Боксы тренер: Коцты Вадимы уæлахиз байста тæрхонгæнджыты мæнг скъуыддзаг

© Sputnik / Алексей КовалевБоксер Вадим Кочиев
Боксер Вадим Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тренер нымайы, йæ хъомылгæнинаг кæй ссис уæлахидзау, фæлæ йын тæрхонгæнджытæ ӕнӕрастӕй рахицæн кодтой дыккаг бынат.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирон ӕвзонг боксер Коцты Вадим Ӕхсæнадон-паддзахадон спортивон баиугонд "Юность России"-йы бацахста дыккаг бынат, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер, æхсæнадæмон классы спорты мастер Чехойты Алан.

Ерыстæ цыдысты Новороссийскы, сæ фæсиуджытæм гæсгæ фидар цыд "Кубок Н.А. Никифорова-Денисова"-йы архайджыты номхыд.

Коцты Вадим архайы 1999-2000 æзты гуырд спортсменты хсæн, 69 килограммы уæзы. Ерысты йын уыд цыппар тохы æмæ дзы рамбылдта æртæйы. Тренер нымайы, йæ хъомылгæнинаг кæй ссис уæлахидзау, фæлæ йын тæрхонгæнджытæ ӕнӕрастӕй рахицæн кодтой дыккаг бынат.

"Вадим басаста йæ ныхмæлæуджыты Орел æмæ Саратовӕй, афтæ ма Дзæуджыхъæуæй дæр. Уæззау тохы йӕ къухы бафтыд фыццаг уæлахиз. Уый фӕстӕ стох кодта Владимиры областæй спорты мастер Соловьев Денисимӕ. Вадим ацы тохы уыд тыхджындæр, уый æрмæст мæ хъуыды нæу, иннӕ специалисттæ дӕр мах ӕвварс уыдысты. Фӕлӕ нын нæ уæлахиз байстой тæрхонгæнджыты мæнг уынаффæтæ", — радзырдта Чехойты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Юность России"-йы сæйраг тренер ныфс бавæрдта, боксы федерацийы президентмæ кæй ныффысдзæн фыстæг æмæ ацы ӕнӕраст скъуыддзаг кӕй аивдзысты.

Боксер Коцты Вадим бацыд ЦКФЗ-ы фыццагады Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ

"Уымӕ гӕсгӕ нæ ныфс ис, Вадим кӕй афтдзæн Уæрæсейы кубокы ерыстӕм. Уæрæсейы боксы æнтыстæн æрмæстдæр йе ‘мбис у тренер æмæ спортсменæй кæнгæйæ, аннæ 50% аразынц, "дæ фæстæ чи лæууы", уыдон", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Вадимæн Цхинвалы æмсæр боксертæ кæй нæй, уымæ гæсгæ турниры агъоммæ йæхи цæттæ кодта Цæгат Ирыстоны бокерон клуб "Арианна"-йы Сланты Виталийы къухдариуæгады бын. Ныртӕккӕ ӕвзонг спортсмен йӕхи цӕттӕ кӕны Уӕрӕсейы кубокмӕ, кӕд Новороссийскы ерысты фæстаг тохы рæстæджы Вадим райста йæ къухы травмӕ, уӕддӕр йæ тренировкæтæ не ‘рурӕдта.

Коцты Вадимыл цӕуы 17 азы, боксы секцийы йӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдта фондз азы размӕ ӕмӕ ссис ӕхсӕнадӕмон классы спорты мастер. Уыд ын 45 тохы, уыдонæй 38 ссис уæлахиздзау. У æхсæнадæмон æмæ æппæтуæрсейон турнирты уæлахидзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0