Кæд мæ бæллиц сæххæст уа: Джиоты Сурем фæнд кæны Цхинвалы "Ирон къæбиц" бакæнын

© Sputnik / Наталья АйриянИрон фынг
Ирон фынг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2021
Рафыссын
Хæринæгты меню Джиоты Суремæн фыст у ставд тетрады. Зæгъы, зæгъгæ, ма йæм ахæм тетрæдтæ ис рецепттимæ дæр, кæд æмæ сæ алкæцы дæр лæмбынæг хъуыды кæны, уæддæр

ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг Джиоты Сурем дæр Экономикон райрæзты министрады хатырон уавæрты кредиттæ радтыны фæдыл къамисмæ йæ бизнес-план бадæтта. Кæд æмæ къамис фæндон рахæсса æмæ йын бантыса кредит райсын, уæд уый йæ бинонтимæ байгом кæндзæн, ирон национ хæринæгтæ кæм арæзт цæудзæнис, ахæм хæрæндон. Йæ ном дæр ын æрхъуыды кодтой бинонтæ – "Ирон къæбиц", зæгъгæ.

"Ирон къæбиц афтæ хъæздыг нæу хæринæгтӕй. Кавказы цæрæг адæмты къæбицты куыд бирæ алыхуызон хæринæгтæ ис, махмæ афтæ нæу. Уымæн йæ аххосаг мах зонæм историйæ - нæ фыдæлтæ цардысты хæхты цъассы, уавæртæ дзы нæ уыд дыргътæ, халсæрттæ æркæнынæн. Сæйрагдæр фосдарды куыст кодтой. Уымæ гæсгæ ирон традицион хæринæгтæ сæйраджыдæр, сты æхсыры продукттæ æмæ фыдызгъæлæй", - радзырдта Сурем.

Хæринæгты меню Джиоты Суремæн фыст у ставд тетрады. Зæгъы, зæгъгæ, ма йæм ахæм тетрæдтæ ис рецепттимæ дæр, кæд æмæ сæ алкæцы дæр лæмбынæг хъуыды кæны, уæддæр.

Къуымбилы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Национ æрмдæсныйæдтæ раздахын: Цхинвалы сног кӕндзысты къуымбилгуыст

Хицæнæй фыст æм сты кастæ дæр. Джиоты Сурем куыд зæгъы, афтæмæй уæлибыхтæй дарддæр йæ "Ирон къæбиц"-ы араздзысты насджын, фиуджын, давонджын, фыдджын æмæ хъæдындзджын дæр.

"Кæд æмæ кредит райсон æмæ нæ "Ирон къæбиц" сырæза, уæд дзы иннӕ хæринæгты нымæцы уыдзæн "Цывзыдзæхтон" æмæ "Нурыдзæхтон" дæр", - бафтыдта фидӕны амалиуӕггӕнӕг.

Нозтæй та, фидарӕй бахахх кодта Сурем, æрмæстдæр ирон бæгæны задæй æмæ къуымæл.

Сурем куыд загъта, афтæмæй ирон традицион хæринæгтæ гæнæн ис сæ зæрдæмæ ма фæцæуой æвзонг фæлтæрæн, уый тыххæй æмæ уыдон алы калори дæр нымайгæ кæнынц, сæ уæзмæ бафтауынæй тæрсынц.

"Фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ уæлдæр ранымад хæринæгтæн иу хатт сæ ад куы базонай, уæд та дæ фæнддзæн махмæ æрбацæуын. Чизоны ма йын йæ рецепт дæр ракурой", - уырны нæлгоймаджы.

Сурем ныфс дæтты, йæ хæринæгтæн хомæг - натуралон урсаджы продукттæ, ставд æмæ лыстæг фосы фыд кæй амал кæндзæн æрмæстдæр бынæттон фермертæм.

"Уыдонмæ бынатмæ куы цæуæм æмæ сын сæ продукции куы æлхæнæм, уæд, мæнмæ гæсгæ, цæттæ уыдзысты бадзырдтæ саразынмæ дæр", - балхынцъ кодта Джиоты Сурем.

© Sputnik / Наталья АйриянИрон бæгæны
Кæд мæ бæллиц сæххæст уа: Джиоты Сурем фæнд кæны Цхинвалы Ирон къæбиц бакæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2021
Ирон бæгæны
Ног хабӕртты лентӕ
0