Скад ын кодта знаг дӕр: Джиоты Владикы (Басмач) цыбыр фӕлӕ ирд цард ӕмгӕртты мысинӕгты

© Sputnik / Natalia Airiyan Басмач
Басмач - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Терегуайнаг ӕвзонг лӕппу Джиоты Владислав Афганистанæй æрыздæхт Басмачæй, бӕрзонд хорзæхтимæ, æгæрон хæстон фæлтæрддзинад æмæ контузиимæ. Цыбыр æмгъуыдмæ уый ссис хæстфæллад Ирæн йæ ныфс. Хъаруджын хæстон иунæгæй иста блиндажтæ, æрнывыл-иу кодта æгас хъæуты цард

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хъайтар Джиоты Владислав (Басмач) рацыд дыууæ хæсты, ссис йæ хъæубæстæ æмæ Ирыстоны ныфс, йӕ ном айхъуыст дӕрддыл. Фӕлӕ 1992 азы йæ мæлæт ссардта знаджы ныхмæ тохы. Номдзыд хæстоны кадӕн знаг дæр æрурæдта йæ рбабырстытæ, цалынмæ Ирыстоны хъайтары йе ʻнусон бынатмæ афæндараст кодтой, уæдмæ.

Ӕппӕтнацион хъынцым

Иууæндæсæм июны 1992 азы фæстаг балцы æрвыстой Знауыры районы Терегуаны хъӕуккаг ӕвзонг лӕппу Джиоты Владиславы - Басмачы. Терегуаны хъæу уый бæрц адæм никуыма æрфысым кодта, цыма æгас Ирыстон ӕрцыд Басмачӕн хæрзбон дзурынмæ, уыйбӕрц адӕм уыд хъайтары зианы. Колхоз рахицæн кодта дыууæ галы зианæн. Ирыстоны хъахъхъæнджытæ уыцы бон ныууагътой сæ постытæ дæр, стæй уæлмæрдæй лыгъдысты республикæйы арæнтæм.

Цхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном

Терегуаны хъӕуы сӕрмӕ хӕрд кӕны фӕндаг, хӕдзӕрттӕ кӕм фӕвӕййынц, уым хъӕдгӕрон быдыры хызӕг ӕмбондӕй ӕхгӕд ис чысыл уӕлмӕрд. Дидинтӕ ӕмӕ бӕлӕсты хсӕн ӕвзонг ӕмӕ ацӕргӕ сурӕттӕ, фылдӕр бӕрцӕй ам ныгӕд сты Джиоты мыггаджы минӕвӕрттӕ.

Дардӕй цӕсты хауы ингӕны бӕрзонд дур. Йӕ дыууӕ фарсыл дӕр ис нӕлгоймаджы сурӕт. Йӕ бынмӕ уӕлфыст хъусын кӕны, Джиоты Владислав (Басмач) кӕй рацард ӕрмӕст 32 азы, къамӕй нӕлгоймаг кӕсы тызмӕгӕй, зыны йӕ карӕй хистӕр.

Ацы хъӕуы райгуырд ӕмӕ йӕ сабибонтӕ арвыста Басмач. Уый фӕстӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст цыбыр, фӕлӕ ӕнахуыр ирд цард - ӕцӕгӕлон бӕсты тох интернационалон хӕсы бӕрны ӕмӕ Ирыстоны сӕрибардзинады сӕрвӕлтау хӕст.

Арӕзтадон фӕзуӕттӕй - окопмӕ

Джиоты Владислав уыд арӕхстджын аразӕг, фӕлтӕрд ӕмӕ хъӕбатыр хӕстон. Йe ‘мтохгӕнджыты мысинӕгтӕм гӕсгӕ, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты эпизодтӕй уымӕн скодтой, тас чи нӕ зыдта, ахӕм хъӕбатыр ном. Йӕ фӕрцы ивтой хӕстон операциты хатдзӕгтӕ, ӕгас хъӕутӕ ӕрулӕфыдысты гуырдзиӕгты ӕрбабырстытӕй, йӕ ном айхъуыст знагмӕ дӕр ӕмӕ сӕрмагондӕй зылдысты йӕ фӕдыл.

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Владиславы ингæн
Скад ын кодта знаг дӕр: Джиоты Владикы (Басмач) цыбыр фӕлӕ ирд цард ӕмгӕртты мысинӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Джиоты Владиславы ингæн

Басмач райгуырд 1960 азы 20 марты. Терегуаны астӕуккаг скъола  каст куы фӕцис, уый фӕстӕ Цӕгат Ирыстоны адарддӕр кодта йӕ ахуыр аразӕджы дӕсныйадыл.

Терегуаны астӕуккаг скъола абон хӕссы Джиоты Владикы ном. Уый 92 азы зæххæнкъуысты ныппырх ис.

