Чъерами тоннæтæй: цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар
Цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туаты Славикы дыргъдӕттӕй чъерами тоннӕгай лхӕд цӕуы тӕккӕ цӕхӕрадоны цурӕй. Рæстæгмæ базар сырæзт Присы хъæуы дæлвæндаг, ам асыккгай адæм æлхæнынц бынæттон чъерами

ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы халсары уӕлтӕрхджытӕ ацы сезон бацахстой бынӕттон чъерами. Присы быдыртӕй ӕркӕнгӕ дыргъ ӕвӕрынц зымӕгмӕ ӕмӕ йӕ ӕвзарынц ӕрласӕггагты цур.

Туаты Славикы дыргъдӕттӕй чъерами тоннӕгай лхӕд цӕуы тӕккӕ цӕхӕрадоны цурӕй. Рæстæгмæ базар сырæзт Присы хъæуы дæлвæндаг, ам асыккгай адæм æлхæнынц бынæттон чъерами.

"Йæ аргъ дæр у æрласгæ дыргъы аргъæй къаддæр, стæй дзы их кæй фæнадта, уый дæр у хæрзаддæр æмæ будтæфæн дæр даринаг", - радырдта горæты цæрæг Алина.

Гагадыргъы хицӕн хуызтӕ кӕрӕдзи ӕййафгӕ рӕгъӕд кӕнынц ныр мӕййӕ фылдӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan Чъерами
Чъерами тоннæтæй: цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чъерами

Хӕдзарад кусы 2015 азӕй, ныр дыккаг аз дӕтты тыллæг. Дыргъдӕттӕ ахсынц 43 гектары, ацы тыгъдады зайы чъерамийы ӕртӕ хуыз, алтъами, чылауи цалдӕр хуызы ӕмӕ бал.

"Ис мӕм сомихаг чъерами шалах, дагестайнаг, фӕлӕ сӕ иууыл хӕрзадыл ӕз нымайын фӕстаг чи рӕгъӕд кӕны, уыцы хуыз, уый у иууыл адджын", - радзырдта амалиуӕггӕнӕг.

Туаты Славик нымайы ацы хъуыддаг фыдӕбонджыныл. Лӕг дӕнцӕгӕн райста йе 'фсымӕры фӕлтӕрддзинад, кӕцы ацы куыстыл ныххӕцыд Цӕгат Ирыстоны.

"Ныр уый бӕрц фыдӕбонмӕ мӕ ныфс нал бахастаин. Фыццаг бӕласӕй кӕройнӕгтӕм ис 980 метр, бирӕ хъусдард сӕм хъӕуы. Кусджытимӕ иумӕ ӕз дӕр кусын. Аууонӕй кӕсын сӕм бон. Иу 18 адӕймаджы бӕрц мӕм кусы сезон. Фыццаг аз радтой сӕ фадӕтты 25 проценты, фондз тонны бӕрц. Фылдӕр мын ӕххуыс кӕнынц ме ʻввахс адӕм, - бафтыдта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Чъерами
Чъерами тоннæтæй: цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чъерами
Лӕг бӕлӕстӕ дӕр йӕхӕдӕг аразы ӕфтауӕн. Фондз азы размӕ ӕвӕрд ӕрцыд хӕдзарады бындур, фыццаг уал ныссагъта ӕхсынцъы, стӕй уыдоныл бафтыдтой ног культурӕтӕ.

"Мӕгуыр зӕхх у ӕмӕ йын развӕлгъау сарӕзтой ахуыртӕ. Ацы бӕлӕстӕй хуыздӕр дзы ницы 'рзайдзӕн. Ӕдӕппӕтӕй дзы ис 27 мин быны" , - загъта Туаты Славик.

Нырма чъерами дӕтты тыллӕг, фӕстӕдӕр ма дзы фӕзындзӕн алтъами ӕмӕ чылауи.

© Sputnik / Natalia AiriyanЧъерами
Чъерами тоннæтæй: цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чъерами
Ног хабӕртты лентӕ
0