Боксер Гасситы Мурӕт схызт IBF ранӕуӕггонд рейтингы

© Sputnik / FacebookБоксер Гасситы Мурӕт
Боксер Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон боксы федерацийы рейтингы фыццаг бынат Гасситы Мурӕтӕн фадат ратдзӕн дунейы чемпион Виктор Рамиресимӕ стох кӕнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Ирон боксер-профессионал Гасситы Мурӕт Ӕхсӕнадӕмон боксы федерацийы (IBF) ранӕуӕггонд рейтингы схызт ӕртыккаг позицимӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.

Раздӕр Гасситы Мурӕт, фыццаг уӕзон категорийы архайгӕйӕ, ахста рейтингы цыппӕрӕм бынат.

Боксер Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт арвыста нокауты йӕ америкаг ныхмӕлӕууӕджы

"Ацы аз майы Мурӕт рейтингы йӕ позицитӕ фӕуӕлдӕр кодта фондз хатты — фарастӕмӕй схызт фӕндзӕммӕ. IBF фыццаг дыууӕ рейтинг нырма сты афтид. Цӕмӕй фыццаг бынатмӕ схиза, уый тыххӕй Гасситы Мурӕт хъуамӕ стох кӕны рейтингы 14 хайадисджытӕй искӕимӕ. Фӕлӕ алыгъуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ тох фӕстӕ кӕны. Ноябры кӕронмӕ кӕд хъуыддаг аскъуыддзаг уаид", — загъта Сланы фырт.

Тренер ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй IBF рейтингы фыццаг бынат Гасситы Мурӕтӕн фадат ратдзӕн дунейы чемпион Виктор Рамиресимӕ стох кӕнынӕн.

Гасситы Мурӕт (Ирон) архайы профессионалон рингыл 2011 азæй фӕстӕмӕ. Ӕппӕт ацы рӕстӕджы уый ауагъта 22 тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр ссис уӕлахиздзау. 2013 азы рамбылдта дунейон чемпионы титул фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ. Фарон та ссис Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ. 21-аздзыд боксер архайы тренертӕ Абель Санчес ӕмӕ Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0