Козаты Аслан тох кæндзæн цæцæйнаг клуб "Ахмат"-æн

© FacebookБоксер Асланбек Козаев
Боксер Асланбек Козаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сентябры Козаты Аслан хъуамæ бахъахъхъæна IBO International версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титул

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik, Козаты Диана. Боксер-профессионал Ирыстонæй Козаты Асланбег сентябры ауадздзæн титулон тох. Саратовы рингыл уый фембæлдзæн африкӕйаг спортсмен, намибиаг боксер Бетуэль Ушонимæ.

Сентябры Козаты Аслан хъуамæ бахъахъхъæна IBO International версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титул æрдæгуæззау уæзы, кæцы уый рамбылдта фарон сентябры африкӕйаг спортсмен Паул Камангаимæ ныхмæлæуды.

Боксер  Козаты  Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Аслан: ӕз сахуыр дæн зындзинæдтыл æмæ нæ агурын рог фæндæгтæ

"Тох ацæудзæн 7 сентябры саратоваг спорты галуан "Кристалл"-ы боксераг изæр "Таффайт"-ы фæлгæтты. Сæйраг дзы суыдзæн титулон тох спорты сгуыхт дæсны, AIBA PRO Boxing версимæ гæсгæ дунейы чемпион Артем Чеботаревы тох IBO International титулы сæрыл астæуккаг уæзы. Мæ суперменеджер Юрий Федоров ацы шоуйы фæлгæтты сорганизаци кодта тох мæнæн дæр", — радзырдта Sputnik Аслан.

Ацы хатт уый рацæудзæн рингмæ цæцæйнаг боксераг клуб "Ахмат"—ы минæвары хуызы, кæцыимæ Аслан æрæджы бафыста контракт. Радон турнирмæ боксер йæхи цæттæ кæндзæн Цæцæны, цы ран, йæ ныхæстæм гæсгæ, ис хорз уавæртæ.

Козаты Аслан клуб "Ахмат"-мæ кæй ахызт, уый асайдта егъау уынаффæтæ Facebook-ы ирон сегменты. Бирæтæ ацы скъуыддзаг банымадтой спортсмены гадзрахатдзинадыл, æрæджы Козаты Аслан йæ дин кæй аивта æмæ пысылмон дин кæй райста, уый зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ. Аннæтæ та йæ раст кæнынц, ома Ирыстоны цы уавæрты тренировкæ кодта, уыдонæй Цæцæны ис бирæ хуыздæр уавæртæ.

© FacebookАфиша вечера бокса в Саратове
Афиша вечера бокса в Саратове  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афиша вечера бокса в Саратове

Козаты Аслан йæхæдæг та нымайы, зæгъгæ, цæцæйнаг клубмæ кæй ахызт, уый тыххæй мæсты кæнынц спорты чи ницы æмбары, ахæм адæм.

"Нæ богалтæ æндæр клубтæн куы тох кæнынц, уый сæм ницы кæсы. Футболисттæ алыгъуызон клубтæн кæй хъазынц — уый дæр сæм ницы кæсы. Уыдон фæдыл критикæ нæма райхъуыст", — загъта спортсмен.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, клуб "Ахмат"-имæ æмгъуыдыл нырма дзырд нæ цыд, фæлæ уый дарддæр дæр хъавы ацы клубæн тох кæнын.

"Уыдонæн сæйраг уый нæу, цы ран тренировкæ кæныс, сæйраг у хи хорз равдисын", — банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Козаты Асланбеджы хыгъдыл ис 28 тохы, авд хатт йӕ ныхмӕлӕуджыты арвыста нокауты.

Ног хабӕртты лентӕ
0