Лебедев vs Гасситы: фӕлтӕрддзинад ӕви ӕвзонгад?

© Sputnik / Алана СабееваПресс-конференция Гассиев-Лебедев
Пресс-конференция Гассиев-Лебедев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон профессионалтӕ ӕмӕ боксы табугӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц се ‘мбӕстаджы уӕлахизмӕ, букмекерон конторӕтæ коэффициенттӕ сты Лебедевы пайдайӕн, экспетты хъуыдымӕ гӕсгӕ та дыууӕ ныхмӕлӕууӕг дӕр сты аккаг ӕмӕ сын ис ӕмхуызон шанстӕ уӕлахизмӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Ирон боксер-профессионал Гасситы Мурӕтмӕ сабаты ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ спортивон карьерӕйы иууыл сӕйрагдӕр тох. Уый рингмӕ рахиздзӕн уӕрӕсейаг боксер, дыууӕ чемпионон рон — IBF ӕмӕ WBA хицау Лебедев Денисимӕ.

Дунейы хуыздӕр боксертӕй дыууӕ кӕй фембӕлдзысты рингыл, уый рабӕрӕг ацы аз майы. Гасситы Мурӕт америкӕйаг Джордан Шиммелы нокауты куы арвыста, уый фӕстӕ уый ссис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг претендент IBF чемпионы титултӕм. Уыцы мӕй Лебедев та баиу кодта IBF ӕмӕ WBA титултӕ аргентинӕйаг Виктор Рамиресы нокауты арвитгӕйӕ.

Пресс-конференция Гассиев-Лебедев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт: ӕрцыдтӕн рамбулынмӕ

Ирыстоны ӕрмӕст спорты ацы хуызӕн табугӕнджытӕ нӕ, фӕлӕ боксмӕ бынтондӕр хӕстӕг чи нӕ у, уыдон дӕр иууылдӕр тынг лӕмбынӕг сӕ хъус дарынц ацы хабармӕ ӕмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тохмӕ.

Активон дискусситӕ ма райтынг сты социалон хызӕгты дӕр, интернетӕй ирон пайдагӕнджытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тырнынц се ‘мбӕстаджы уӕлахизмӕ.

Sputnik бацымыдис кодта, цавӕр фӕстиуджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ирон боксертӕ ацы ныхмӕлӕуды ӕмӕ цӕуыл дарынц сӕ зӕрдӕ — Гасситы Мурӕты ӕвзонгадыл ӕви Лебедев Денисы фӕлтӕрддзинадыл.

Боксы тренер Чехойты Алан нымайы, ацы тохы уӕддӕр кӕй хъуамӕ фӕуӕлахиз уа ӕвзонгад, Мурӕты тых ӕмӕ йӕ нокауты ӕрвитӕг цӕф.

"Ныфс мӕ ис, ӕвзонгад кӕй рамбулдзӕн. Фӕлӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕстӕм раунды онг тохы фӕстиуджытӕ куыннӕ фӕбӕрӕг уой, уӕд рамбулдзӕн Лебедев. Мӕ зӕрдӕ дарын Гассийы фырты тыхыл, йӕ диссаджы цӕфыл. Лебедев дӕр ахӕм сатӕг нал у, уыд нокдаунты дӕр ӕмӕ уыдон разындзысты ныхмӕлӕуды дӕр", — загъта уый.

IBO International (Ӕхсӕнадӕмон боксерон организаци) ӕмӕ WBC верситы чемпион Козаты Асланбег банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы уавӕры стыр ныхӕстӕ ничи кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ныхмӕлӕуджытӕн ис ӕмхуызон шанстӕ уӕлахизмӕ.

Мурат Гассиев начал подготовку к бою с Денисом Лебедевым. Кадры тренировки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы VS Лебедев. Тагъд!

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды мӕ, цӕмӕй нӕхиуон рамбула, фӕлӕ ам алцыдӕр у ӕрдӕгыл — 50% ӕвзонгады, 50% та — фӕлтӕрддзинады пайдайӕн. Лебедев йӕхӕдӕг куыд загъта, уыйау тох 12 раунды нӕ ахӕсдзӕн, уыдзӕн дзы нокаут, фӕлӕ кӕй — уый ничи зоны", — загъта Козаты Аслан.

Ирон боксеры тренер æмæ хъомылгæнæг Сланты Виталий цыбыртӕй банысан кодта, зæгъгæ Мурӕт у иттæг хорз цæттæ ныхмӕлӕудмӕ, тох та хъуамӕ уа тынг цымыдисон.

"Тынг хорз цæттæ у. Ӕнхъæлмæ кæсæм цымыдисон тохмæ махæн æвæрццаг фæстиуæгимæ", — загъта тренер.

Дунейы стырдӕр букмекерон конторӕтæ дæр ӕнхъарынц сæ ставкæтæ. Уыдон фылдæр бæрцæй тохы фаворитыл нымайынц фæлтæрддæр спорстмен Денис Лебедевы.

Букмекерон конторӕ 1xbet нымайы, ацы тохы Лебедев кæй суыдзæн уæлахиздзау æмæ уый фæдыл исы ставкæтæ 1,51 коэффициентимæ. Гасситы Мурæты уæлахизæн аргъ кæнынц 2,8 проценты. Тох æмдыхæй куы ахицæн уа, уæд та дæттынц 28,0 коэффиценты. 

"Лига Ставок"-ы букмекертæ дæр фаворитыл нымайынц Лебедевы. Йæ уæлахизы фæдыл конторæ ставкæтæ исы 1,6 коэффицентимæ, 2,25 та дӕтты Гасситы Мурæты уæлахизыл. 25,0 котировкæимæ букмекертæ исынц тохы æмдых кæроны тыххæй ставкæтæ.

Гассиев перед боем с Шиммелем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт vs Денис Лебедевы тохмӕ билеты аргъ у 25 мин сомы онг

Экспертты хъуыдымӕ гæсгæ та дыууæ боксер дæр сты аккаг ныхмæлæуджытӕ æмæ дзурынц, уæлахизы шанстæ сын кæй сты æмхуызон. Уыдон уынаффæ кæнынц ставкæтæ аразын, тох æмгъуыдæй раздæр кæй фæуыдзæн, уый фæдыл.

Фондз азы профессионалон карьерæйы дæргъы 22-аздзыд Гасситы Мурæты никæмæн бантыст басæттын. Абоны онг уый 23 хатты рахызт рингмæ æмæ иу алы хатт дæр фæуæлахиз. Æвддæс хатт йæ ныхмæлæуджыты рамбылдта нокаутæй.

Лебедев та рингыл фæуæлахиз 29 хатты, уыдонæй 22 тохы фесты æмгъуыдæй раздæр. Дыууæ хатты фембылд.

Гасситы Мурæт æмæ Лебедевы тох ацæудзæн сабаты, 3 декабры, мæскуыйаг спортивон комплекс "Мегаспорты" аренæйыл. Ацы тохмæ организатортæ æрхуыдтой дунейыл иууыл зындгонд ринг-анонсер Майкл Бафферы.

Ног хабӕртты лентӕ
0