Рагӕй йӕм ӕмбӕлд: Национ телеуынынады амонӕгӕн балӕвар кодтой фатер

© Из личного архива Георгия ПлиеваПлиты Георгий
Плиты Георгий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд мӕй Хуссар Иры ЦАРЗ-ы микрорайоны уӕвӕг ӕмдзӕрӕндоны цӕрджытӕ райстой фатертӕ, амондджын бинонты хсӕн Плиты Георгий дӕр, уый йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ цӕры ӕххуырст хӕдзӕртты

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады информацион алӕвӕрдты амонӕг Плиты Георгий райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕххуырст хӕдзӕртты цӕрыны фӕстӕ бацис йӕхи къуымы хицау. Амондджын бинонтӕ абон сӕ муртӕ хӕссынц ног цӕрӕнуатмӕ.

Ивгъуыд мӕй Хуссар Иры ЦАРЗ-ы микрорайоны уӕвӕг ӕмдзӕрӕндоны цӕрджытӕ райстой фатертӕ.

"Ӕмдзӕрӕндоны цӕрджытӕ мӕ хъысмӕтыл ӕрцахуыр сты, кӕд нӕ хъӕлӕс райхъуысы, уӕддӕр ӕвзӕрстыты рӕстӕджы. Уымӕ гӕсгӕ ацы цау ссис ӕнӕнхъӕлӕджы бӕрӕгбонау. Диссаджы скъуыддзаг - паддзахад у адӕмӕн", - радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг Георгий.

Амондджын номхыгъдмӕ цы адӕм бахауд, уыдонмӕ мӕйы размӕ фӕуазӕг ис сӕрмагонд къамис ӕмӕ райдыдта ӕмбырд кӕныны гӕххӕтытӕ.

© Facebook / Георгий Плиев Плиты Георгий
Рагӕй йӕм ӕмбӕлд: Национ телеуынынады амонӕгӕн балӕвар кодтой фатер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Георгий

"Фыццаг сӕм хъус дӕр не ʻрдардтон, уый бӕрц ӕзты дӕргъы рацахуыр стӕм хорздзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Иугай-дыгай нӕм сидтысты горӕты администрацимӕ. Банхъардтой бацӕттӕ кӕнын гӕххӕтытӕ фатер райсынмӕ. Уыцы хъуыддаджы дӕр уый бӕрц рӕвдз нӕ разындтӕн, фӕлӕ мын ӕххуыс кодтой сӕхӕдӕг, афтӕ ӕртӕхатӕнон фатеры хицау бадӕн", - загъта уый.

Плиты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм амондджынтӕ уыдон ныр бирӕйӕ сты.

"Фыр цинӕй нӕ арӕм хъӕугӕ ныхӕстӕ, ӕрмӕст цӕуӕм гом мидбылхудтимӕ. Ацы цин у президент Бибылты Анатолий лӕггад. Цыфӕнды ма дзурой, ацы адӕм гуырдзыйы националисттӕй куы лыгъдысты, уӕдӕй нырмӕ, 30 азы дӕргъы фыццаг хатт рахатыдысты, рӕстдзинад кӕй ис", - бафтыдта Георгий.

Цхинвалы Хъайтарты уынгыл ног хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕдӕ бинонтӕй фылдӕр тагъд райсдзысты ног фатертӕ

Лӕппу йӕ мады мад ӕмӕ чысыл хо Марияимӕ ныр ног бынатмӕ цадӕггай лидзынц. Фыццаг уал ног фатеры ӕрфысым сты Георгийы сӕйраг хӕлӕрттӕ - чингуытӕ.

"Мӕ мад ахуырмӕ ӕрцыд 1991 азы Гуырзыстонӕй, ӕмӕ ам баззад, 1994 азы ӕз райгуырдтӕн. Мӕхи цы зонын, уый цардыстӕм ӕххуырст фатерты, куы нал ӕххӕссыдыстӕм нӕ хӕрдзтыл, уӕд ӕмдзӕрӕндонмӕ балыгъдыстӕм. Ӕрмӕст дӕр ацы фӕндаг чи рацыд, уый бамбардзӕн дӕхи къуым ссарыны цин", - загъта уый.

Хорздзинӕдтӕ ныр Плиты Георгийы бинонтӕм фемхиц сты, ӕмӕ сӕ ног къуыммӕ райстой лӕвар пианино Хуссар Ирыстоны минӕварады кусӕг, поэтессӕ Уалыты Зарайӕ.

Плиты Георгийы царды ӕввӕрццаг ивындзинӕдтыл цин кӕнынц йӕ коллегӕтӕ дӕр.

"Ӕцӕг йӕм ӕмбӕлд. Бинонтӕ сты тыхст уавӕрты. Паддзахад йӕ лӕггадӕн хуыздӕр ӕмӕ ӕмбӕлгӕдӕр адресант не ссардтаид",- загъта паддзахадон телеуынынады директоры хӕдивӕг Козаты Дзерассӕ.

ЦАРЗ-ы зӕронд ӕмдзӕрӕндоны бӕстыхай у аварион, йӕ бынаты хъавынц саразын ног корпус.

Ног хабӕртты лентӕ
0