Мӕргъиты хотӕ. Æрдзон курдиатæн дуры бын дæр нæй бамбæхсæн

© Мæргъиты хоты архивМæргъиты хотæ
Мæргъиты хотæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рафыссын
Мæргъиты хотæ æрмæст цæгъдгæ æмæ заргæ нæ кæнынц, фæлæ ма диссаг сты музыкæйы рæсугъд зæлтæ æрхъуыды кæнын æмæ ранывæндынмæ. Уыдон сæ зарджытæн цалдæрæй дарддæр мелодитæ æрхъуыды кодтой сæхæдæг

ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik, Дриаты Лейла. Ирон зарæджы къæбицмæ дзаджджын æмæ бæркадджын хуынтæ чи хæссы, уыдон нымæцмæ хауынц зындгонд хæдахуыр зарæггæнджытæ Мæргъиты хотæ дæр. Хъусæгæн куы ской кæнай Мæргъиты хоты тыххæй, уæд уайтагъддæр бамбардзæн, дзырд кӕй цӕуы ивгъуыд ӕнусы 70-ӕм ӕзты популярондӕр сфӕлдыстадон къордтӕй сӕ иуыл, рæсугъд æмæ аив зарджытæ чи æххæст кæны, уыцы хæдахуыр зарæггæнджытыл.

Мæргъиты бинонтæ цардысты Карелы районы ирон хъæутæй иу - Къæдзæхсæры. Сæ ныййарджытæ уыдысты адæмы уарзон, кæрдзындæттон, алы хатт дæр уазæгæн сæ хæдзары дуæрттæ уыдысты гом. Хъæубæстæ сын уæлдай тынгдæр аргъ кодтой адæммæ сæ æмуд ахасты тыххæй. Уыдон сæ дыууæ дæр хорз арæхстысты музыкалон уадынгæрзтыл цæгъдын æмæ зарынмæ æмæ фæскуыст хъæлдзæгдзинадæй цух нæ уыдысты сыхбæстæ дæр.

"Нæ фыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, æхсарджын тох кодта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Иу ахæм карз тохы рæстæджы знаджы судзгæ нæмыг сæмбæлд йæ рахиз цонгыл æмæ йыл ныууагъта йæ дæрзæг фæд. Фæсхæст сыздæхт нæ райгуырæн хъæумæ æмæ æхсæнадон хæдзарады рæзтмæ хаста йæ хайбавæрд. Йæ судзгæ хъæдгом ницæмæ дардта - йæ уарзон æмкъай йын уыд ныфсы хос", - радзырдтой хотæ.

Сæ ныййарджыты æвæрццаг миниуджытæй фæхайджын сты сæ кæстæртæ дæр æмæ чысыл куы байрæзтысты, уæд ныр та уыдон систы хъæлдзæгдзинады хос сæ хъæубæстæн.

"Хæрз къаннæджытæ уыдыстæм, æгæрыстæмæй нæм радио дæр нæ дзырдта, фæлæ нæхи хъæппæрисæй ахуыр кодтам æмæ зарыдыстæм адæмон зарджытæ. Уымæй дарддæр ма базыдтам балалайкæйыл цæгъдын", - мысы хотæй сӕ иу Заира.

Фæстæдæр, 1950-æм азы, бинонтæ цæрынмæ рацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Сунжæйы хъæуы. Ацы ран ноджы фæтынгдæр зарæджы аивадмæ сæ уарзондзинад.

© Мæргъиты хоты архивМæргъиты хотæ
Мӕргъиты хотӕ. Æрдзон курдиатæн дуры бын дæр нæй бамбæхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Мæргъиты хотæ

"Нæ ныййарæг мад куы фæзиан, уæд фыдæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ æрхаста дыккаг ус. Мах тынг райгонд уыдыстæм нæ дыккаг мад Хъуылымбегты Пелæйæ, не ‘ппæт дæр æй уарзтам нæхи мады хуызæн, уымæн æмæ нын лæггад кодта хи ныййарæгау, абон дæр ма йæ мысæм хорзæн", - загъта Заира.

Ивгъуыд æнусы 70-æм азты Мæргъиты хоты зарджытæ куы айзæлыдысты радиойæ, уæд сæм æдзухдæр адæм куы хъуыстаиккой, уый сæ фæндыд, афтæ уарзон сын ссисты. Уыцы рæстæджы хъуыстысты ахæм зарджытæ, куыд "Мады зарæг", "Уарзын, уарзын, уарзын æз", "Фыдуындтæ цы фæуой уæд?" æмæ ноджы бирæ æндæртæ.

"Æнгом бастдзинæдтæ нын уыд Цæгат Ирыстоны поэттæ æмæ композитортæ Цæгæраты Гиго, Гаджиты Геор, Уырымты Петя, Гæздæнты Булат, Есенаты Женя æмæ æндæртимæ", - зæгъынц хотæ.

Æмæ фæзындысты иу иннæйы фæдыл зарджытæ, куыд "Бæллиц", "Сидтоны зарæг", "Тлийы комы зарæг", "Ма мын кæн тæргæйттæ", "Колхозон хуым", "Ничи мæ хъæуы дæ цуры", "Дымгæ дæ базыртыл ахæсс", "Авд хойы зарæг", "Райгуырæн хæхтæ", "Баталынги, хур фæсхохмæ атылдис" æмæ æндæртæ.

Гæбæраты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2021
"Сæйрагдæр у цины æнкъарæнтæ хæссын": Гæбæраты Дауыт – ирон театры легендӕ

Мæргъиты хотæ æрмæст цæгъдгæ æмæ заргæ нæ кæнынц, фæлæ ма диссаг сты музыкæйы рæсугъд зæлтæ æрхъуыды кæнын æмæ ранывæндынмæ. Уæлдæр ранымадгонд зарджытæн цалдæрæй дарддæр мелодитæ æрхъуыды кодтой сæхæдæг.

Мæргъиты хотæ сæ аивад æвдыстой æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма Кæсæджы, Цæцæны, Ленинград æмæ æндæр горӕтты сценæтыл дæр. Конкурстæ æмæ æркастыты кæддæриддæр æлхæдтой аивадуарзджыты зæрдæтæ, сæ номыл хъуыстысты тыхджын къухæмдзæгъд, фæистой бирæ хæрзиуджытæ æмæ арфæйы ныхæстæ.

Азтæ цæуынц, Мæргъиты хотæ дæр хисæрмагонд царды ссардтой сæхи фæндæгтæ. Фæлæ иумæ куы æрбамбырд вæййынц, уæд та ногæй айзæлынц, адæймаджы уæнгтæ рог чи фæкæны, бонрухс ноджы райдзастдæр кæмæй свæййы, зарæджы ахæм æхцондæтæг мыртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0