Ирон спортсменкæ хайад райсдзæн рæттыл хъæбысхæстæй дунейы чемпионаты Казахстаны

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКазахстан, Астана.
Казахстан, Астана. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Габуты Фатимæ стох кæндзæн дунейы чемпионаты рæттыл хъæбысхæстæй

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Цæгатирыстойнаг спортсменкæ Габуты Фатимæ стох кæндзæн дунейы чемпионаты рæттыл хъæбысхæстæй Казахстаны, хъусын кæны республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министрады пресс-службæ.

"XV дунейы чемпионат рæттыл хъæбысхæстæй йæхимæ райсдзæн Казахстаны столицæ Астана. Ерыстæ ацæудзысты 21-24 июлы. Лолаты Тимуры хъомылгæнинаг Габуты Фатимæ стох кæндзæн 63 кг уæзы категорийы. Чемпионаты райсдзысты хайад 300 спортсменæй фылдæр дунейы 52 бæстæйæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Рæттыл хъæбысхæст у ацы спорты рагон хуыз, цы ран тох цæуы дыууæ астæуронджын богалты æхсæн. Ныхмæлæуды рæстæджы спортсментæ хæцынц кæрæдзи рæттыл æмæ ныхмæлæуджытæй иу тырны иннæйы абырсын æмæ рамбулын.

Дунейы чемпионаты нæлгоймæгты æхсæн тох цæудзæн уæгъдибар æмæ классикон стилы 16 уæзы категорийы майдантыл. Сылгоймæгты æхсæн та — 6 уæзы категорийы уæгъдибар стилы.

Ног хабӕртты лентӕ
0