Хуссар Ирыстон фембылд фыццаг матч ЕЧ ConIFA-йы

© Sputnik / Алексей КовалевЧемпионат по футболу "Иры сомбон"
Чемпионат по футболу Иры сомбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕндыгъд æмæ æмсæр матч ахицæн 2:1 хыгъдæй абхазаг æмбырдгонды пайдайæн, кæцы ратыдта уæлахиз уæлæмхас рæстæджы фæстаг минуттыл

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны командæ фембылд Абхазы командæйæн ConIFA версимæ гæсгæ Европæйы чемпионаты фыццаг хъазты, кæцы уагъд цæуы Кипры, хъусын кæны Sputnik Абхаз.

Чемпионат по футболу Иры сомбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
ConIFA-йы цхинвайлаг футболисттӕ сæ тыхтæ бавзардзысы абхазӕгтимæ

Матчы тæккæ райдианы хыгъд бакодта абхазаг командæйы архайæг. Хуссарирыстойнаг æмбырдгонд ын сдзуапп кодта æрмæстдæр дыккаг таймы — Абхазы къулдуæрттæм нысан æрцыд пенальти, кæцы нæ хъазджытæ æнтыстджынæй среализаци кодтой (1:1).

Уæлæмхас рæстæджы фæстаг минуттыл абхазаг æмбырдгонд бакодта йæ дыккаг гол æмæ фембæлд ахицæн 2:1 хыгъдæй.

Ӕдæппæтæй турниры архайы 8 хæдбар бæстæйы командæйы, уыдон дих ӕрцыдысты дыууæ къордыл. Хуссар Иры æмбырдгонд архайы къорд "А"-йы Абхазы командæ, фысымтæ æмæ Карпаталияимæ.

ConIFA версимӕ гӕсгӕ Европӕйы чемпионат цæудзæн 4-11 июны Цæгат Кипры.

Абхазы командæ чемпионаты архайы куыд ивгъуыд ерысты уæлахиздзау.

Хæдбар футболон ассоциациты конфедераци арæзт æрцыд 2013 азы. ConIFA мæ бацыд, FIFA-йы скондмæ чи нæ бахызт, ахæм 25 бæстæйы футболы æмбырдгæндтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0