"Скъола пырхӕй куы федта, уӕд нын дзырд радта йӕ хъӕуӕн ног скъола саразынӕй, фӕлӕ йын нал бантыст. Тынг бӕрнджын уыд, уарзтой йӕ йӕ хӕлӕрттӕ. Афганистанӕй та ӕрыздӕхт зондджын ӕмӕ куырыхон нӕлгоймагӕй", - радзырдта Терегуаны скъолайы директор Тадтаты Рита.

1980 азы Владик ацыд ӕфсадмӕ, уырдыгӕй та бахауд Афганистаны хӕсты цӕхӕры.

Джиоты Екатерина  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Мадӕлон ӕвзагӕн нывонд цард: куыд бабын кодтой Джиоты Катяйы советон репресситӕ

"Уым райста цӕфтӕ, бахъыгдард йӕ хъус. Узбекистаны рынчындонмӕ дӕр бахауд. Уый фӕстӕ ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ ӕмӕ куыста Къуайсайы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты арӕзтады прорабӕй", - мысы йӕ номдзыд хӕстӕджы йӕ ӕфсымӕр Виталикы фырт Дзамболат.

Уый фӕстӕ Джиоты лӕппу архайдта Гафезы уынгыл хӕдзӕртты арӕзтады. Уыдон ныр дӕр ӕрдӕгкалдӕй фӕлгӕсынц. Арӕзтад ӕмӕ ӕппӕт Хуссар Ирыстоны хъысмӕт фӕивта Гуырдзыстоны ӕрбабырсты фӕстӕ.

90-ӕм ӕзты Гуырдзыстоны агрессивон политикӕ тынгæй тынгдæр куы кодта, уӕд сӕхи паддзахтыл банымадтой Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг хъӕуты цӕрджытӕ. Уӕлдай тынг ацы хъуыддаг тыхсын кодта сыхаг ирон хъӕуты. Нул ӕмӕ Аунеуы цӕрджытӕ ӕхсӕвыгон цыдысты сыхаг ирон хъӕутӕм, истой сын сӕ мулк, фос, нӕмынӕй нӕ аууӕрстой сылгоймӕгтыл дӕр.

"Хынджылӕг кодтой гуырдзиӕгтӕ Арчънет ӕмӕ Чъимасы цӕрджыты. Уый тынг ӕгад ӕркаст Владикмӕ ӕмӕ лӕппутимӕ сӕ разы бабадтысты, хорз сӕ фӕнадтой, сӕ хӕцӕнгарз æмæ сын сӕ "Вилис" байстой. Уый фӕстӕ гуырдзы сӕ къах дӕр нал бавӕрдтой уырдӕм", - бафтыдта скъолайы директор.

© Sputnik / Natalia Airiyan Терегуаны скъолайы ахуыргæнджытæ
Скад ын кодта знаг дӕр: Джиоты Владикы (Басмач) цыбыр фӕлӕ ирд цард ӕмгӕртты мысинӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Терегуаны скъолайы ахуыргæнджытæ

Терегуаны скъолайы ахуыргӕнӕг Козаты Индирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Владикы йӕ адӕмӕн бирӕ фӕндыд саразын, фӕлӕ йын цӕрын нӕ бантыст.

"Мах хӕстӕджытӕ стӕм. Ныр дӕр мӕ цӕстытыл уайы йӕ фӕлгонц. Дардта сӕрак курткӕ, Тъезиты Олегы лӕвар ын уыд. Афтӕ бӕрзонд уыд ӕмӕ-иу машинӕйы рӕстмӕ дӕр нӕ цыд. Автобусы дӕр-иу гуыбырӕй лӕууыд. Уарзта рӕстдзинад, йӕхи та йын иууылдӕр уарзтой, стырӕй - гыццылӕй. Уый ма нын йеныр дæр куы цӕрит", - дзуры скъолайы ахуыргæнæг Козаты Индира.

Басмач йе 'мгæртты  мысинæгты

Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтытӕ куыддӕр райдыдтой, афтӕ Джиоты Владислав уайтагъд февзӕрд йӕ хъахъхъӕнджыты нымӕцы.

"Фӕлтӕрддзинад ӕм уыд Афганистанӕй ӕмӕ бахызт хӕсты. Уыд Коцты Грийы къорды, уыдон уыдысты иууыл рӕвдздӕр къорд", - дзуры йе 'фсымӕры лӕппу Джиоты Дзамболат.

Уӕды  рӕстӕджы хӕцӕнгарз дӕр уыд стӕм. Владикмӕ уыд ӕрмӕст дыууӕӕхстон хӕцӕнгарз.

