"Спартак-Цхинвал" рамбылдта Ирыстоны кубок

© Sputnik / Ада БагианТоварищеский матч по футболу
Товарищеский матч по футболу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг футболон командӕ рамбылдта 5:2 хыгъдæй. Хъазт ахицæн æмдыхæй, уæлахиздзау фæбæрæг ис пенальтиты рауджы.

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг футболон командæ "Спартак-Цхинвал" 5:2 хыгъдæй рамбылдта Ирыстоны кубок, фехъусын кодта Sputnik командӕйы тренер Джиджойты Алан.

Ирыстоны кубокы сӕраппонд финалон хъазт ацыд Дзæуджыхъæуы республикон стадион "Спартак"-ы. Тыхджындæр командæйы номыл тох кодтой "Спартак-Цхинвал" æмæ "Пищевик-Беслан".

Чемпионат по футболу Иры сомбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Спартак-Цхинвал" стох кæндзæн Дзæуджыхъæуы Ирыстоны кубокыл

"Дыууæ командæ дæр хъазыдысты хорз æмæ матч фæцис 1:1 хыгъдӕй. Фембӕлды хъысмæт аскъуыддзаг ис пенальтиты руаджы — нӕ командæ рамбылдта 5:2 хыгъдæй. Тынг цымыдисон хъазт уыд, уæлдай мæ фæнды рахицæн кæнын Цхуырбаты Сæрмæты — ацы æвзонг футболисты фæрцы бафтыд нæ къухы уæлахиз", — радзырдта тренер.

Уый ма банысан кодта, командæ æмæ тренерон штаб кӕй сæххæст кодтой сæ разы лæууæг нысан.

"Паддзахады сæргълæууæгимæ фембæлы рæстæджы ныфс раттам, кæй рамбулдзыстæм Ирыстоны кубок æмæ Ирыстоны чемпионаты та призон бынат бацахсдзыстæм. Нæ ныфсыты иу хай сæххæст кодтам, ныр дарддæр кусдзыстæм нæ дзырд кæронмæ сæххæст кæныныл", — бафтыдта йæ ныхæстæм Джиджойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0