Куыд хъахъхъӕд сты коронавирусӕй Цхинвалы ацӕргӕ адӕмы пансионаты цӕрджытӕ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЦхинвалы ацӕргӕ адӕмы пансионаты цӕрджытӕ
Цхинвалы ацӕргӕ адӕмы пансионаты цӕрджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны медико-социалон центр "Аудындзинад"-ы ныртæккæ цæры 25 карджын адæймаджы. Sputnik бацымыдис кодта, куыд хъахъхъæд цæуынц ам карантины нормæтæ

ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Ӕппæт дунейы адæмæн тæссагдзинад цы ног фæзынгæ вирус хæссы, уый иууыл тæссагдæр у ацæргæ адæмæн. Уымæн æмæ ацæргæ адæймæгты иммунитет вæййы лæмæгъдæр. Статистикæ куыд амоны, афтæмæй уыдонæй бирæтæн вæййы хроникон низтæ дæр æмæ сæ фылдæр хъæуы сæхи хъахъхъæнын.

Хуссар Ирыстоны медико-социалон центр "Аудындзинад"-ы ныртæккæ цæры 25 карджын адæймаджы. Сæйраджыдæр, сты 70 азæй 92 онг азы кæуыл цæуы, ахæм зæрæдтæ. Sputnik бацымыдис кодта, куыд хъахъхъæд цæуынц ам карантины нормæтæ.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЦхинвалы ацӕргӕ адӕмы пансионаты цӕрджытӕ
Куыд хъахъхъӕд сты коронавирусӕй Цхинвалы ацӕргӕ адӕмы пансионаты цӕрджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацӕргӕ адӕмы пансионаты цӕрджытӕ

"Аудындзинад"-ы директор Теблойты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй сӕ центры кусджытæ æрвылбон дæр аразынц дезинфекци. Бон цалдæр хатты сæрмагонд дезинфекцигæнæн фæрæзтæй сæрфт цæуынц зæрæдты хатæнтæ, сæ дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ мигæнæнтæ. Æрвылбон дæр ам цæрæг зæрæдтæн байуарынц маскæтæ.

Семæ цы медперсонал кусынц, уыдон цы автотранспортыл цæуынц, уый дæр æппынæдзух цæуы дезинфекцигонд. Ныртæккæ пансионат кусы уадзæн режиммæ гæсгæ. Æдасдзинады нысанæн ацæргæ адæймæгтæй домынц, цæмæй, гæнæнуæвгæйæ, æддæмæ ма хизой. Алкæмæн дæр ныр йæ хатæны ис хинайæнтæ, телевизортæ æм а.д.

"Пансионаты цæрæг æвæгæсæг адæймæгтæ кæд изоляцийы сты, уæддæр рох не сты бирæтæй. Сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынмæ æмæ сын хæлцадон продукттæ арæх бахæссынц чысыл æмæ астæуккаг бизнесыл хæст амалиуæггæнджытæ. Æрæджы та, Куадзæнмæ ахæм хæрзаудæн акци сарæзта нæ горæты цæрæг Куымæридтаты Зема. Уый пансионаты зæрæдтæн бахаста куличтæ, ахуырст æйчытæ, алыгъуызон адджинæгтæ ӕмӕ хӕлцадон продукттӕ", - радзырдта Теблойты Чермен.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Куымæридтаты Зема ахæм хуынтæ æвæгæсæг зæрæдтæн фыццаг хатт не ‘рбахаста. Иу бæрæгбоны дæр сæ нæ рох кæны.

Дзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн

"Мах, пансионаты куысджытæ, стыр бузныг стæм ахæм зæрдæхæлар адæймæгтæй. "Аудындзинад" арæх райсы æххуыс нæ горæты хъæууонхæдзарадон колледжæй дæр. Кондитерон хайад цы дзаджджын хæринæгтæ саразы, уыдон æрбахуын кæнынц пансионаты цæрæг зæрæдтæм. Бацæуынц сæм иумийагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæ дӕр концертон номыртимæ", - бафтыдта директор.

Теблойты Чермен бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм хæрзаудæн куыст чи кæны, уыдонæн. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд зæрæдтæ хæлццух никуы вæййынц,  хицауад алцыдæр аразы уыдоны хæрзиуæгæн, уӕддӕр сын тынг ӕхсызгон вӕййы ахӕм уазджыты уынд.

Ног хабӕртты лентӕ
0