Фæсивæд мысы Хубул Парпат, Колорадо, Гæззаты Вадимы æмæ æндæрты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2015
Фæсивæд мысы "Хубул" "Парпат", "Колорадо", Гæззаты Вадимы æмæ æндæрты

"Уӕд нӕм хӕцӕнгарз дӕр кӕм уыд. Басмач та хӕстон хъуыддагмӕ уыд ӕнахуыр ӕвзыгъд. Уӕд уый гуырдзиаг хъӕуы хиды бын йӕ хӕлар Уалыты Виталийимæ цалдӕр сахаты хиды бын хуыссыдысты ӕнӕзмӕлгӕйӕ, бахъахъхъӕдтой хотыхджын гуырдзиӕгты ӕмӕ сын байстой сӕ автоматтӕ, сӕхимӕ бынтондӕр ницы хӕцӕнгарз уыд, афтӕмӕй", - радзырдта йӕ хӕстон ӕмгар Бестауты Бала.

"Уыд ныфсхаст, фӕстӕ нӕ лӕууыд. Ӕмгӕртты тыххӕй йӕ уд дӕр радтаид. Иу хӕлар ын уыд, йӕ ном мӕ айрох ис, асӕй уыд къаннӕг. Тынг æй хъахъхъӕдта, фӕлӕ йын ӕй Ачабетмӕ хӕстӕг тӕрхъусты фермӕйы цур амардтой гуырдзиӕгтӕ. Тынг фӕрыст уæд Басмач, тынг фӕхъынцъым кодта йӕ хӕларыл. Стӕй мидӕггагон змӕстытӕ куы райдыдтой нӕ республикӕйы, ууыл дӕр тынг катай кодта", - мысы йе ʻмтохгæнæг Козаты Ушанг.

"Иу къорды уыдыстæм. Тынг хæстхъом уыд. Дыууæ метры бæрзæндæн, æнахуыр тыхджын. Тæрсгæ дæр ницæмæй кодта. Уыд ахæм цау æмæ ныхъуызыд иунæгæй Никозы блиндажмæ æмæ сæ ныддæрæн кодта, стӕй фæстæмæ раздæхт. Ахæм хъайтарддзинӕдтæ йын уыдысты æнæкæрон. Уый фæстæ ма Знауыры гуырдзиаг верттæхæг дæр æрæппæрстой", - ӕрымысыд Тедеты Тузар.

Джиоты Алан (Парпат) - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2018
Хъайтары уынг: Парпаты номхӕссӕг иунӕг проспект Цхинвалы

"Зыдтон æй 1982 азæй фӕстӕмӕ - иумæ куыстам арæзтады фадыджы. Уыд диссаджы специалист æмæ цæсгомджын адæймаг, хорз хæлар æмæ патриот. Уый фыццаг бонтæй бацыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты рæнхъытæм. Уый размæ Басмач Афганистаны канд бæрзонд паддзахадон хорзæхтæ нæ райста, фæлæ ма фæлтæрддзинад дæр. Коцты Грийы къорды разамынад дæтта взводæн. Владислав æмæ ахæм фæсивæды фæрцы Хуссар Ирыстон бахъахъхъæдта йæ хæдбардзинад. Ацы лæппутæн абон аккаг кад нал ис. Уыдон 90-æм æзты сæ удæй балхæдтой Ирыстоны хæдбардзинад", - банысан кодта йе ʻмгар Гуыззыттаты Эдуард.

Присы тох

1992 азы сӕрд Ирыстоны хуссарӕн рацыд тугамӕхст. Присы къуылдыммӕ тырныдта хотыхджын знаг, ӕхста горӕт. Хихъахъхъӕнынады къордтӕ лӕууыдысты горӕты ныгуылӕн фарс.

"Дыууӕ къордӕй ацыдыстӕм. Басмачы къорд бахауд ӕрхъулайы, лӕппутӕ ныппырх сты. Уымӕн уӕззау цӕф фӕцис йӕ астӕу, уый фӕстӕ нӕм ӕрыхъуыст, зӕгъгӕ, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ хъӕр цыд, сидт кӕмӕдӕр. Фӕлӕ уый хъӕды бахызт, лӕппутӕ та йӕ ӕндӕр бынӕтты агуырдтой. Ӕцӕг хӕстон уыд, йӕ фӕстаг уысм кӕй цӕры, уый дӕр ӕмбӕрста. Йӕ къухы уыд гранатӕ, афтӕмӕй йӕ йӕ сӕры бын бакодта, цӕмӕй йӕм знаг куы бавнала, уӕд уый дӕр фӕхӕсса", - мысы йе 'мтохон Бестауты Бала.

Джиоты Владиславы цы бон фæмард ис тохы, уыцы бон йемæ уыд Гуыззыттаты Эдуард дæр.

