Ирон богалтæ хайад райсдзысты уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпионаты

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европæйы чемпионатмӕ ацӕудзысты цæгатирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ Хуыгаты Хох æмæ Хозиты Алан.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуыгаты Хох(85) æмæ Хозиты Алан(100) хайад райсдзысты æрыгон лæппуты ӕхсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпионаты, хъусын кæны 15 регион.

Чемпионат уагъд цæудзæн 4—5 августы сербаг горæт Суботицайы.

"Ерыстæм ацæудзысты богалтæ, кæцытæ Уæрæсейы чемпионаты бацахстой дыккаг бынæттæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уæлахиздзаутæ та сæхи цæттæ кæнынц дунейы чемпионатмæ, кæцы уагъд цæудзæн 25 августы Босни æмæ Герцеговинæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0