Интернеты апарахат Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы цæстæнгасты дуэлы видео

© instagram/wbsuperseriesГассиев Мурат
Гассиев Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæты ныхæстæм гæсгæ, уый æппындæр нæ тыхсы Дортикосимæ тохы размæ

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik, Козаты Диана. Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналисттæ, IBF æмæ WBA дунейы чемпионтæ — ирон Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикос ауагътой традицион цæстæнгасты дуэль. Видео сæвæрдта Цæгат Ирыстоны спорты министрад йæ аккаунты Facebook.

Цæстæнгасты дуэлы церемони ацыд финалон пресс-конференцийы рæстæджы Сочийы. Дыууæ спортсмены фембæлдзысты рингыл сабаты, 3 февралы.

"Ӕз никæмæн ницы хъавын бæлвырд кæнын ацы тохы. Куыд мæ ныхмæлæууæг, афтæ æз дæр сараздзæн æппæт дæр уæлахизы тыххæй. Нæ дыууæйæн дæр ис шанс ныхмæлæуд нокаутæй ахицæн кæнын. Уым та йæ хъул сах кæмæн абада", — загъта Мурæт пресс-конференцийы рæстæджы.

Уый банысан кодта, дыууæ боксеры дæр сæхи кæй цæттæ кодтой ацы тохмæ, ныр та хъæуы рацæуын æмæ рамбулын.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ фендзысты Гасситы Мурæты тох

"Мæ разы дæр уыдзæн ахæм адæймаг – дыууæ къах, дыууæ къухимæ. Бокс у æцæг нæлгоймæгты спорт, тæппудтæн ам бынат нæй. Уæд хуыздæр уыдзæн кафын, науæд та шашкæтæй хъазын. Кæд фæхæрд уон, уæд нымайдзæн, Хуыцау афтæ кæй аскъуыддзаг кодта. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Дортикос дæр ницæуыл тыхсы. Мах æнхъæлмæ кæсæм уыцы бонмæ, кæд рахиздзыстæм рингмæ æмæ æппæт тыхтæй кæд райдайдзыстæм кæрæдзи дæрæн кæнын", — бафтыдта чемпион.

Тохы ныхмæлæууæг рахиздзæн боксерон суперсерийы финалмæ, цы ран фембæлдзæн украинæйаг Александр Усикимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0