгæдтой, ныннымæг ис йæ куыст дæр.

"Цалдæр алæвæрд ма сарæзтон Хуссар Иры хæстон архæйдтыты хайадисджытыл, кæцытæ хæсты фæстæ фæсахъат сты. Экс-президент Кокойты Эдуардимæ стæм хæстæджытæ æмæ мыл цæмæндæр гæсгæ æрфидар кодтой фауæн ном - "Джабеличы лæг". Бæрзонд бынæтты чи куыста, уыдон уæлдай", - зæгъы Къоста.

Хъæу æртæйæн

Донбыны ма ис æртæ хæдзары, фондз ахуырдзауы та скъолайы. Фæлæ хъæу æрбацæуæгæй цух нæу – ардæм къуыри дыууæ хатты цæуы æхсæнадон транспорт, æртæ хатты та дзулфыцæн комбинаты хæдтулгæ.

"Райсом скъоладзауты хъæлæба куы райхъуысы, уæд æй базонын, 9 сахаты кæй æххæст кæны. Хуры æрбакаст æмæ сывæллæтты уынæрæй зæрдæ райдзаст кæны. Мæскуымæ дæр ныццæуын, фæлæ дзы бирæ рæстæг нæ лæууын. Цхинвалы дæр вæййын боныгон, фæлæ фынæй кæнымæ цæуын ардæм. Ӕрмæст ам мæ уды дзæбæхæн баулæфы", - бафтыдта Коштэ Къоста.
© Sputnik / Наталья АйриянДампалет
Къостайы цард хъæуы: хуссарирыстойнаг политик æмæ журналисты бархи ахæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дампалет

Ӕцæгæлон ном

Дампалеты хъæу дæр цалдæр азы размæ бахауд топонимикон къамисы хъусдарды бын. Дампалеты ном нымад æрцыд советон Гуырдзыстоны æндæвдады бын райгуыргæ номыл æмæ йæ Донбынмæ райвтой. Фæлæ хъæуы цы стæм цæрджытæ ис, уыдон ног ном не ʻруарзтой.

"Хъæуы цæрджытæй иу адæймаджы дæр нæ бафарстой, ацы номыл разы стæм æви нæ. Донбын та равзæрстой, ома раздæр ам уыд цæдтæ, фæлæ фæстæг рæстæджыты æгæрыстæмæй нæ суадæттæ дæр сур кæнынынц", - бафтыдта уый.

Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ

Донбынмæ цæуджыты егъау хай сты Къостайы уазджытæ. Йæ кæрты бæласы аууон ирон фынджы уæлхъус цæл кæнын бирæты бафæнды. Ныридæгæн лæгæн йæ зæрдæмæ цæуы бархи тард. Хибар царды уары йæхи рæсугъдзинад, фæлвары ирон къæбицы алыгъуызон хæринæгтæ аразын æмæ дзы уазджыты сбуц кæнын.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдырфых дзидза
Къостайы цард хъæуы: хуссарирыстойнаг политик æмæ журналисты бархи ахæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуыдырфых дзидза

Хашлама Кавказы адæмтæй алкæцы дæр хоны йæхи. Къостайæн ис йе рцæттæ кæныны хицæн рецепттæ.

Фынджы "паддзах"-ы хъæуы фыд, дон, цæхх æмæ рæстæмбис арт. Коштэ Къоста амоны, къуыдырфых дзидза цæттæ кæй цæуы цалдæр сахаты. Цалынмæ цуайнаджы смидæг кæны фыд, уæдмæ дон æнæрлæугæ æхсиды. Афтæмæй фыдызгъæл баззайы хæрзаддæрæй. Дыууæ-æртæ сахаты фæстæ сцæттæ вæййы дыууæ аходæны – хæрзад фыд æмæ диссаджы бас. Бас къусы хæрзтæф кæнгæйæ фынгмæ куыд хæццæ кæны, афтæ ма йæм бафтауынц ноджы хъонтхора æмæ нуры.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ.
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ.
© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
1/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ.
2/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
3/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
4/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ
5/5
Къуыдырфых фыд Къостайы рецептмæ гæсгæ

Къостайы хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстоны раг замантæй къуыдырфых фыдызгъæл аразынц цалдæр хуызы.

"Зианы фынг æмæ зæдтæн кувынæн ис классикон рецепт, уазæг сбуц кæнынæн та алкæцы æфсапъæ дæр йæ къуыдырфых дзидзамæ æфтауы алыхуызон халсар", - бафтыдта уый.

Сырдтимæ тох

Ӕдзæрæг хъæуы сарæх сты стырдтæ дæр, цалдæр азы размæ иу бирæгъ загъд самадта хъæуы цæрæгимæ, тохæй кæд лæг рацыд уæлахиздзауæй, уæддæр йын йæ цæфтæн бирæ рæстæг хос кодтой рынчындоны.

"Хъæу сæдзæрæг ис. Чысыл фермæтæ куы саразиккой, уæд адæмæн куыст уаит æмæ сæхи горæтмæ не ʻлвасиккой. Фæстæмæ хъæумæ цæрджыты раздахын фæстæдæр уыдзæн ноджы зындæр" – балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0