Хуссар Иры сомбон аразджытæй сæ иу Гасситы Анна

© Sputnik / Дриаты ЛейлаГасситы Анна
Гасситы Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæйраг уый у, æмæ мæ зæрдæмæ цæуы мæ ахуыр, нæ фæфæсмон кодтон, кæй æрбацыдтæн нæ паддзахадон университетмæ, уымæй, банысан кодта чызг

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты курдиатджын æмæ æвзыгъддæр рауагъдонтæй иу у, йæ ахуыргæнджытæн æмæ йе ʻмкурсонтæн уарзон чи у, уыцы бафæзминаг уæздан, рæсугъд чызг Гасситы Анна.

Анна ахуыр кодта иу рæстæджы фæсарæйнаг æвзæгты æмæ ирон филологийы факультетты фæсаууонмæ хайады. Каст фæцис Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъола æнтыстджынæй. Скъоладзау уæвгæйæ дæр ахуырмæ уыдис зæрдæргъæвд. Аннæ куы рахъомыл æмæ йæ сомбоны дæсныйадыл куы хъуыды кодта, ома, скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр кæм хъуамæ адарддæр кæна, уæд йæ зæрдæ фылдæр дзырдта мадæлон æвзаг хуыздæр базонын æмæ йæ бæстонæй сахуыр кæнынимæ. Равзæрста ирон филологийы факультет æмæ йæ зыдта, уырдæм æнæмæнгдæр кæй бацæудзæнис ахуыр кæнынмæ.

"Чысылæй фæстæмæ йæ зыдтон, ирон филологийы факультетмæ кæй бацæудзынæн, уый. Фылдæр мæ хъус дардтон ирон литературæмæ æмæ кастæн ирон классикты уацмыстæ. Ацы хъуыддаджы егъау уыдис мæ ахуыргæнджыты хайбавæрд дæр", - загъта Гасситы чызг.

Анна куыд банысан кодта, афтӕмӕй йæ зæрдæмæ нæ цæуы, не ‘взагæй арвистон кæй аразæм, ирон æвзагæн æцæгæлон чи сты, ахæм дзырдтæй кæй пайда кæнæм.

"Тынг бауарзтон ирон дзырд. Ис нæм ахæм уацмыстæ æмæ сæ мæ бон у сæвæрын зындгонд фæсарæйнаг классикты уацмысты æмрæнхъ", - дзуры уый.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаГасситы Анна йæ хæларимæ
Хуссар Иры сомбон аразджытæй сæ иу Гасситы Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Анна йæ хæларимæ

Рауад афтæ, æмæ чызг иуæндæсæм къласы куы уыдис, уæд йæ разы сæвæрдта хæс, иумиаг паддзахадон фæлварæн кæй хъуамæ радта тынг хорз нысаныл. Бахъуыд æй уæлæмхас англисаг æвзаг сахуыр кæнын, иуæй йæ зонындзинæдтæ фæарфдæр кæныны тыххæй, аннæмæй та, цæмæй фæлварæн хуыздæр радтаид. Æмæ уæд йæхи цæттæ кæнын райдыдта йæ репетитор, университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультеты ахуыргæнæг Цхуырбаты Ланамæ.

 Æрыгон чызг уæд арфдæр аныгъуылд фæсарæйнаг æвзаджы сусæгдзинæдтæ базоныны, бамбæрста, дарддæр дæр æй кæй ахуыр кæндзæн скъола каст фæуыны фæстæ.

"Уый размæ дæр æй хатыдтæн, фæлæ æрмæстдæр уæд бамбæрстон æвзагæн йе ʻцæг тых. Стыр бузныг дæн мæ репетиторæй, уый руаджы бауарзтон фæсарæйнаг æвзаг. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр ирон дзырдæн æндæр ад ис. Стæй сæ барын дæр цæмæн хъæуы? Мæнмæ гæсгæ, адæймаг æрмæст иу æвзаг куы зоны, уæд æрмæстдæр иуæрдæм кæсы. Æмæ цалдæр æвзаджы та куы зонай, уæд та уæрæхдæр кæны дæ дунеæмбарынад дæр æмæ иумиагæй дæ хъуыды дæр. Алы æвзагæн дæр ис йæхи музыкæ, алы æвзаг дæр хæссы йæхи дунеæмбарынад", - банысан кодта Анна.

Æнтыстджынæй радта Хуссар Иры университеты бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ссис дыууæ факультеты хуыздæр студенттæй сæ иу. Цымыдисон хъуыддаг ма уый у, æмæ Анна кæд ирон филологийы фæсаууонмæ хайады ахуыр кодта, уæддæр афтæ сарæзта æмæ барвæндæй лекцитæм цыд ирон филологийы боны хайадмæ.

Тедеты Аланӕйы куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мӕ куысты бавæрын мæ уд": Тедеты Аланӕйы рӕсугъд хъуыддаг

Ахæм студентты, куыд фæзæгъынц, цырагъы рухсæй фæагурынц, æмæ æрыгон чызг йæ деканмæ куы бахатыд ацы хъуыддаджы фæдыл, уæд ын йæ ныхасыл дыууæ нал загътой æмæ ма йыл цин дæр бакодтой.

"Сæйраг уый у, æмæ мæ зæрдæмæ цæуы мæ ахуыр, нæ фæфæсмон кодтон кæй æрбацыдтæн нæ паддзахадон университетмæ, уымæй", - дзуры чызг.

Уæдæ адæймаг йæ ахуыры мидæг æнтыстджын куы вæййы æмæ йын æхсæнадон цардмæ дæр уæлæнгай ахаст куы нæ вæййы, уæд ахæм "удæгас" адæймагæн куыст ссарын проблемон никуы вæййы. Гасситы Анна дæр раст у ахæм адæймаг æмæ ныридæгæн кæны сфæлдыстадон куыст дæр. Кусы паддзахадон радиойы информацион хайады дикторæй. Ис ын хорз дикци æмæ ныхас та кæны сыгъдæг литературон æвзагыл.

Гасситы Аннæ йæ сæрибар рæстæджы кæсы æмдзæвгæтæ, уарзы музыкæмæ хъусын æмæ иунæгæй тезгъо кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0