ФК "Алания"-йы гендиректоры аххосджын кæнынц хъалонтæ фидынæй хи аууон кæныны

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæ"Алания"-йы футболисттæ
Алания-йы футболисттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Футболон клуб "Алания"-йы директор Александр Стельмах паддзахадон къазнæйæ дары 42 милуан сомæй фылдæр. Финансон басгæрсты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, уый дыууæ азæй фылдæр нæ фыста хъалонтæ.

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Футболон клуб "Алания"-йы директор Александр Стельмах хисæрмагонд интересты оххыл бааууон кодта паддзахадон бюджетæй физикон гоймæгты фæдыл хъалон — 42 732 493 мин сомы бæрц, хъусын кæны 15 регион.

2014 азы милиардон хæсты аххосæй ФК "Алания"-йы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта йæ куыст æрлæууын кæнын. Уый фæстæ баконд æрцыд клубы финансон архайдимæ баст цалдæр уголовон хъуыддаджы, цыран азымджын цыд генералон директор Александр Стельмах.

Ног хабӕртты лентӕ
0