Милицийы майорӕй фосдарды куыстмӕ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаВалерийы фермæ
Валерийы фермæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куымӕридтаты Валерий сфæнд кодта йæ фермерон куыст лыстæгкъах фосæй райдайын. Ленингоры районы балхæдта фыстæ æмæ сæгътæ, сарӕзта сын капиталон скъӕт ӕмӕ йӕ дыстӕ басчъил кодта куыстмӕ

ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы Къохаты хъæуы цæрæг Куымæридтаты Валерий ныр æртыккаг аз кæны фосдарды куыст. Цалынмæ фермерон хъуыддагмӕ нæ бавнæлдта, уæдмæ куыста Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, пенсийы ацыд майоры цины.

Валерий у ахæм адæймаг, кæцыйæн йæ бон нæу иу ран бадын, рæстæг дзæгъæлы сафын. Нæу иу уысм дæр æнæзмæлгæ, æнæ архайгæ. Хъæуы хъомыл уæвгæйæ, уый бирæ уарзта фосдарды куыст. Фæлæ хорз æмбæрста, фермерон хæдзарад аразынæн бирæ æхцайы фæрæзтæ кæй хъæуы. Иу ахæмы йæ хъуыды бамбарын кодта йе ‘фсымæр æмæ сæ сыхаг лæппуйæн. Уыдон ын ныфс бавæрдтой, йæ фарсмæ кæй балæудзысты, хæс ын æхца кæй ратдзысты æмæ бавнæлдта фермерон хæдзарадæн бындур æвæрынмæ.

"Хуссар Ирыстоны фосдарды куыст чи кæны, уыдон нымæц фæстаг азты бæрæг фæкъаддæр, хъæуты уадиссаг цæрджытæ кæй нал ис, уый аххосæй. Фосдард кæнынæн та мæ райгуырæн хъæу Къохаты иттæг хорз уавæртæ ис. Фæлæ уæддæр цалынмæ фосдарды куыстмæ æрывналай, уæдмæ фермер хъуамæ йæхи бафæрса, уарзы ацы куыст æви нæ. Бирæтæ фос скæнынц, фæлæ сæм æмбæлон хъусдард кæй нæ вæййы, уый фыдæй сæ уадиссаг пайда нæ райсынц", - зæгъы Куымæридтаты Валерий.

 Уый сфæнд кодта йæ фермерон куыст лыстæгкъах фосæй райдайын. Ленингоры районы балхæдта фыстæ æмæ сæгътæ. Хъуыд сын капиталонæй скъæт саразын дæр.

© Sputnik / Ян ГабараевВалерийы фермæ
Милицийы майорӕй фосдарды куыстмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Валерийы фермæ

"Зыдтон, цы хъуыддагмæ бавнæлдтон, уый æрдæгыл кæй нал ныууадздзынæн, фос та азæй азмæ фылдæр кæнынц, уымæ гæсгæ егъау скъæт сарæзтон. Ме ‘хцайы фæрæзтæ фылдæр ууыл ацыдысты, фæлæ фæсмон нæ кæнын, уымæн æмæ ныр та стуртæ балхæдтон æмæ мын бабæззыд. Адих æй кодтон æмæ иннæ æрдæджы та стуртæ æмæ родтæ сты", - радзырдта фосдарӕг.

Валерий банысан кодта, йӕ фос иууылдæр кӕй сты бынæттон фосы мыггагæй. Нæ климатон уавæртыл, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ æрласгæ фос ма æрцахуыр уой æмæ бынтондæр æнæфтиаг фæуой. Фермермæ йæ фосæй уæймæ цы æнтысы, уыдоны æрласы горæты базармæ. Фӕлӕ йӕ хатт уырдæм сæ аласыны сæр дæр нал бахъæуы - æлхæнджытæ бынатмæ дæр æрбацæуынц.

"Фыстæй хуыздæр та сæгътæ уæй кæнынц. Родтæ æлхæнджытæ дæр бирæ ис. Уæлдайдæр та Цæгат Ирыстонмӕ фæндаг æхгæд куы æрцыдис, уæдæй нырмæ. Ласæггаг фыдызгъæл нал ис, бынæттон та æнæуый дæр асламдæр æмæ хæрзаддæр у", - бафиппайдта фермер.

Валерий ма куыд радзырдта, афтæмæй урсаджы продукттæ нырма нæ уадзы, уымæн æмæ уый тыххæй хъæуы кусæг æххуырсын. Йæ авналæнтæ та уыйбæрц нæма сты. Ис æм æрмæстдæр иу фыййау, кæцыйæн æххуыс кæны йæхæдæг дæр.

Хуыбецты  æфсымæрты хъӕрмуат  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бынæттон халсартæ æлхæнынмæ - Хуыбецты æфсымæрты хъӕрмуатмæ

Зæгъы, зæгъгæ, мæ бинонты нæ тыхсын кæнын, йæ лæппу йӕм кæд арæх æрбауайы æххуыс кæнынмæ, уæддæр нырма скъолайы ахуыр кæны, архайы спорты дæр, ис ын æнтыстытæ æмæ йæ фæиппæрд кæна, уый йæ нæ фæнды.

Фермеры ныхæстæм гæсгæ, фосдард чи кæны, уый хорз хъуамæ зона ветеринары дæсныйад дæр.

"Ветеринарийы сусæгдзинæдтæ куыннæ зонай, уæд хуыздæр у ацы хъуыддагмæ æввахс дæр ма балæууай. Фосæн сæхи низтæ ис. Афæдзы алы афон дæр сын бахъæуы вакцинæтæ саразын. Хостæ та сын æрхæссын Цæгат Ирыстонæй. Ацы бонты дæр та сын сараздзынæн судзинтæ. Мæхæдæг цы нæ зонын, уымæй та бафæрсын, ацы куыст чи кæны, ахæм фермерты, стæй ветеринарты дæр", - бафтыдта Валерий.

Нӕлгоймагӕн нырма йæ уавæртæ уыйбæрц не сты, цæмæй техникæ балхæна. Йæ фыдæлтæ иу куыд архайдтой, уый дæр афтæ фыдæбон кæнын. Холлаг æрцæттæ кæн æмæ сæ уый фæстæ æххуырст машинæйыл æрласы бынатмæ.

© Sputnik / Наталья АйриянВалерийы фермæ
Милицийы майорӕй фосдарды куыстмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Валерийы фермæ

Хицауад чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады тыххæй цы хатырон кредиттæ дæтты, уыдонæй фермер никуы райста, æрмæст домы, цæмæй йын сæххæст кæной йæ иууыл стырдæр бæллиц. Йæ фермæйæ 500 метры æддæдæр цæуы электрохахх æмæ йæ цæджындз, фæнды йӕ, цæмæй йын уырдыгæй йæ фермæмæ рауадзой рухс. Хицауадмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ныффыста куырдиат, фæлæ йæм нырма хъусдарæг нæй. Æрæджы дон йæхæдæг рауагъта æмæ та рухсæн дæр исты самал кæнид, фæлæ уымæн хъæуы сæрмагонд бардзырд "Энергоресурс"-æй, уыдонмæ та йæ куырдиат лæууы ныр дыккаг аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0