Туаты бинонты куырой - сыгъдæг ссадæй Цхинвал æмæ районты ифтонггæнæг

© Sputnik / Natalia Airiyan Туаты Граф æмæ йæ куырой
 Туаты Граф æмæ йæ куырой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горӕттаг куырой бон дӕтты дыууӕ голлаг хӕрзгъӕд ссад, сæ хойраджы дзæкултæ ардæм хæссынц горæт æмæ хъæутæй

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Фаллаг фарсы районы уӕвӕг куырой у иунӕг бынат, цы ран ма амал кӕнынц рагон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ссард. Горӕттаг куырой бон дӕтты дыууӕ голладжы дзаг хӕрзгъӕд ссад, сæ хойраджы дзæкултæ ардæм хæссынц горæт æмæ хъæутæй.

Куырой иууылдӕр у йæ хицау Туаты Графӕн йӕхи къухтæй саразгӕ.

"Тынг къухджын у. Куыройӕн сӕрмагонд дуртӕ самал кӕнынӕй йӕ аннӕ механизмты онг иууылдӕр у йӕхи арӕзт", - дзуры Графы æмкъай Кокойты Зариффа.

Сӕ хоры дзӕкулимӕ Туаты хъæдзары раз ӕрбалӕууынц ӕрмӕст Цхинвалы цӕрджытӕ нӕ, фӕлӕ ма районтӕй дӕр. Клиентты нымӕц у ӕнӕкӕрон, рауагъдад та кусы цадӕггай.

"Дменис, Знауыр, Сатихъар цæуынц махмæ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр куырой никуы ис. Фӕлӕ нын кусы узгӕ. Бон иууыл фылдӕр дӕтты дыууӕ голладжы", - бафтыда сылгоймаг.

© Sputnik / Natalia Airiyan Ссад
Туаты бинонты куырой - сыгъдæг ссадæй Цхинвал æмæ районты ифтонггæнæг  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ссад

Бинонтæ ссынц æппӕт хуызы хортӕ дæр, фæлæ ныртӕккӕ куырой ӕнӕрлӕугӕйæ лӕхуры нартхор.

"Ныридӕгӕн ссӕм нартхор. Уый фæстæ куырой ныссыгъдӕг кӕндзыстæм ӕмӕ райдайдзыстæм къӕлуа ссын. Майрӕмкуадзӕнмӕ бирæты фæхъæуы къæлуа", - дзуры Зариффа.

Монополон куырой кусын кӕнынц ус дӕр ӕмӕ лӕг дӕр. Бинонтӕ куырой дарынц ныр 40 азы дӕргъы.

© Sputnik / Natalia Airiyan Куыройы хицӕуттӕ - Туаты Граф ӕмӕ Кокойты Земфира
Туаты бинонты куырой - сыгъдæг ссадæй Цхинвал æмæ районты ифтонггæнæг  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыройы хицӕуттӕ - Туаты Граф ӕмӕ Кокойты Земфира

"Мӕхӕдӕг Цхинвалы районы Ципоры хъӕуӕй рацæугæ дæн. Йӕ рӕстӕджы ӕрмӕст махмӕ уыд 12 куыройы, куыстой донӕй. Фæлæ ныр мӕ райгуырӕн хъӕуы дӕр куырой дуртӕ никуыуал зилынц. Стæй æз дуртӕ уырдыгӕй рахастон æмӕ йӕ горӕты дæр скусын кодтон", - загъта куыройы саразӕг Граф.

Туаты амалиуӕгадмæ иууыл стырдӕр заказтæ цӕуынц Дзулфыцӕн комбинатӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Туаты Графы куырой
Туаты бинонты куырой - сыгъдæг ссадæй Цхинвал æмæ районты ифтонггæнæг  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Туаты Графы куырой

 

Ног хабӕртты лентӕ
0