"Прис уыд нæ къухы, фæлæ-иу гуырдзы арæх бахъавыдысты бацахсын ацы хъæу. Уæд уыдыстæм фондзæй - Басмач йæхæдæг, æз, Пухаты Валерий, Кокойты Михаил æмæ Къудухты Ибрагим. Присы цæгаттаг фарс 500 метры дарддæр сбæрæг кодтам сусæг гуырдзиаг пост æмæ æмбæхст танктæ. Мах сæ бахъавыдыстæм спырх кæнынмӕ, уыд нæм танкы ныхмæ тохы хæцæнгарз (РПГ). 200 метры дæрддзæф бахаудыстæм æхсты. Басмач фӕцӕф ис. Мах ма йæ хъæды агуырдтам, стæй нæм æххусымæ бацыд æндæр къорд дæр, уыдон дæр æй агуырдтой, фæлæ йӕ не 'ссардтам", - радзырдта Гуыззытаты Эдуард.

Йӕ къорды лӕппутӕй раздӕр ӕй ссардтой гуырдзиӕгтӕ. Фӕлӕ-иу сӕм уый размӕ цы ирон лӕппутӕ бахаудтой, уыдонӕн-иу сӕ мӕрдтӕй дӕр кӕд фӕхынджылӕг кодтой, уӕд Басмачӕн скад кодтой ӕгӕрыстӕмӕй знӕгтӕ дӕр.

Скад ын кодта знаг дӕр

Хицӕн адӕмы мысинӕгтӕм гӕсгӕ, гуырдзиӕгты къорды уыд ахӕм лӕппу, кӕцы Басмачимӕ уыд Афганистаны хӕсты. Уый йæм нæ бауагъта ӕвналын - кæддæр æй Басмач рахаста тохы быдырæй.

"Йӕ къухдарӕн ӕмӕ сахат дӕр уыдысты йӕ уӕлӕ. Уый та уыд ӕнахуыр кад знагӕй. Дзырдтой, зӕгъгӕ йӕ уым базыдта Афганистанӕй йе ʻмтохон ӕмӕ уый фехъусын кодта ирӕттӕн, цӕмӕй сӕ зиан ахӕссой уыцы ӕмӕ уыцы бынатӕй", - дзуры Джиоты Дзамболат.

Табуты Родион йӕ ӕмгар Тедеты Гивиимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2018
Хъайтары уынг: Табуты Родионы 20-азон цард йе ʻввахс адæмы мысинæгты

Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, знаг сын куы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, уӕ хъайтары уӕ бон у ахӕссын, уӕд сыл нӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ  уӕддӕр ацыдысты амынд бынатмӕ.

"Уый размæ бадзырдты нын ныфыс радтой, кæй йæ рхæсдзысты банысангонд бынатмæ. Махæн нӕ ссæугæ нæ уыд Басмачмæ, куы нæ фæсайдтаиккой, уæддæр. Цы бынатмӕ амыдтой, уырдӕм хӕстон хъайтары не ʻрхастой, ӕвӕццӕгӕн тарстысты сӕхицӕн, фӕлӕ йӕ хъæдрæбын ныууагътой. Йæ кепка, сахат ӕмӕ къухдарӕн дæр уыдысты йемæ. Фæлæ йын йæ гранатомёт нӕ радтой. Гебоимæ (Тедеты Гермаген) йæ æрхастам, стæй нæм фæкастысты Тедеты Тузар æмæ Туаты Гæмæт. Уаргæ та йæ скодта Джорцхен (Зæгъойты Нодар)", - радзырдта Бестауты Бала.

Йæ зианы бон дæр уыд сабыр, фӕлӕ йыл куыддæр сыджыт бакалдтой, афтæ арæнтæй сарæх сты гæрæхтæ, адæм фынгтыл дæр не ʻрбадтысты, лæппутæ лыгъдысты сæ постытæм.

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Владиславы номыл скъола
Скад ын кодта знаг дӕр: Джиоты Владикы (Басмач) цыбыр фӕлӕ ирд цард ӕмгӕртты мысинӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Джиоты Владиславы номыл скъола

"Басмачӕн йе 'мкъай Жажиты Минӕтимӕ баззад ӕртӕ сывӕллоны. Дыууӕ чызджы - Мальвина, Радмила ӕмӕ фырт Марат. Хорз æмæ сӕрӕн зӕнӕг ын ис. Рацыдысты дохтыр, аразӕг ӕмӕ педагог. Хорз сӕм фӕкаст экс-президент Кокойты Эдуард", - балхынцъ кодта Бестауты Бала.

Джиоты Владикы мæлæты фæстæ йæ райгуырæн хъæуы скъолайæн радтой йæ ном, йæ номыл ма æрвылаз дӕр ацæуынц спортивон турниртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0