Ирон теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта дыууӕ майданы Цӕгат Кавказы ерысты

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæСтъолы теннис
Стъолы теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсмен бронзӕ майдантӕ райста къӕйттӕй ӕмӕ командӕйы сконды архайгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг теннисист Бекъойты Эдвард Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды бацахста ӕртыккаг бынат Цӕгат Каказы федералон зылды стъолы теннисы ерысты, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы стъолы теннисы сӕйраг тренер Джиоты Мириан.

Хуссарирыстойнаг теннисистты къухы ахӕм ӕнтыст бафтыд фыццаг хатт.

"Бекъойты Эдвард архайдта Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды ӕмӕ сын бантыст бронзӕ майдан райсын Цӕгат Кавказы тыхджындӕр теннисистты ӕхсӕн. Уымӕй дарддӕр ма нӕ спортсмен къайон ерысты дӕр бацахста ӕртыккаг бынат", — радзырдта Джиоты Мириан.

Сӕйраг тренер ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй Бекъойты Эдвард ивгъуыд азы дӕр архайдта ацы ерысты, фӕлӕ майдан йӕ къухы бафтыд фыццаг хатт.
Стъолы теннисы ерыстӕ уагъд цыдысты Ставрополы 6-9 январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0