Тугъанты Владимир ссис 2017 азы иууыл хуыздæр спортсмен

Рафыссын
Тугъанты Владимир у зындгонд æмæ популярон гоймаг бæхты спорты дунейы, уый у иунæг уæрæсейаг спортсмен, кæцы ис ис FEI-ы рейтингы Топ-100-йы

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Тугъанты Владимир ссис "Хуыздæр спортсмен-2017" категори "конкур"-ы, хъусын кæны Уæрæсейы Бæхты спорты федерацийы.

Тугъанты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дунейы кубокы этап конкурæй: Тугъанты Владимир хъахъхъæны УФ кад

Отель "Метрополь"-ы ацыд преми FKSR Awards-2018-ы премитæ раттыны цытджын церемони. Хорзæхтæ лæвæрд цыдысты бæхты спорты спортсментæ æмæ архайджытæн, кæцытæ равдыстой сæхи иууыл ирддæрæй 2017 азы.

"Иууыл хуыздæр спортсмен-2017" категори "конкур"-ы ссис Тугъанты Владимир. Хорзæхтæ ма æндæр категориты райстой Инесса Меркулова æмæ Александр Марков", — дзырдæуы хъусинаджы.

Спортсментæ хорзæхтæ райстой УБСФ-йы президент Марина Сечина æмæ FEI-ы президент Ингмар де Восы къухтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0