Таймæзты Артур: æз æнустæм баззайдзæн æртæ хатты олимпиаг чемпионæй

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæАртур Таймазов, золото ОИ-2012 в Лондоне.
Артур Таймазов, золото ОИ-2012 в Лондоне. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртæ хатты олимпиаг чемпион Таймæзты Артур нывæнды бахъаст кæнын Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитеты уынаффæйы ныхмæ, уымæн йæ 2008-æм азы Олимпиаг хъæзтыты майдан байсыны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитет ацух кодта ирон богал Таймæзты Артуры Пекины олимпиаг хъæзтыты сыгъзæрин майданæй. Уый тыххæй информаци фæзынд æртыццæджы,

Член сборной России по греко-римской борьбе Хасан Бароев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕройты Хасанӕн байстой Олимпиадӕ – 2008 майдан
фæаххосджын кодта спортсмены допингæй спайда кæныны.

Ирон богал нывæнды комитеты уынаффæйыл бахъаст кæнын, уый тыххæй Таймæзы фырт ныффыста йæ аккаунты социалон хызæджы Facebook.

"Мæхицæн, афтæ ма мæ тыхтæ кæй уырныдтой, чи мыл мæт кодта, ме ′рвылбонон фыдæбон мын чи уыдта — уыдонæн æз æнустæм баззайдзæн æртæ хатты олимпиаг чемпионæй. Мæ бинонтæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ цардысты мæ уæлахизтæй, уый та мæнæн дæтта тыхтæ æмæ ахъаз уыд мæ дарддæры архайдæн. Ӕмæ æз æртыккаг майданмæ куы цыдтæн, уæд зыдтон æмæ æнкъардтон, мæнæн æппæт Ирыстон кæй кувы. Ӕмæ мæ адæмы æххуысы фæрцы мæнæн мæ къухты бафтыд æнтыст. Махмæ Ирыстоны хъæбысхæст уæлдай уарзтæй уарзынц æмæ йæ чи зоны, æз цы бавзæрстон майдантæм фæндагыл, уыдонæн алцыдæр у æмбæрстгонд æмæ зындгонд", — загъта уый.

Таймæзты Артур ма загъта бузныг, чи йыл мæт кодта æмæ чи нæ фесæфта ныфс йæ сыгъдæг номæй, æппæт уыцы адæмæн.

ӔОК ма ацух кодта æвзист майданæй ирон уæззау атлеткæ Цæрукъаты Светланæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0