Иунӕг хъӕбулы мӕлӕт - рæстæг кæй нæ рог кæны, уыцы рыст

© Sputnik / Джиоты бинонты архивӕй къамДжиоты Мурат
Джиоты Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон, 6-ӕм апрелы Муратыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид 41 азы… Уый йӕ фӕстӕ ныууагъта ӕртӕ ӕнахъом сидзӕры, зӕрдӕрыст ныййарджыты ӕмӕ ӕмкъайы

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Джиоты Федя ӕмӕ Хуыгаты Маринайӕн стыр Хуыцау ӕрмӕстдӕр иунӕг хъӕбул схӕлар кодта, фæлæ цалдæрыбæрц басгуыхт сæ фырт Мурат. Сабыр. Ӕгъдауджын. Йӕ мадмӕ иу хатт дӕр йæ иунæг хъæбулы тыххӕй маст никуы ӕрхауд.

Мурат скъола каст куы фӕцис, уӕд уӕлдӕр ахуырад райста РХИ университеты. Службӕ кӕнынмӕ та бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнхъахъхъӕнӕг управленимӕ. Йӕ службӕйы бынат уыд Синагуры хъӕуы арӕныл. Ӕнӕзӕрдӕхудт адæймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бирæ уарзтой ӕмгӕрттæ ӕмӕ къухдариуӕгад дӕр.

Йӕ райгуырдӕй фæстæмӕ кӕд хӕст йедтӕмӕ ницы федта, уӕддӕр ыл иууыл стырдӕр уӕз ӕрцыди 2008 азы. Цы къорды уыд, уый хъахъхъӕдта Дзауы районы Синагуры хъӕумӕ ӕввахс арӕнтӕ. 7-ӕм августы йӕ рад баивта ӕмӕ ӕрцыд горӕтмӕ, цӕмӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды бабӕрӕг кодтаид. Йе 'мкъай Ванда ӕмӕ йӕ чысыл хуртӕ Диана, Радик ӕмӕ Владайы уӕдмӕ ӕдасдӕр ранмӕ - Цӕгат Ирыстонмӕ арвыста.

Йӕ мад Марина бӕргӕ лӕгьстӕ кодта йӕ хъӕбулӕн, ома, дӕхи бааууон кӕн, фӕлӕ Мурат куы базыдта, йе 'мбӕлттӕ Къуернеты хъӕуы посты лӕууынц, уӕд фӕстӕмӕ дӕр нӕ фӕкаст, афтӕ сӕм схӕццӕ. 9-ӕм августы сын изӕрӕй сӕ къордыл верттӕхджытӕ бомбӕтæ ӕркалдтой. Мурат ӕмӕ йӕ къорды лӕппутӕ ныппырх сты Зары хъӕды. Уырдыгӕй баиу сты Уӕрӕсейы ӕфсадимӕ ӕмӕ уыдонимӕ горӕтмӕ ӕрцыдысты. Ныййарджыты цинӕн кӕрон нал уыд, сӕ иунӕджы сӕрӕгасӕй куы ауыдтой, уӕд.

Кæмæн фæлдисынц суадæттæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Актер, поэт æмæ хæсты хъайтартæ: кæмæн фæлдисынц суадæттæ Хуссар Иры

Алцӕмӕн дӕр ис кæрон. Фӕцис хӕст...

Мурат трагикон æгъдауӕй фӕмард 2012 азы 30 марты. Уыцы уӕззау хӕсты дзыхӕй дӕхи фелвас ӕмӕ стӕй...

Абон, 6-ӕм апрелы Муратыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид 41 азы…

Хӕрз цыбыр уыд Джиоты Муратæн йæ цардвæндаг, хæрз цъус рæстæг уыд лæвæрд Хуыцауæй Марина æмæ Федяйӕн хъӕбулы амондыл райынæн, ӕдӕппӕт - 33 азы. Амодджыныл сӕхи чи нымадтой, сӕ хъӕбулы цинӕй чи радис ӕмӕ уымӕн рӕсугъд фидӕн чи ныв кодта, уыцы ныййарджытыл сӕмбӕлд уӕззау хабар - рафӕлдӕхт сӕ цӕугӕ мӕсыг, сӕ удлӕууӕн иунӕг хъӕбул ӕнӕрӕстӕджы баци ӕгъатыр сау мӕлӕты амӕттаг.

Нигер ахæм рæстдзæвин хъуыды ныууагъта: "Цард у скаст æмæ ныккаст!" Ома, йæ райгуырд - скаст, йæ ацыд - ныккаст. Æмæ уыцы дыууæ стыр цауы ‘хсæн бацæуы адæймагæн йæ царды азфысты бæрæгуат.

Хъыгагӕн, Ирыстон бирӕ фесӕфта Мураты хуызӕн сахъгуырд ӕдзард лӕппуты, хъыгагӕн, нӕ Ирыстоны бирӕ ис, цӕрӕбонтӕм йӕ сау кӕлмӕрзӕн йӕ сӕрӕй чи нал сисдзӕнис, хъӕбулы хъысмӕтыл ӕнустӕм йӕ уадултыл йӕ цӕсты сыг кӕмӕн нал басур уыдзӕнис, ахӕм мӕдтӕ. Уыдонӕй сӕ иу Хуыгаты Марина дӕр...

Августы хæсты амæттæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæстаг сулæфты онг: цыппар æдзард уды трагеди Тъбеты

Фесты Джиоты Муратӕн йæ афӕдзы кӕндтæ, фӕлӕ никуы фæкъаддӕр уыдзысты сӕ зæрдӕты сагьӕстӕ ӕмæ мæт Федыр ӕмӕ Маринайӕн сӕ иунӕгыл, нырма дæр ӕм куыстӕй ӕрбацæуынмӕ хæдзары чи фенхъæлмӕ кæсы, уыцы æнахъом сабитæн. Зын бамбарæн нӕу, йӕ сомбоны сагъӕстæ йӕ зӕрдӕ кӕмæн ӕхсынынц, йӕ уыцы æвзонг идæдз Вандайы уавӕр дӕр.

Маринæ - æфсӕрмдзӕстыг, уæздан, ӕцӕг ирон сылгоймаджы миниуджытӕй хайджын чи у, ахæм. Йӕ дудгӕбоны уӕлхъус дӕр йæ хъӕбулмӕ кæсӕг лæгъстӕгӕнæг цӕстытæй зӕрдæ фæрыст... Мад ӕмӕ йӕ иунæг. 

Хъысмӕты уӕззау цӕф - иунӕг хъӕбулы фӕмард - зын уромӕн у ныййарджытӕн. Тынг сыл бандӕвта. Фӕцудыдтой. Фӕлӕ фӕстейӕ цы ӕртӕ ӕнахъомы ныууагъта, уыдон дӕр сӕ цардыл бафтауын хъӕуы. Сӕ мад Ванда кӕд йӕ удӕй арт цæгъды йӕ рæзинӕгты тыххӕй, уæддӕр иунӕг сылгоймаг ӕдых у.

Ног хабӕртты лентӕ
0