Гасситы Мурæт нымад æрцыд иууыл хуыздæр боксерыл

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Мурæт нымад æрцыд иууыл хуыздæр боксерыл
Гасситы Мурæт нымад æрцыд иууыл хуыздæр боксерыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæт райста дыууæ престижон хорзæхы "Афæдзы боксер" æмæ "Хуыздæр нокаут"-ы номинациты

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Мæскуыйы, хиирхæфсæн комплексы Golden Palace ацыд Националон преми "Боксы стъалы"-йы хорзæхтæ раттыны фæндзæм официалон церемони, хъусын кæны Alboxing.ru.

Ирон боксер Гасситы Мурæт фæуæлахиз æмрæстæджы дыууæ номинацийы. Мурæт нымад æрцыд 2017 азы Уæрæсейы иууыл хуыздæр боксерыл. Уымæй дарддæр ма ирыстойнаг чемпион райста сæрмагонд приз "2017 азы хуыздæр нокаут" номинацийы.

Сæрмагондæй, хуыздæрыл нымад æрцыд Гасситы Мурæты нокаут польшæйаг Кшиштоф Влодарчикимæ тохы Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы фæлгæтты.

© AP Photo / Julio CortezГасситы Мурæт
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт

"Дунейы чемпион схъомыл кæныны тыххæй" сæрмагонд диплом æмæ призæй рахицæнгонд æрцыд Гасситы Мурæты тренер, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталий.

Гасситы Мурæт æрæджы бафидар кодта йæ бæрзонд статус: 3 февралы, Сочийы, Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналон тохы уый 12 раунды арвыста нокауты WBA версимæ гæсгæ дунейы чемпион — кубæйаг Юниер Дортикосы.

© Россия-АланияГасситы Мурæт нымад æрцыд иууыл хуыздæр боксерыл
МУРАТ ГАССИЕВ - ЛУЧШИЙ БОКСЕР И ЛУЧШИЙ НОКАУТЕР РОССИИ 2017 ГОДА - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт нымад æрцыд иууыл хуыздæр боксерыл
Ног хабӕртты лентӕ
0