"Алы рынчыны хуыз дӕр баззад мӕ зӕрдыл": волонтер Тедеты Анжела "сырх зонӕйы" тыххӕй

© Sputnik / Дриаты ЛейлаВолонтер Тедеты Анжела
Волонтер Тедеты Анжела - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны "сырх зонӕты" волонтертæй дæр æмæ дохтыртæй дæр рынчынтæн алчидæр кæны йæхирдыгонау, фæлæ се ‘ппæты дæр иу кæны иу хъуыды, сæ куысты нысан у иу - нæ респубикæйы æмбæстæгтæн æмбæлон æххуыс афоныл бакæнын æмæ низæй куыдтагъддæр ссæрибар кæнын

ЦХИНВАЛ, 1 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнæг Тедеты Анжела йæ рæстæджы райста ахуыргæнæджы дæсныйад, никуы куыста рынчынтимæ дæр, фæлæ куы фехъуыста, РММЦ-йы инфекцион хайады дохтыртæн æххуыс кæнын хъæуы, уæд æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ уайтагъд йæхи барæвдз кодта йе ‘ххуысы къух сæм фæдаргъ кæнынмæ. Анжела куыд загъта, афтæмæй уал фыццаджыдæр уый адзырдта сывæллæтты рынчындоны, ныртæккæ инфекцион хайады сæйраг дохтыр Хæныкъаты Ларисамæ æмæ сбæлвырд кодта, æнæ медицион зонæнтæй йе ‘ххуыс бахъæудзæнис, æви нæ.

 "Кастæн нæ адӕмы тыхст уавæрмæ, чи сæ уыд уæззау уавæры, чи та фæкæсæджы хъуагдзинадæй ацыд а-дунейæ. Тынг сыл рыстис мæ зæрдæ, фæлæ нæ зыдтон, æнæ медахуырдзинадæй сын цы хъуамæ баххуыс кодтаин. Мæ бон не ссис æмæ сæм дардæй кастаин. Хæныкъаты чызг мын куыд загъта, афтæмæй уыдон хъуыд алыгъуызон æххуыс дæр, фæлæ низ хæцгæ æмæ удæн тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ алчи йæ ныфс нæ хæссы "сырх зонæйы" кусынмæ", - радзырдта волонтер.

Анжела бацыд рынчындонмæ æмæ стыр фæндондзинадимæ балæууыд рынчынтæ æмæ дохтырты фарсмæ. Зонæмæ бахизгæйæ фыццаджыдæр банкъардта æххуысы къухты хъуагдзинад. Куыд рабæрæг, афтæмæй медкусджытæй бирæтæ сӕхӕдӕг уыдысты рынчын, бирæтæ та низæй тæрсгæйæ нæ рахызтысты сæ куыстытæм.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаВолонтер Тедеты Анжела
Алы рынчыны хуыз дӕр баззад мӕ зӕрдыл: волонтер Тедеты Анжела сырх зонӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Волонтер Тедеты Анжела

"Дыууæ къуырийы дæргъы райсом фараст сахатæй изæры æхсæз сахатмæ æххуыс кодтам, цы нæ бон уыд, уый. Сæрмагонд дарæсы кæд æнцон нæ уыд, уæддæр быхстам, уымæн æмæ мах уавæрæй рынчынты уавæр уыд бæрæг æвзæрдæр. Уыдоны тыхст, æххуысмæ æнхъæлмæгæсæг цæстытæм-иу куы бакастæн, уæд-иу мæ æппæт дæр айрох, фæндыд мæ æрмæстдæр уыдонæн исты феххуыс кæнын", - мысы Анжела.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон кодтой алыгъуызон куыст дæр - райсомæй рынчынтæн бахæрын кæнын, хостæ сын бадарын, бафснайын æмæ æндæр ахæм куыстытæ дæр.

"Æппæт уыдæтты æмрæнхъ мæ фæндыд алы рынчынимæ дæр хицæнæй аныхас кæнын, уымæн æмæ æнкъардтон, семæ иу куы аныхас кодтой, уæд-иу сын кæй фенцондæр ис. Мах не ‘ппæт дæр иугъуызон сæрмагон дарæсы уыдыстæм, нæ зындысты нæ цæсгæмттæ æмæ рынчынтæ нæ зыдтой, чи нæу дохтыр, чи у санитаркæ. Уымæ гæсгæ сын махæй алчи дæр уыд иугъуызон ныфс æмæ-иу нæ алкæмæн дæр радзырдтой сæ тыхстдзинад", - банысан кодта уый.

Волонтертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уыд дзы ӕвӕрццаг ӕнкъарӕнтӕ дӕр: волонтер "сырх зонӕ"-йы куысты тыххӕй

Ахæм психологон беседæтæ та, Анжелайы хъуыдымӕ гӕсгӕ, æнæмæнгхъæуæг сты алы рынчынæн дæр, уæлдайдæр та цардæн тæссаг низтæй рынчынтæн.

"Уыдонæй бирæтæ сæхи æнкъардтой тынг æвзæр, æгæрыстæмæй сын нæ уыд, удæгас баззайой, уый ныфс дæр. Тас æнкъаргæйæ-иу сцъиувæдис сты æмæ сæ уавæр кодта æвзæрдæр. Алы рынчыны хуыз дæр дзы баззадис мæ зæрдыл, сæ тыхст цæстæнгас. Сæ хъуыдытæ-иу куы загътой, уæд-иу адæймаджы уæнгтæ барызтысты", - радзырдта волонтер.

Коронавирусæй рынчынтимæ архайгæйæ тæссаг у фæрынчынæй дæр, науæд æй æввахс адæмыл бахæцын кæнынӕй. Анжелæйæн кæд йæ бинонты ‘хсæн ис кардзыд адæймæгтæ, æнахъом сабитæ, уæддæр йæ ӕнкъараг, аудаг удыхъæды руаджы ахсджиагдæрыл нымадта рынчынтæн æххуыс кæнын æмæ йæ аразгӕ дӕр кодта.

Анжела куыд дзуры, афтӕмӕй уый æрмæстдæр йæ зæрдæйы, йæ уды домæнмæ гæсгæ бацыд "сырх зонæмæ" æмæ цы сарæзта, уый та нæ нӕ нымайы стыр хӕрзиуӕгон хъуыддагыл.

"Пандемийы фæстиуæгæн сæвзæргæ уавæры мæ бон цы уыд, уый куы нæ баххуыс кодтаин мæ адæмæн, уæд мын нæ уыдаид æнцойад. Зын у, тынг зын у адæймаджы цæстæнгасмæ уӕззау уавӕры кæсын… Алы адæймаг дæр, чи фæнды ма уа, уæддæр у зынаргъ. Цард алкæмæн дæр иу у. Мах мæлæты раз æдых стæм, фæлæ алчи дæр хæсджын у, цæмæй нæ бон куыд у, афтæ ахæм уавæрты æрбалæууæм кæрæдзийы фарсмæ. Æз æрмæстдæр сæххæст кодтон ме ‘мбæстагон хæс", - загъта волонтер.

Санитарон æмæ психологон æххуысæй дарддæр рынчынæн, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр у гъæдджын медицинон æххуыс бакæнын. Анжела куыд зæгъы, афтæмæй рынчындоны йемæ цы медхотæ æмæ дохтыртæ уыд сменæйы, уыдон се ‘ппæт дæр куыстой рынчынтимæ сæ удыл æнауæрдгæйæ.

Габайты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнӕмӕнг хъӕуынц психологтӕ": волонтер "сырх зонӕ"-йы тыххӕй Цхинвалы

 "Алчи дæр сæ йæ хæстæ æххæст кодта бæрнонæй, арæзтой æппæт дæр, зæгъæн ис, сæ бон куыд уыд æмæ куыд нæ уыд, афтæ. Иу сменæйы куыстон Хæныкъаты Ларисаимæ дæр æмæ федтон йæ аудгæ ахаст рынчынтæм. Боны дæргъы-иу сыл азылдис цалдæргай хæттыты, сбæрæг-иу сын кодта сæ уавæр æмæ-иу сын афоныл бакодта медицинон æххуыс. Ахæм бæрнон ахаст уыд медхотæн дæр рынчынтæм", - банысан кодта уый.

Тедион катай кӕны, зӕгъгӕ, ныртæккæйы царды, хъыгагæн, адæм кæд стыр аргъ кæнынц бирæ мулк, зынаргъ машинæтæ æмæ дардыл амад хæдзæрттæн, уæддæр уыдон не сты æмæ ма хъуамæ уой адæймагдзинадæй уæлдæр бынаты.

"Кæрæдзийыл аудын æмæ адæймаджы цардæн аргъ кæнын сты æппæты зынаргъдæр æмæ ахсджиагдæр миниуджытæ. Уый алчи дæр хъуамæ бамбарид, ныртæккæ æппæт дунейы цы уавæр сæвзæрдис, уый хынцгæйæ. Фæнды мæ, цæмæй ирон адæм зоной кæрæдзийæн аргъ кæнын, уой æнгомдæр æмæ сыл макуы фæтых уа кæрæфдзинад. Æрмæстдæр æмдых æмæ æнгомæй ис рахизæн æппæт зындзинæдтæй дæр", - балхынцъ кодта Тедеты Анжела.

Ног хабӕртты лентӕ
0