Цхинвалы ацæудзæн Къудухты Бесикы номарæн æхсæнадæмон турнир хъæбысхæстæй

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик Кудухов
Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрыгон спортсменты кумир Къудухты Бесикы номарæн турнир Цхинвалы цæуы фыццаг хатт. Фарон та ацы ерыстӕ уагъд ӕрцыдысты спортсмены райгуырӕн къуымы – Ленингоры. Организаци сæ кæнынц номдзыд спортсменæн йе ‘мгæрттæ.

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зындгонд ирон хъæбысӕйхæцæг, олипмипаг хъæзтыты дыууæ хатты призер Къудухты Бесикы номарæн ӕхсӕнадӕмон гом турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд ӕрцӕудзӕн 25-27 ноябры Цхинвалы, спорты галуан "Олимп"-ы, фехъусын кодта Sputnik галуаны директор Табуты Роберт.

Зындгонд ирон богалæн нывонд спортивон бæрæгбоны, развæлгъау информацимæ гæсгæ, архайдзысты Сомихстон, Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон, Абхаз, Хъæрæсе-Черкес æмæ æндæр цæгаткавказаг республикæты минæвæрттæ. 

"Ерысты 2001-2003 азы гуырд спортсментæ тох кæндзысты 13 уæзы категориты. Турнир уагъд цæуы уæгъдиар хъæбысхæсты размæцыды æмæ ирон зынгхуыст олимпаг хъæзтыты призер Къудухты Бесикы ном сæнусон кæныны оххыл", — радзырдта Табуты Роберт.

Спортивон мадзал аразы Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты федераци, Къудухты Бесикы номыл фонд, Спорт, туризм æмæ фæсивæдон политикæйы комитеты æмархайдæй. Ерыстæ ауадзынӕн финансон æххуыс та бакодтой Бесикы æмгæрттӕ.

Къудухты Бесик райгуырд Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы. У 2008 азы Пекины олимпиадæйы бронзæйон призер, 2012 азы Лондоны олимпиаг хъæзтыты æвзист майданы хицау, дунейы цыппар хатты чемпион, Европæйы чемпион æмæ Уæрæсейы фондз хатты уæлахиздзау.

Къудухты Бесикы ном хæссы Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселочы уынг. Афтӕ ма Ленингоры фарон уагъд ӕрцыд Бесикы номарӕн турнир ӕрыгӕтты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0